Хъараонтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Хъараонтæ (уырыс. Караоновы) сты дыгурон мыггаг.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Раджы, дам, Уæлладжыры комы Зæрæмæджы цæрæг Гасийы фырт Гасан кæйдæр амардта æмæ фæлыгъд Зджыды хъæумæ. Уым æрхаста Хъараты чызджы, фæлæ куы фехъуыста туджджынтæ йæ агурынц, уæд алыгъд Дыгургоммæ, æрцард Уæхъæцы. Райгуырд сын фырт Хъасай. Гасан амард, лæппуйы хаста йæ мад Хъараон. Адæм сын сæ рагон мыггаг ферох кодтой æмæ сæм дзырдтой мады мыггагæй, афтæмæй баззадысты Хъараонтæй.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 175.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 136.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 176–177.