Азис, Хасан
Перейти к навигации
Перейти к поиску
Хасан Азис Исмаил (райгуырд 1969-æм азы 16 апрелы Кырджалийы сахары) у Болгарийы сахар Кырджалийы кмет (администрацийы сæргълæууæг).
Сывæллон куы уыди, царди Мосты хъæуы, Кырджалийы облæсты, туркаг бинонты ’хсæн. Каст фæци архитектурон университет Софияйы, райста дзы арæзтадон инженеры дæсныйад.
2003-æм азæй фæстæмæ у Кырджалийы кмет. 2009-æм азы ноябрæй у туркаг адæмы политикон парти ДПС-ы Кырджалийы хайады разамонæг дæр[1].
Ис ын бинонтæ, хъомыл кæны иу чызг.
Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]
- Хасан Азисы официалон сайт (болг.)