Перейти к содержанию

Абазаг адæм

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Абаз-æй æрвыст)
Абазæгтæ
Ахæлиу æмæ нымæц
Æдæппæт: 150 000
Иумæйаг информаци
Æвзаг абазаг
Дин пысылмон дин
Этникон дæлкъордтæ тапантæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Абазаг адæм, абазæгтæ[6] (абаз. абаза) — Кавказы автохтонон адæмтæй иу, хауы абхазаг-адыгаг адæмтæм. Сæ цæрæнтæ фылдæр сты Хъæрæсе-Черкесы Республикæйы. Нымад сты европеоидон расæйы понтиаг дæлтипыл.

Иумæйаг бæрæггæнæнтæ

[ивын | Бындур ивын]

Ныры дуджы цæрынц Уæрæсейы Федерацийы, æппæты тыгуырдæрæй Хъæрæсе-Черкесы 13 хъæуы[7]. Уымæй уæлдай ма цалдæр диаспорæйы ис Хæстæг Скæсæны.

Этнонимон ном абаза (абазгтæ), стæй ацы этникон къордмæ хауæг знæмты кой цæуы антикон авторты сфæлдыстады суанг нæ дуджы агъоммæ V-æм æнусæй. Зæгъæм, рагбердзенаг историк Геродот (V-æм æнус нæ д.а.) йæ рагдунейы картæйы Сау денджызы былгæрæттыл цæрæг знæмты астæу, коракстæ æмæ колхтимæ бацамыдта абасгты знæм дæр. Абазаг æвзаг иртасæг Генко А.Н. уый фæдыл фыста:

« Термин абаза тынг рагон равзæргæ у, æмæ иумæйаг нысаниуæг хæссы æвзаг æмæ культурæ баиугæнæг фæрæзау…
Генко А.Н.
»
Абазæгты тырыса

Нырыккон абазæгтæн сæ историон ратæдзæн у ныры Абхазы территори[8]. Уыимæ лингвистикон æгъдауæй дæр абазæгтæ тæккæ хæстæгдæр сты абхазæгтæм, фæлæ дзæвгар у сæ адыгаг хайбавæрд дæр, кæсгæтты æндæвдады фæстиуæгæн. Уымæ гæсгæ сæ культурæйы абхазаг элементтæ адыгæгтæй дзæвгар къаддæр сты. Абазæгтæ сæ динмæ гæсгæ пысылмæттæсунниттæ сты.

Уæрæсейы федерацийы кусы абазаг-абхазаг этносы райрæзты æхсæнадæмон иугонд[9], йæ централон офис Бетъырбухы; Черкесск стæй Сухумы хайæдтимæ. Организацийы президент — Экзеков Мусса Хабалы фырт — амалгæнæг, меценат, æхсæнадон архайæг.

Абазæгты нымæц районтæм гæсгæ 2010-æм азы афысты:

Хъæрæсе-Черкесы хай сахарты æмæ хъæуты
Административон иуæг абазæгты %
Абазайы район 86,8 %
Адыге-Хаблы район 29,8 %
Черкесскы сахары зылд 8,2 %
Чысыл Хъæрæсейы район 7,8 %
Усть-Джегутайы район 4,5 %
Ногъайы район 1,7 %
Хабезы район 1,2 %

Абазæгты нымæц цæрæнрæтты 2010-æм азы Æппæтуæрæсеон афысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ[10]:

Хъæрæсе-Черкес
Стъараполы край
Мæскуы

Диаспорæ

[ивын | Бындур ивын]

Абазаг диаспорæйы фылдæр хай ис ацы бæстæты: — Турк, Мысыр, Сири, Иордани æмæ Ливаны. Диаспорæйы бæлвырд нымæц бæрæг нæу, фæлæ æппæты лоялондæр цæстæнгасмæ гæсгæ 100 минмæ хæццæ кæны. Уыимæ паддзахадон бæрæггæнæнтæм гæсгæ 1858-æм азæй 1864-æм азы онг Туркмæ мухадзыртæй фæцыд 50 мин абазаджы, кавказаг мухадзырты рæстæг та райгуырæн бæстæ ныууагътой 100-150 мин адæймаджы[11]. Фæлæ уыцы адæмы байзæддæгтæ фылдæр ассимиляцигонд æрцыдысты, уыимæ æрмæст турк æмæ араббæгты æхсæн нæ, фæлæ ма иннæ мухадзырты астæу — адыг æмæ абхазтæ раисты.

Абазæгтæ дзурынц цæгат-кавказаг абхазаг-адыгъейаг къорды абазаг æвзагыл. Уый та йæхæдæг дих кæны дыууæ диалектыл — тапантаг æмæ ашхараг. Фыссынад — кириллицæйы бындурыл. Уæрæсейаг абазæгты фылдæр хай уымæй уæлдай зонынц кæсгон-черкесаг æмæ уырыссаг æвзæгтæ.

Абазæгты иу хай йæхи хоны t’apanta æмæ уый, æвæццæгæн, цæуы ирон тъæпæнтæ-йæ[6][12].

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,00 1,01 1,02 1,03 1,04 1,05 1,06 1,07 1,08 1,09 Итоги Всероссийской переписи населения 2010 года в отношении демографических и социально-экономических характеристик отдельных национальностей
  2. 2,0 2,1 2,2 2,3 2,4 состав населения городов и районов КЧР в разрезе наиболее многочисленных национальностей(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
  3. Ethnologue.com Abaza
  4. Население Абхазии Архивгонд æрцыдис 10 февралы 2018 азы.: Перепись 2011 г.
  5. Всеукраинская перепись населения 2001 года
  6. 6,0 6,1 Дзиццойты Юри. Абазаг-ирон лексикон æнгæсдзинæдтæ. «Мах дуг», 2018 аз, №1, 73-æм фарс
  7. Кунижева Л. З., Смирнова Я. С. Абазины // Народы и религии мира: Энциклопедия / Гл. ред. В. А. Тишков, Редкол.: О. Ю. Артёмова, С. А. Арутюнов, А. Н. Кожановский и др.. — М., 1998. — С. 19. — 928 с. — ISBN 5-85270-155-6.
  8. Тхайцухов Михаил Семёнович. Абазины на Северном Кавказе и в Турции (XVIII - XX вв.). — Автореферат диссертации на соискание учёной степени доктора исторических наук. — Москва: МГУ, 2005.
  9. http://alashara.org
  10. База микроданных Всероссийской переписи населения 2010 года(недоступная ссылка). Датæ: 2020-æм азы 21 октябры. Архив 2014-æм азы 9 июны.
  11. Абазины / историко-этнографический очерк. Черкесск 1989. — стр. 63, ISBN 5-7644-0269-7, 5000 экз.
  12. Абаев В.И. Осетинский язык и фольклор. Том I. Москва-Ленинград: Издательство Академии Наук СССР, 1949

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]