Рио-де-Жанейро
Сахар
|
Штаты тыххæй кæс Рио-де-Жанейро (штат).
Рио-де-Жанейро (порт. Rio de Janeiro, [ˈʁiu dʒi ʒaˈneiɾu] «январы цæугæдон») у Бразилийы сахар, йæ раздæры сæйраг сахар (1764-1960), Бразили æмæ Хуссар Америкæйы дыккаг стырдæр сахар æмæ сахарон агломераци (Сан-Паулуйы фæстæ).
Рио-де-Жанейро зындгонд у йæ карнавалæй æмæ туристон былгæрæттæй (Ипанемæ æмæ Копакабанæ). Æндæр зындгонд фенддæгтæ сты Чырыстийы егъау статуй Корковадойы хохыл, Мараканæйы стадион æмæ æндæртæ.
Кæд Рио-де-Жанейро рагæй бирæ туристтæ йæхимæ сайы, уæддæр у Бразилийы проблемæджындæр сахартæй иу. Иннæ проблемæты ’хсæн ис уæззау фыдракæндты бæрц æмæ мæгуыр кварталтæ («фавелæтæ»). Уыцы æууæлты бынæттон полицæ дæр архайы æнæхатырæй[1], æрмæст 2007-æм азы дæргъы æппæт штаты полицæйы кусджытæ рамардтой 1330 адæймаджы[2], 2006-æм азы та — 1063. Уыцы нымæц комментатортæ абарынц АИШ-ы статистикæимæ — 2006-æм азы æппæт уыцы паддзахады полицæйы кусджытæ амардтой 347 адæймаджы[3][4]. Рио-де-Жанейройы рæстæмбис полицæйы кусæгæн йæ афæдзы мызд у R$10,488 (6000 америкаг доллары бæрц)[5].
