Алагир

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Тагъд æрвитæнтæ: навигаци, агуырд
Сахар
Алагир
уырыс. Алагир
Паддзахад Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Алагиры район
Координатæтæ 43°02′ ц. у. 44°13′ ск. д. (G)
Бындурæвæрд 1850
Сахар кæдæй 1938 азæй
Цæрджытæ 19 528 адæймаджы (2009)
Националон сконд ирæттæ (91,07 %), уырыссæгтæ (6,19 %)
Сахатон таг UTC+3, сæрды UTC+4
Телефонон код 86731
Автомобилон код 15
Алагир (Уæрæсе)
Алагир
Алагир (Цæгат Ирыстон)
Алагир

Алагир у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы сæйраг сахар.

Кæддæр Алагир æрзæткъахджыты посёлок уыди.

[баив æй] Царджытæ

Аз Царджыты нымæц
1939 12,6
1959 14,7
1970 18,2
1989 21,1
2002 21,5
2008 19,7

[баив æй] Цауты хроникæ

  • 1781 — æвæрд æрцыд Салыгæрдæны бындур.
  • 1833Уæлладжыргомы фыццаг хатт ссардæуыд æрзæты рæдзæгъдтæ. Се ссарæг — Спиридон Чекалов.
  • 1840 — Чекалов райдыдта æрзæтæй уадзын зды æмæ æвзист.
  • 1843 азы 19 мартъийы паддзахы бардзырдмæ гæсгæ бацамындæуыд цæмæй «æфсæдтæ ифтонггонд цæуой хион, уæрæсейаг здыйæ». Йæ разамонæг Картерон кæмæн уыди, уыцы экспедицийы рапорты загъдæуыд: «æрзæты рæдзæгъдтæ кæм ис, уыдонæй тæккæ æууæнкагдæр у Уæлладжыргомы садойнаг гол».
  • 1848 — фыццаг хатт хуызист æрцыд, суинаг заводæн цы зæххытæ нысангонд уыди, уыдон.
  • 1850 азы 17 февралы Императоры бардзырдмæ гæсгæ М.С. Воронцовæн баргонд æрцыд Ирыстоны йæ ном «Алагиры зды-цинчы завод», кæмæн уыдзæн, ахæм завод саразын. Заводы сæргълæууæгæй снысан чынди А.Б. Иваницкий.
  • 1850 — хæххон инженер А.Б. Иваницкий æрæвæрдта Алагиры райдайæн училищейы бындур. Ахуырдонæн балæвар кодта, хицау кæмæн уыди, уыцы фондз дæсæтины. Уыцы зæххы фадыгыл сарæзтæуыд дыргъдон.
  • 1853 азы 18 майы кæронмæ сæххæстæуыд Алагиры заводы арæзтад æмæ кадджын уавæры байгом чынди.
  • 1853 азы 21 майы самал чынди, йæ уæз 26,5 джиранкайы кæмæн уыди, сыгъдæг æвзисты ахæм къæртт. Хæххон инженер Иваницкий кадджын уавæры фыццаг æмтад лæварæн бахаста М.С. Воронцовæн. Уый та йæ æвзисты къæрт арвыста Никъала Фыццагæн. Императоры барамындмæ гæсгæ æвзистæй, Исаакийы аргъуанæн æмæ Бетъырбухы уæды заман кæй арæзтой скодтой донгæрзтæ æмæ сыл ныффыстой: «Изготовлено из первого серебра, выплавленного на Алагирском заводе 21 мая 1853 г.».
  • 1853 азы 22 октябры байгом чынди Хуыцауы Уæлæрвтæм систы (Вознесения Господня) Алагиры аргъуан.
  • 1863 азы, йæ ном Алагир кæмæн уыди уыцы сых (уырыс. слобода) сси хъæу.
  • 1880 азы академик Всеволод Миллер уыди Алагиры сауджын Гатуты Алексеймæ уазæгуаты.
  • 1880 азы январы Алагиры байгом чынди фыццаг скъола.
  • 1897 азы æхгæд æрцыд Алагиры завод.
  • 1905 азы уыди Алагиры зæхкусджыты революцион змæстытæ.
  • 1915 азы майы Сæлыгæрдыны зæхкусджытæ бацахстой акционерон æхсæнад «Алагир»-ы зæххытæ.
  • 1920 азы сентябры Алагиры сарæзтæуыд фыццаг театралон труппæ.
  • 1921 азы Алагиры байгом чынди хъæууонхæдзарадон техникум.
  • 1922 азы байгом чынди фыццаг чиныгдон.
  • 1923 азы майы кæронмæ ахæццæ ис Алагир—Даргъкъохы æфсæнвæндаг.
  • 1928 азы райдыдта кусын хæдзарыдзаумайы (мебелы) фабрикæ.
  • 1932 азы Алагиры сарæзтæуыд фыццаг машинæ-тракторон станцæ (МТС), йæ сæргъы Цъыдаты А., афтæмæй.
  • 1933 азы сæвæрдæуыд типографийы бындур.
  • 1934 азы скуыста Алагиры фыццæгæм хъæдфадæн завод.
  • 1936 азы йæ фыццаг продукци рауагъта Алагиры агуыригæнæн завод.
  • 1942 азы ноябрæй декабры онг Алагир уыди немыцæгтæй окупацигонд.
  • 1958 азы зæронд дзулфыцæн цехы бындурыл сарæзтæуыд дзулфыцæн завод.
  • 1958 азы Алагиры футболон командæ «Спартак» рамбылдта республикæйы Хъалац (уырыс. кубок).
  • 1959 азы МТС-ы бындурыл сарæзтæуыд «Алагиры радиотехникон завод».
  • 1967 аз у Алагиры цæрмын пуртийы историйы райдиан.
  • 1969 азы æрæвæрдæуыд Алагиры сахары æхсыры завод бындур.
  • 1983 азы сарæзтæуыд Алагиры районы æвзонг техникты станцæ.
  • 1985 азы Алагиры кæфтыты къорд «Фат»-æн лæвæрд æрцыд адæмон ансамблы ном.
  • 1990 азы Уæрæсейы культурæйы министрады коллегийы Уынаффæмæ гæсгæ Алагир хаст æрцыд историон сахарты категоримæ.
  • 2000 азы 7 октябры байгом чынди районы музейон-равдыстыты комплекс.
  • 2000 азы Алагиры байгом чынди спортивон комплекс.
  • 2003 азы райдыдта кусын концерн «ЛУКОЙЛ»-ы нефтыбазæ.
  • 2004 азы майы байгом чынди Уæрæсейы федерацийы Пенсион фонды Алагиры хайад.
  • 2004 азы июны байгом чынди сахармæ бацæуæны цур парк.
  • 2004 азы 13 ноябры Алагиры уыди Уæрæсейы турнир уырыссаг шашкæтæй.


