Беслæн
Сахар
|
Беслæн у сахар Цæгат Ирыстоны, Рахизфарсы районы административон центр. Беслæн у республикæйы ахсджиаг транспортон æмæ индустрион центр.
[ивын] Истори
Беслæн бындурæвæрд æрцыдис 1847 азы. Йæ бындурæвæрæг у Алыккаты Беслæн, Дæллаг Хъобанæй ралидзæг. Раздæр ацы бынаты уыдис хъæд, йæ астæу та — обау, ныр æй хонынц Беслæны обау.
Алыккаты Беслæны фæдыл ардæм æрбалыгъдысты: Есенатæ, Тылаттатæ, Хъаныхъуатæ. Уыдоны фæстæ ам æрцардысты Магкотæ, Хъамбегатæ, Бæтæгатæ æмæ æнд., кæцытæ ралыгъдысты Дæргъæвсы комæй. Хъæуы фыццаг ном уыд Алыккатыхъæу, йæ бындурæвæрæджы мыггагмæ гæсгæ. Фæстæдæр хуындис Тулатово, æлдар Тылаттаты Беслæны номæй. 1950 азы уый сси сахар, йæ ном Беслæн, афтæмæй.
2004-æм азы 1 сентябры террористтæ тыхæй байстой Беслæны 1-æм скъола, 1 128 адæймаджы (сывæлæттæ, ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытæ) террористты амынæттæ фесты. 3 сентябры адæм уæгъдгонд æрцыдысты, фæлæ уыдонæй 334 фæмардысты[1]. Беслæнæн цы цæф уыдис уыцы теракт, уый бамбарынæн фаг у зæгъын, æппæт Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Беслæнæй рацæуæджытæй 357 лæджы кæй амардысты, уый.
[ивын] Транспорт
Беслæн у Цæгат Ирыстоны ахсджиаг транспортон æлхынцъ. Сахары цур ис аэропорт «Дзæуджыхъæу».
[ивын] Фиппаинæгтæ
- ↑ Ход расследования теракта в Беслане в сентябре 2004 года. Справка Бæрæггонд æрцыд 2010 азы 13 октябры.
| Цæгат Ирыстоны сахартæ | ||
| Сæйраг сахар: Дзæуджыхъæу |