Уадындз
Внешний вид
Уадындз, дыгур. хæтæл[1] — ирон флейтæты хицæн хуыз, æппæты рагондæр æмæ арæхдæр æмбæлгæ музыкалон инструменттæй иу.
Нарты эпосы Ацæмæзы диссаджы флейтæ, удæгас æмæ æнæуд æрдзыл-иу магион хуызы чи ахадыдта, уый номхуындæй уыдис уадындз.
Арæзтой йæ иуæй-иу къутæр бæлæсты зæнгæй; фæстæдæр фæзындысты топпы хæтæлæй конд уадындзтæ.[2]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. IV том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Ленинград, 1989.
- ↑ Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.