Перейти к содержанию

Мæсыг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Мæсгуытæ-æй æрвыст)
Цымытийы мæсгуытæ, Куырттаты ком

Ирон мæсыг (бирæон нымæц: мæсгуытæ) — дурамад цалдæруæладзыгон иргъæвон агъуыст. Йæ бындур у квадрат æнгæсæн.

Фыццаг уæладзыг арæх у дурæйдзаг, цæмæй мæсыг фидардæр лæууа æмæ йæ бын скъахыны фадат нæ уа, уый тыххæй. Дыккаг уæладзыджы арæзт вæййы мæсыгмæ бахизæн. Мæсыджы сæр тъæпъæн, æмæ дурæй æмбонд (арæх дæндагимæ йæ алы тигъыл). Тъæпæн цар уыди пайда уымæй, æмæ ууыл лæугæйæ, алырдæм фæлгæсыны фадат лæвæрдта. Ирыстоны ис фенæн ацы классикон типæй уæлдай ма æндæртæ.

Фылдæр мæсгуытæн уыдис хъахъхъæнæн нысантæ. Амад-иу æрцыдсты, стратегион вазыгджын бынæттыл æмæ афтæ, цæмæй дзы æндæр дыууæ мæсыджы зына. Знаджы бабырст фенгæйæ, ахæм мæсыгæй лæвæрдтой сигнал артæй кæнæ фæздæгæй иннæ мæсгуытæм, кæцытæ йæ æрвыстой дарддæр.

Ирыстоны иргъæвон агъуыстыты æндæр хуызтæ: фидар, гæнах (чъырын), иргъæвон сис.

Мæсыг Урсдоны раз

Топоними

[ивын | Бындур ивын]

Урстуалты ис хъæу Саумæсыг; ТырсыгомыБурмæсыг; Джинаты комыМæсыгджын; ЗахъхъайыХусмæсыг; КъуыдаргомыМæсыгуат æмæ Стырмæсыг.

Хуссар Ирыстоны мæсгуытæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Абаты мæсыг — Фæзы Дзомагъ
  2. Габайты мæсыг — Габатæ
  3. Хъониаты мæсыг — Дзуарыбын
  4. Плиты мæсыг — Есетыхъæу æмæ Дзуарыбыны астæу
  5. Томайты мæсгуытæ — Рукъ
  6. Саулохты мæсгуытæ — Дзуарыбыны уæлхъус
  7. Дзаттиаты мæсыг — Дзаттиатыхъæу
  8. Приаты мæсыг — Приаты уæлхъус
  9. (Абайты) Асламырзæты мæсыг — Æхсæйнаг Сыба
  10. Балæты мæсыг — Æхсæйнаг Сыба
  11. Абайты мæсгуытæ — Хъугом
  12. Боботы фидар — Челиатгом
  13. Айтегты мæсыг — Дзукъатыхъæу
  14. Дзукъаты мæсыг — Бызырат, Челиатгом
  15. Рæмонаты фидар — Брытъат
  16. Додоты мæсыг — Фæзы Брытъат
  17. Кобеты мæсыг — Едыс
  18. Уарихъанты мæсыг — Къабузтæ
  19. Галуаты мæсгуытæ — Гæлуатæ
  20. Зылды мæсыгХодз æмæ Гæлуаты астæу
  21. Гоготы мæсыг — Ходз
  22. Фæрниаты мæсыг — Астæуккаг Ерман
  23. Хабозты мæсыг — Астæуккаг Ерман
  24. Къуыбылæйтты мæсыг — Уæллаг Ерман
  25. Джеллыты мæсгуытæ — Уæллаг Ерман
  26. Хъороты мæсыг — Уæллаг Ерман

Ирыстоны мæсгуытæ

[ивын | Бындур ивын]

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]