Францы Гвианæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Гвианæ
Guyane
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Æвзаг Францаг
Сæйраг сахар Кайеннæ
Стырдæр сахартæ Кайеннæ
Хицауиуæджы хуыз Францы фæсденджызон регион
Президент Антуан Карам
Фæзуат 83 534 км²
Цæрджытæ
• Бахыгъд (2009)
Æнгомад

220 000 ад.
2,6 ад./км²
Валютæ Евро
Интернет-домен .gf
Телефонон код +594
Сахатон таг -3

Гвианæ (фр. Guyane; арæх Францы Гвианæ дæр) у Францы стырдæр фæсденджызон регион, æрбынат кодта Хуссар Америкæйы цæгат-скæсæны.

Регионы официалон ном у Гвианæ, бæлвырддæргæнæн дзырд «Францы» кæнæ «Францаг» баззадис, Хуссар Америкæйы ма дыууæ æндæр Гвианæйы куы уыдис (Бритайнаг Гвианæ — ныры Гайанæ, æмæ Нидерландаг Гвианæ — ныры Суринам), уыцы рæстæгæй.

Францы Гвианæ экватормæ хæстæг у, æмæ уый тыххæй дзы æнцондæр у космосмæ спутниктæ арвитын. Франц сарæзта Гвианæйы космодром Куру, уыцы космодромæй Уæрæсе дæр пайда кæны 2011-æм азæй райдайгæ[1].

Кайеннæйы рагон бæстыхæйттæй иу

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]