Абхазаг-адыгаг æвзæгтæ

Абхазаг-адыгаг æвзæгтæ (кæнæ ныгуылæн-кавказаг æвзæгтæ) сты, кæрæдзимæ хæстæгдзинад чи дарынц, ахæм æвзæгты къорд. Иуæй-иу лингвисттæм гæсгæ уыцы æвзæгтæ нахаг-дагъистайнаг къордимæ кæнынц цæгат-кавказаг æвзæгты къорд.
Абхазаг-адыгаг æвзæгтыл дзурынц 1,1 милуан адæймаджы бæрц Цæгат Кавказ æмæ Æввахс Скæсæны (Уæрæсейы — 764 мин 2002-æм азы адæмы сфыстмæ гæсгæ).
Ирон æвзаг уыцы æвзæгтæй (уæлдайдæр кæсгон æвзагæй) бирæ дзырдтæ райста (агуывзæ, гуырысхо, гуызавæ æмæ æндæртæ[1]).
Классификаци[ивын | Бындур ивын]
Адыгаг дæлкъорд[ивын | Бындур ивын]
- Адыгъейаг æвзаг (адыгэбзэ)
- Кæсгон-черкесаг æвзаг (адыгэбзэ, къэбэрдеибзэ)
Абхазаг-абазаг дæлкъорд[ивын | Бындур ивын]
- Абхазаг æвзаг (аҧсуа бызшǝа, аҧсшǝа)
- Абазаг æвзаг (абаза бызшва)
Убыхаг дæлкъорд[ивын | Бындур ивын]
- Убыхаг æвзаг (a-t°axə)
Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]
- ↑ Абаев В. И. Историко-этимологический словарь осетинского языка. Т. 1.