Перейти к содержанию

Кырджали

41°38′41″ с. ш. 25°22′30″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сахар
Кырджали
болг. Кърджали
Тырыса Герб
Тырыса Герб
41°38′41″ с. ш. 25°22′30″ в. д.HGЯO
Паддзахад Болгари Болгари
Облæст Кырджалийы облæст
Истори æмæ географи
Фæзуат
  • 30,759 км²
Сахатон таг UTC+2:00, сæрды UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Дин пысылмæттæ æмæ чырыстæттæ
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +359 361
Посты индекс 6600
kardjali.bg/en/index.php
Кырджали (Болгари)
Кырджали (Кырджалийы облæст)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Кы́рджали (болг. Кърджали, тур. Kırcaali, гр. Κάρντζαλι) у сахар Болгарийы хуссары, Кырджалийы облæсты сæйраг сахар. Цæрынц дзы 63 мин адæймагæй фылдæр (2004), уыдонæй 62% сты болгайраг туркæгтæ.

Кырджалийы сахарæй Пловдивы аэропортмæ фæндаг у 100 км даргъ; хæстæгдæр порт, Бургасмæ, — 255 км; Грекъимæ арæныл ног арæнгæсты пост Маказæмæ ис 54 км (ууыл цæуы Æппæтевропæйаг транспорты коридор №9). Сахар лæууы цæугæдон Ардæйыл.

Кырджали у Дзæуджыхъæуы æфсымæрон сахартæй иу, фæлæ йæ официалон сайты уый тыххæй ницы фыст ис[2]. Дзæуджыхъæуы Кырджалийы уынг уыцы сахары номыл хуыйны. Республикæ Цæгат Ирыстоны хицауад æмæ парламенты агъуысты фæстейæ, Георгийы Димитровы кадæн цы цырт уыдис (2010-æм азы æндæр ранмæ йæ рахастой), уый у сахар Кырджалийы кæддæры лæвар.

Сахары кмет (ома, хицау) ныртæккæ у Хасан Азис (2003-æм азæй ныры онг), йæ адæмыхаттмæ гæсгæ туркаг.

Кырджалийы алфамбылай зæххытæ уыдысты автономон Скæсæн Румелийы сконды, цалынмæ 1886-æм азы нæ бацыдысты Османты империйы сæйраг зæххытæм Топханейы бадзырдмæ гæсгæ. Фæстæдæр хæдбар Болгарийы паддзахад уыцы зæххытæ фæстæмæ райста XX æнусы райдиан Балканы хæстыты фæстиуæгæн. Кырджалийы тох æрцыдис 1912-æм азы октябры.

Цы Хасковойы бал сахар байстой, уыцы балы æфсæддонтæ мысынæн Кырджалийы ис цырт «Сæрибаргæнджытæ». 21 октябры бæрæг кæнынц куыд сахары бæрæгбон.

Фенддæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
Къостайы бюст Кырджалийы. Болгарийы фæз, Культурæйы хæдзары раз
Зымæгон Кырджали

Сахары алфамбылай цалдæр рагон фидары ис.

Цæугæдон Ардæйыл, йæ бæрзæнд 103,5 метры кæмæн у, ахæм уникалон донмарæн лæууы, сарæзтой йæ 1957-1963 азты. Донмарæны цур кусы гидроэлектростанцæ, йæ 4 турбинæйы дæттынц 160 ГВт•ч электрон тых æрвылаз. Кырджалийæгты зæрдæмæ цæуы донмарæныл тезгъо кæнын — кæд хъахъхъæд территори у æмæ дзы къамисæн нæй, бацæуыны бар дзы алкæмæ дæр ис.

Æрæджы сахары ногæй скуыста, социализмы дуджы кæй сарæзтой, уыцы сывæллæтты æфсæнвæндаг[3]. Æфсæнвæндаджы дæргъ у 1 210 метры, уый скуыста фыццаг хатт 1962-æм азы æмæ уыдис Болгарийы фыццаг ахæм æфсæнвæндаг.

Кырджалийы культурæйы хæдзары раз лæууы Хетæгкаты Къостайы бюст, Дзæуджыхъæу æмæ Кырджали æфсымæрон сахартæ куы уыдысты, уæдæй.

Сахары администраци ног проекттыл зилы. 2010-æм азы мартъийы райдыдта стыр паркон зонæ «Арпезос» аразыныл куыст. Ног парк куы цæттæ уыдзæнис, уæд алы кырджалийагыл дæр хаудзæн цъæх садзынты 23 м2.

Экономикæ

[ивын | Бындур ивын]

Кырджали у хуызджын згъæркуыст æмæ тамакойы ракуысты традицион центр. Уыцы къабæзты куыстуæттæ ныр дæр кусынц, æрбацæуынц ног инвестицитæ. Уыдон йеддæмæ ис дзы рог индустрийы куыстуæттæ.

Кырджалимæ æрбацæуынц сæдæгай туристтæ, сахары мидæг æмæ йæ алфамбылай цы фенддæгтæ ис, уыдон фенынмæ.

Æфсымæрон сахартæ

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]