Перейти к содержанию

Æрæф

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Ирæфи дон-æй æрвыст)
Æрæф
Ирæф
Характеристикæ
Дæргъ 104 км
Бассейны фæзуат 1280 км²
Бассейн Къаспы денджыз
Цæугæдæтты бассейн Терк
Доны хардз 40 м³/с
Цæугæдоны цыд
Гуырæн Дыгургом
Донæфтæн Терк
Ран
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Регион Цæгат Ирыстон, Кæсæг-Балхъар
Æрæф (Цæгат Ирыстон)
гуырæн
донæфтæн

ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Æрæф, дигоронау Ирæф æй Цæгат Иристони ахсгиагдæр цæугæдæнттæй еу.

Аци дон ма Урух дæр хонунцæ.

Ирæфи дони æвзурæг æй Хæреси цъæх-цъæхид цъететæ, Сугъан æма Лæбодай цъоппитæ. Цæугæдони дæргъцæ æй 104 километри. Ирæф Терки дони хæццæ баеу уй Александровский станици цори (Кæсæг-Балхъари Республикæ).

Ирæф медкоми æ райдайæнæй Мæцути фæзи уæнгæ цæуй Москъабæл цæгат-хорискæсæн æрдæмæ. Хонхи цæугæй дони къæдзæхгун билгæрæнтти æрфæ рауæнæй-рауæнти хезуй 50-80 метри уæнгæ, Æхсинтти коми ба — 90-100 метри. Аци рауæн Ирæф хуæнхтæй рахезгæй, Иристони иннæ цæугæдæнтти хузæн нæ ниххæлеутæ уй хецæн листæг къанæуттæбæл, фал ма берæ дæсгай километртæ цæуй унгæг æма бæрзонд «къæдзæхгун» ауæдзæбæл, сауæнгæ Секер æма Дзæгъебпарзи гъæути уæнгæ. Ами ба фæндон, парахат райвазуй æ реугудур, ниффæтæнтæ уй, æ цуд ба - фæссабурдæр уй.

Ирæфбæл æфтуйуй цалдæр цæугæдони: рахез фарсæй — хонсарæй цæгатæрдæмæ — Тæни дон, Къæрæугоми дон æма Айгомуги дон; галеу фарсæй рæсог Билæги дон, Наргъи дон, Сæхоли дон, уæдта Хæзнидон. Аци цæугæдæнттæй Хæзнидон æй тæккæ даргъдæр æма тæккæ фулдæр донхæссæг, Хæзнидон Ирæфæн æхецæй дæр берæ минкъийдæр нæ ’й.

Ирæф, иннæ хуæнхаг цæугæдæнттау, сæрди ивулд фæууй, зумæги ба — æруæлбун уй. Сæрдигон еу сикъундмæ дæттуй дони 300 м3, зумæг ба — æдеугурæй 2 м3. Тæккæ ивулддæр фæууй июли мæйи кæрони æма августи мæйи райдайæни.