Фыдыбæстæйы Стыр хæст
Фыдыбæстæйы Стыр хæст[1] (хуссары арæхдæр Стыр Фыдыбæстæйон хæст; уырыс. Великая Отечественная война) у Советон Цæдис æмæ фашистон Германы ’хсæн æвирхъау хæст (1941—1945).
Советон авиацийы сгуыхтдзинад
[ивын | Бындур ивын]Хъайтардзинады цæвиттон æвдыстой советон хæдтæхæгскъæрджытæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы.
Тæхæг Талалихин В. Мæскуыйы арв куы хъахъхъæдта, уæд æхсæвыгон йæ хæдтæхæгæй комкоммæ фæцæф кодта фашистон бомбæзгъалæджы. Советон Цæдисы Хъайтар Ковзан Б. хæсты рæстæджы ахæм цæфтæ 4 хатты фæкодта фашистты.
Капитан Гастелло Н. Ф. эскадриль райста бардзырд знаджы аэродромыл бомбæтæ æркалыны тыххæй. Уыцы рæстæджы Гастеллойы хæдтæхæгмæ бахауд знаджы сармадзаны нæмыг. Хæдтæхæг ссыгъд. Хъуыд парашюттыл рагæпп кæнын. Фæлæ бынæй уыд знаджы территори æмæ сын тæссаг уыд уацары акæнынæй. Хуыздæрæн равзæрстой мæлæт. Гастелло йæ судзгæ хæдтæхæг сарæзта, знаджы машинæтæ æмæ бензины цистернæтæ цыран уыдысты, уырдæм.
Хæсты дæргъы Советон Цæдисы Хъайтары нæмтты аккаг систы 2000 хæдтæхæгскъæрæгæй фылдæр æмæ 65 хæдтæхæгскъæрæгæн та уыцы ном радтой дыккаг хатт. Дыууæйæн та сæ риутæй æрттивынц Хъайтары фæйнæ æртæ Сыгъзæрин Стъалыйы. Уыцы нæмттæ зындгонд сты æнæхъæн дунейæн — Покрышкин А. И. æмæ Кожедуб И.Н.
Хæсты дыккаг бон Александр Покрышкин дæрæн райдыдта знаджы хæдтæхджыты. Хæсты азты уый акодта 550 хæстон атахты, уыдонæй 137 уыдысты уæлдæфон тохтæ æмæ æрæппæрста знаджы 59 хæдтæхæджы.
Кожедуб Иван хæсты размæ æнтысгæйæ каст фæци аэроклуб æмæ йæ уым ныууагътой инструкторæй, куыд хуыздæр хæдтæхæгскъæрæг, афтæ. Уый фронтæн цæттæ кодта хæдтæхæгскъæрджыты. Æрмæст 1943 азы уымæн бантыст фронтмæ бахауын. Дыууæ азы мидæг уый æрæппæрста знаджы 62 хæдтæхæджы. Акодта 330 хæстон атахты, хайад райста 120 уæлдæфон тохы.
Хъæбатыр скъæрджытæ куынæг кодтой знаджы фронтты æмæ хъазуатон фæллойгæнджытæ фæсчъылдым арæзтой хæдтæхджытæ. Алы советон хæстон хæдтæхæг дæр йæ хайбавæрд хаста знагыл фæуæлахизы хъуыддагмæ. Авиацион сæудæджерад фронтæн радта 100 мин хæстон хæдтæхæгæй фылдæр: куынæггæнджытæ Яковлев æмæ Лавочкины, штурмгæнæг Ильюшины, бомбæкалджытæ Петляков, Ильюшин, Туполевы.
Фыдыбæстæйон хæсты фронтты тынг пайда кодтой не штурмгæнæг Ил-2. Фашисттæ йæ хуыдтой «Сау мæлæт».
Яковлев А. С. конструкторон бюройы хæдтæхджытæ Як-1, Як-3, Як-7, Як-9 уыдысты нæ авиацийы бындурон парк. Як-3 уыди иууыл рогдæр куынæггæнæг хæдтæхæг фыдыбæстæйон хæсты.
1942 азы сæрды фронты фæзынд ног куынæггæнæг - Лавочкины конструкци Ла-5. Сталинграды цур тохты куынæггæнæг полктæ Ла-5 хæдтæхджытæн уыд стыр æнтыстытæ. Уыцы хæдтæхæгыл Курскы къæлæтауы тохты фесгуыхт Кожедуб И. 62 фашистон хæдтæхæджы иууылдæр æрæппæрста йæ сармадзан «Лавочкин»-æй.
Советон авиаци стыр бавæрд бахаста знагыл тагъддæр фæуæлахизы хъуыддагмæ.
Ирæттæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты
[ивын | Бындур ивын]Ирæттæ хъæбатырæй сæхи равдыстой хæсты рæстæг...
Советон Цæдисы хъæбатыртæ
[ивын | Бындур ивын]- Æбаты Æхсарбег — рæнхъон
- Æхсараты Энвер — майор
- Бзарты Гиуæрги — дæлбулкъон
- Билаонты Павел — инæлар-лейтенант
- Бицаты Сергей — майор
- Бутаты Гиуæрги — хистæр лейтенант
- Гагкайты Алихан — лейтенант
- Гæджиты Алыксандр — гвардийы дæлбулкъон
- Дзусты Ибрагим — авиацийы инæлар-майор
- Дойаты Дауыт — старшина
- Калоты Александр — рæнхъон
- Калоты Гиуæрги — булкъон
- Карсанты Хъазыбег — инæлар-майор
- Кобылты Сергей — булкъон
- Козаты Александр — булкъон
- Коцты Къоста — æртыккаг къæпхæны капитан
- Кцойты Пётр — гвардийы булкъон
- Къозонты Сардион — старшина
- Мамсыраты Хадзы-Умар — инæлар-булкъон
- Махъоты Алихан — дæлбулкъон
- Милдзыхты Хадзымырзæ — сержант
- Моргуаты Бек — старшина
- Остъаты Алексей — капитан
- Плиты Иссæ — армийы инæлар
- Сабанты Григорий — старшина
- Тогуызты Хъауырбег — хистæр сержант
- Хетæгкаты Габо (Георгий) — армийы инæлар
- Ходты Константин — гвардийы хистæр сержант
- Хъыбызты Александр— хистæр сержант
- Хъараты Александр — булкъон
- Хъесаты Астан — фыццаг къæпхæны капитан
- Цоколаты Геннадий — дæлбулкъон
- Цоциты Уасил — майор
- Цыхуырбаты Иван — кæстæр лейтенант
Æндæр хæстонтæ
[ивын | Бындур ивын]- Гæгкуыты Ерыстау, Ставд Дуртæй
- Тедеты Тони, Цъорбисæй
- Хостыхъоты Солтан, Хъæдгæронæй
- Хъулаты Хъылцыхъо, Хæтæлдонæй
æмæ мингай æндæртæ.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Абайты С., Хуытъинаты Д. Историон æмæ политикон терминты дзырдуат. Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад. — Дзæуджыхъæу, 1950