Дагом
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
| Хъæу
Дагом
|
Дагом у хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы.
Дагом хуыссы Уæлладжыры комы, Хъæриуы хохы рæбын. Дагом нымад у рагон ирон хъæутыл. Ныр ма дзы баззадис цалдæр хæдзары цæрæг. Ис дзы мæсгуытæ æмæ иннæ историон фенддæгтæ.
Раджы заманы, Дагомы хъæуы цур, Мадизæны быдыры уыди тæрхондон. Уырдæм-иу æрцыдысты адæм Ирыстоны алы кæмттæй, цæмæй цын Дагомы хистæртæ раст тæрхон рахæссой.