Суринам
Внешний вид
| Суринамы Республикæ | |||||
|---|---|---|---|---|---|
| нидерл. Republiek Suriname сранан-тонго Ripoliku Sranan | |||||
| |||||
| Девиз: «Justitia — Pietas — Fides» | |||||
| Гимн: «Opo kondreman» | |||||
|
|
|||||
| Официалон æвзаг | нидерландаг | ||||
| Сæйраг сахар | Парамарибо | ||||
| Стырдæр сахартæ | Парамарибо | ||||
| Хицауиуæджы хуыз | Демократи | ||||
| Территори | |||||
| • Æдæппæт | 163 270 км² | ||||
| • Доны уæлцъары % | 1,1 | ||||
| Цæрджытæ | |||||
| • Бахыгъд | 472 000[1] ад. | ||||
| • Æнгомад | 3 ад./км² | ||||
| ÆМП | |||||
| • Æдæппæт (2004) | 2,7 млрд. долл. | ||||
| Валютæ | Суринамы доллар (SRD) | ||||
| Интернет-домен | .sr | ||||
| Код ISO | SR | ||||
| ÆОК-ы код | SUR | ||||
| Телефонон код | +597 | ||||
| Сахатон таг | -3 | ||||
Сурина́м (нидерл. Suriname [ˌsyːriˈnaːmə], сранан-тонго Sranan), официалон ном у Суринамы Республикæ (нидерл. Republiek Suriname, сранан-тонго Ripoliku Sranan) у паддзахад Хуссар Америкæйы. Цæрынц дзы 472 мин адæймаджы бæрц.
Суринамæн ис арæнтæ Гайанæимæ ныгуылæны, Францы Гвианæимæ скæсæны æмæ Бразилиимæ хуссары. Цæгаты та — Атлантикон фурды былгæрон.
Суринам у Хуссар Америкæйы тæккæ чысылдæр паддзахад. Цæрджыты фылдæр хай цæрынц фурдмæ хæстæг, егъау фæзуат хуссары у æдзæрг хъæдтæ æмæ саваннæ.
Суринам экватормæ хæстæг у, æмæ уый тыххæй дзы ис тропикон бæстыхъæд. Уæлдæфы температурæ бонæй-бонмæ, сезонæй-сезонмæ, зæгъæн ис, æмæ нæ ивы. Афæдзы дæргъы ис дыууæ къæвдаджын сезоны: декабрæй февралмæ æмæ апрелæй августы астæумæ.

Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Suriname estimate UN Population Division.