Алагиры пълан-схемæ

[баив æй] Алагиры гимн

АЛАГИРЫ ГИМН

Цæгæраты Максим æмæ Гигойы ныхæстæ
Уæллаг Ир, нæ фыдæлты авдæн,
Дæ бонтæ дыл фарнæй цæуæнт.
Дæ уарзон сыгъдæгзæрдæ адæм
Хæларæй мыггагмæ цæрæнт.


Дæ уæлдæф — æвдадзы хос рагæй,
Дæ дыргътæ — æлутон, хæрзад.
Дæумæ тындзæм алкæд фæндагæй,
Дæуæй хæрæм алкæддæр ард.


Лæгдзинадæй хайджын дæ фырттæ,
Намыс æрхастой дæуæн.
Уæллаг Ир — нæ фыдæлты авдæн,
Фæрнæй дыл дæ бонтæ цæуæнт.


Уæларвæй дæм хурзæрин худы,
Æрттивыс йæ тынтæм ды дæр.
Уæллаг Ир, тæхуды, тæхуды,
Дæ зæххыл æнусмæ фæцæр.


Дæ кады ном рагон у, рагон,
Зарæг дæуыл у ныр дæр.
У кадæджы аккаг дæ абон,
Дæ фидæн та ноджы хуыздæр.


Дæ уарзон сыгьдæгзæрдæ адæм
Иумæ хæларæй цæрæнт.
Уæллаг Ир — нæ фыдæлты авдæн,
Фæрнæй дыл дæ бонтæ цæуæнт!




Цæгат Ирыстоны герб Цæгат Ирыстоны сахартæ Цæгат Ирыстоны тырыса
Сæйраг сахар: Дзæуджыхъæу

Алагир | Æрыдон | Беслæн | Дигорæ | Мæздæг