Къона (къорд)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Къона
Жанртæ адæмон музыкæ
Азтæ 2010 —
Бæстæ Уæрæсе Уæрæсе
Æвзаг ирон æвзаг

«Къона» (йæ ном официалонæй фыст цæуы фыццаг ирон дамгъуаты графемæтæй — Ӄона) у ирон адæмы удварны гæрзтæй архайджыты æмæ зарæггæнджыты къорд Цæгат Ирыстонæй. Йæ солисттæ сæ сфæлдыстады пайда кæнынц аутентикон ирон инструменттæй (дыууадæстæнон фæндыр, хъисын фæндыр, дала фæндыр, уадындз, къæрцгæнæг, хъандзал фæндыр, лалым уадындз æмæ æндæртæй)

Къорды равзæрд æмæ сфæлдыстадон фæндаджы истори[ивын | Бындур ивын]

Ирон адæмы удварны гæрзтæй архайджыты æмæ зарæггæнджыты къорд «Къона» сæвзæрди 2010-æм азы джеоргуыбайы мæйы ирон уадынгæрзты æрмдæсны Моурауты Сосланы æрмадзы.

2011-æм азы æртхъирæны мæйы къорд бацахста дыккаг бынат æхсæнрегионалон конкурсы «Хуссайраг стъалы», кæцы ацыд Доныл-Ростовы. Уый фæстæ та сайт «Explore-kavkaz.ru»-йы хуынды фæрцы радта йæ фыццаг концерт Мæскуыйы.

2011-æм азы кæфты мæйы къорд сси æхсæнадæмон фестиваль «Дунейы кадджытæ Джангары фæдонты зæххыл»-ы лауреат. Иу азы фæстæ тæргæйтты мæйы «Къона» йе ’мбал Джиоты Къостайы æххуысы фæрцы радта йæ фыццаг концерт Хуссар Ирыстоны зæххыл, кæцы æрцыд æххæст Чъребайы Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы[1].

2012-æм азы кæсгон æхсæнадон архайæг Булат Халиловы архайды фæрцы Кавказы регионмæ ссыд зындгонд францаг режиссёр Винсент Мун. Ирыстоны уазæгуаты фæци цыппар боны, æмæ ирон ансамблтыл зилгæйæ, кино систа «Къонайы» тыххæй дæр: «Petites Planètes. Paganisme en Ossétie du Nord». Джеоргуыбайы мæйы «Къона» ногæй ацыд концертимæ Мæскуымæ, стæй та фыццаг хатт Бетъырбухы радта иумæйаг концерт бынæттон ансамбль «Ирыстон-СПб»-имæ.

2013-æм азы тъæнджы мæйы къорд ацыд йæ фыццаг балцмæ фæсарæнтæм турчы цæрæг ирон Æлбегты Лейлæйы фæрцы. Турчы къорд фæцис дæс боны, æмæ радта цалдæр концерты Стамбул æмæ Анкарайы кавказæгтæн. Стамбулы «Къона» Æлбегты Лейлæимæ хайад райста Турчы телеканал «Star TV»-йы алæвæрды æмæ радта стыр интервью кавказаг радио «Нарты хъæлæс»-æн. Уалдзæджы та къорд ногæй радта концерт Хуссар Ирыстоны. Уыцы аз ПТРК «Аланийы» æвзонг режиссёр Кокойты Аллæ систа документалон кино къорды тыххæй, кæцы рацыд иронау, уырыссаг субтитртимæ.

2013-æм азы джеоргуыбайы мæйы, кæрдзынфыцæн «Galabu.ru» æмæ къорды ’мбал Гæцæлты Русланы æххуысы фæрцы «Къона» ногæй ацыдысты Мæскуы æмæ Бетъырбухмæ. Уыцы рæстæджы ма къорд студийы ныффыста йæ фыццаг альбом журнал FOR MEN-ы æххуысы фæрцы.

Къорды архайджытæ[ивын | Бындур ивын]

  • Берозты Таймураз (Таму)
  • Тотойты Олег
  • Тогойты Альберт
  • Бестауты Алыксандыр
  • Дзаболаты Вадим
  • Илаты Темыр
  • Тедеты Натиа
  • Бæтæгаты Дауыт

Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]