Хуссар Америкæ
Хуссар Америкæ | |
---|---|
Территори | 17 840 000 км² |
Цæрджытæ | 438 039 139 (2021) ад. |
Æнгомад | 21,4 ад./км² |
Йæ дæлхæйттæ | 13 бæстæйы |
Дæлбар бæстæтæ | 3 бæстæйы |
Æвзæгтæ | португайлаг, испайнаг, англисаг, нидерландаг, индейаг æвзæгтæ |
Сахатон тæгтæ | UTC-2 — UTC-5 |
Стырдæр сахартæ | Сан-Паулу (11,1 млн)
Лимæ (9,6 млн)
|
Викикъæбицы медиа |
Хуссар Америкæ у Зæххы континенттæй иу, Панамæйы зæхкъубалæй баст у Цæгат Америкæимæ. Йæ фæзуат у 17,84 млн км2, цæрджыты нымæц — 438 милуанæй фылдæр. Континенты скæсæн фарс у Атлантикон фурд, йæ ныгуылæн фарс та — Сабыр фурд. Йæ былгæрæттæ сты лæгъз, æрмæст континентæн йæ хуссары сты бирæ бакалæнтæ æмæ сакъадæхтæ.
Хуссар Америкæйы цæрынц алы расæты минæвæрттæ. Сæ фылдæр дзурынц испайнагау кæнæ португайлагау (уый тыххæй регион схуындæуыд Латинаг Америкæ), фæлæ ма уым пайдагонд цæуынц бынæттон æвзæгтæ дæр (æппæты фылдæр — кечуаг).
Политикон дих
[ивын | Бындур ивын]1530-æм азæй фæстæ бынæттон цæрджытæ систы испайнаг æмæ португайлаг тыхæйисджыты дæлбар. Европæйæ чи ’рбацыдис, уыдон радих кодтой сæхицæн колонитæ Хуссар Америкæйы территорийæ. XIX æнусы дæргъы уыцы колонитæй фылдæр хай систы хæдбар паддзахæдтæ.
Хуссар Америкæйы паддзахæдтæй, куыд йæ фæзуатæй афтæ йæ цæрджыты нымæцæй дæр, уыдонæй стырдæр у Бразили.
Бæстæйы ном | Фæзуат (км²) | Цæрджытæ (2002) |
Цæрджыты æнгомад (иу кв. километрæн) |
---|---|---|---|
Аргентинæ | 2 766 890 | 37 812 817 | 14 |
Боливи | 1 098 580 | 8 445 134 | 7,7 |
Бразили | 8 511 965 | 176 029 560 | 21 |
Венесуэлæ | 912 050 | 24 287 670 | 27 |
Гайанæ | 214 970 | 698 209 | 3,2 |
Колумби | 1 138 910 | 41 008 227 | 36 |
Парагвай | 406 750 | 5 884 491 | 14 |
Перу | 1 285 220 | 27 949 639 | 22 |
Суринам | 163 270 | 436 494 | 2,7 |
Уругвай | 176 220 | 3 386 575 | 19 |
Фолкленды сакъадæхтæ (Стыр Британи) | 12 173 | 2967 | 0,24 |
Францы Гвианæ (Франц) | 91 000 | 182 333 | 2,0 |
Чили | 756 950 | 15 498 930 | 20 |
Эквадор | 283 560 | 13 447 494 | 47 |