Перейти к содержанию

Силистрæ

44°07′ с. ш. 27°16′ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сахар
Силистрæ
болг. Силистра
Тырыса Герб
Тырыса Герб
44°07′ с. ш. 27°16′ в. д.HGЯO
Паддзахад Болгари Болгари
Облæст Силистрæйы облæст
Хъæубæстæ Силистрæ
Истори æмæ географи
Раздæры нæмттæ Дуросторум, Дырыстыр
Фæзуат
  • 27,159 км²
Сахатон таг UTC+2:00, сæрды UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +359 86
Посты индекстæ 7500
Автомобилон код СС
silistra.bg
Силистрæ (Болгари)
Силистрæ (Силистрæйы облæст)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Сили́стрæ (болг. Силистра), историон нæмттæ сты: Доросто́л, Дристр (болг. Дръстър [ˈdrəstər]), Дуростор (лат. Durostorum) у цæугæдоны порт Болгарийы цæгат-хурыскæсæны, Дунайы былгæрон. Силистрæйы цур аразын байдыдтой Дунайы сæрты ног хид Румынимæ (уый уыдзæн æртыккаг хид Болгари æмæ Румынийы ’хсæн, уый тыххæй хуыйны Дунайы хид III, болг. Дунав Мост III).

Силистрæйы бынаты лæууыд рагон ромаг сахар Дуросторум (бындурæвæрд 29-æм азы), Мёзийы провинцийы сæйраг сахар.

X æнусы уыцы сахар уыд уырыссаг историйы ахсджиаг цауты бынат дæр. 969-æм азы Дрыстыр (Сислистрæйы уæды ном) байстой Киевы кънйаз Святославы ’фсад. Фæстæдæр, 972-æм азы, Святослав Силистрæйы хæцыдис византиаг императоры ныхмæ.

XIX æнусы та, 1854-æм азы, уæрæсейаг æфсæдтæ, сæ сæргъы фельдмаршал Паскевич-Ереванский, афтæмæй æрхъула кодтой Силистрæйы фидар. Уыцы ’фсады уыд уырыссаг фыссæг Лев Толстой.

1913-æм азы, Дыккаг Балкайнаг хæсты фæстиуæгæн, Силистрæ бацыдис Румынийы скондмæ. Æрмæст 1940-æм азы Болгарийæн бантыст сахар æмæ йæ алфамбылай зæххытæ фæстæмæ йæхицæн райсын.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]