Перейти к содержанию

Черкесск

44°13′ с. ш. 42°03′ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сахар
Черкесск
уырыс. Черкесск
Тырыса Герб
Тырыса Герб
44°13′ с. ш. 42°03′ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Хъæрæсе-Черкес
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1804
Раздæры нæмттæ 1931 азы агъоммæ — станицæ Баталпашинская
1934 азы агъоммæ — Баталпашинск
1937 азы агъоммæ — Сулимов
1939 азы агъоммæ — Ежово-Черкесск
Сахар кæдæй 1931
Фæзуат
  • 69,8 км²
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 112 789[1] адæймаджы (2023)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 8782
Посты индекстæ 369000
cherkessk09.ru(уырыс.)
Черкесск (Уæрæсе)
Черкесск (Хъæрæсе-Черкес)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Черке́сск (абаз. Черкес къала, кæсгон-черкес. Шэрджэс къалэ, хъæр.-балхъ. Черкесск шахар, ногъ. Шеркеш шахар) у Уæрæсейы сахар Хъæрæсе-Черкесы, уыцы республикæйы сæйраг сахар. Цæрынц дзы 122,5 мин адæймаджы (2017).

Сахар у республикæйы ахсджиагдæр экономикон æмæ культурон центр.

Географи

[ивын | Бындур ивын]

Сахар æрбынат кодта республикæйы цæгаты, Хъобаны рахиз фарсыл. Æмарæн у цыппар районимæ: Абазайы, Адыге-Хаблы, Хъубангæроны æмæ Усть-Джегутайы.

Цæрæнраны фæзуат у 69,8 км².

Сахарæй скæсæнырдæм райдайынц ныллæг рæгътæ, сæ бæрзæнд хæццæ кæны 700 метрмæ. Сахар лæууы денджызы æмвæзадæй 530 м уæлдæр.

Станицæ Баталпашинская империйы рæстæг
Черкесск. Сæйраг фæз

Сахарæн йæ бындур æвæрд æрцыд 1825 азы. Фыццаг уыдис хъазахъхъаг станицæ. Йæ ном у туркаг æфсæдты хицау Батал-пашайы фембылды кадæн (1804 азы уырысы инæлар-майор Иван Германы бал пашайы æфсад ныддæрæн кодта). Састы бынаты чи баззадис, уый кадæн цæрæнран куы схонынц, ахæм уавæр дунейы арæх нæ вæййы. Хуымæтæг адæм сæ цæрæн бынат хуыдтой Пашинкæ.

Баталпашинская канд хæстон функцитæ не ’ххæст кодта, фæлæ ма йын уыдис зынгæ ахадындзинад базарады къабазы дæр. Сæудæджергæнджытæ дзы-иу ивтой хохæгты базайрæгтæ хъуымац æмæ цæххыл.

1860-æм азы станицæ сси ног Хъубаны облæсты центртæй иу. 1868-æм азмæ дзы куыстой бригадон училище æмæ сылгоймæгты училище[2]. 1868 азы кусын байдыдта фыццаг рынчындон (уыдис дзы 48 рынчынæн хуыссæн бынæттæ). Александр II-æмы бардзырдмæ гæсгæ 1869 азы 30 декабры станицæ хъуамæ суыдаид сахар Баталпашинск, фæлæ уыцы уынаффæ æххæстгонд не ’рцыд[3], сахары статус ын лæвæрд æрцыд æрмæст советон заманы.

Мидхæсты заман станицæ байстой инæлар Шкуройы урсæфсæддонтæ. Шкуро расидтис мобилизаци, æмæ чысыл фæстæдæр, 1919 азы 5 январы, йæ къухы бафтыдис Кисловодск байсын. Кисловодскæй Баталпашинскаямæ æрбаласта адæмы, æмæ станицæйы мидæг кусын байдыдта патронтæ, хъуымац, цырыхъхъытæ кæнæн куыстуæттæ. 1920-æм азы уалдзæджы бæстæ байстой сырхæфсæддонтæ[4].

1922 азæй станицæ уыдис Хъæрæсе-Черкесы автономон облæсты центр, 1926-æм азæй — Черкесы националон зылды центр, 1928-1943 — Черкесы автономон облæсты центр.

1931 азы ссис горæт æмæ хуындис Баталпашинск.

1934-æм азы та сахарæн радтой ног ном — Сулимов, Совнаркомы сæрдар Сулимовы кадæн. Фæлæ 1937 азы Сулимовы æрцахстой æмæ фехстой, æмæ уæд сахарæн радтой æндæр ном — Ежово-Черкесск. Ежовы дæр 1939-æм азы æрцахстой, æмæ уæдæй нырмæ сахар хæссы ном Черкесск[5].

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг сахар байстой немыц, æмæ 1943-æм азы январы онг уыдис оккупацийы.

Цæрджытæ

[ивын | Бындур ивын]
Национал сконд

Цæрджыты æппæтуæрæсеон сфыстмæ гæсгæ (2010)[6]:

Адæмыхатт Нымæц,
ад.
Цæрджыты
хай, %
уырыссæгтæ 69 785 54,07 %
хъæрæсейæгтæ 20 954 16,23 %
черкесæгтæ 16 836 13,05 %
абазæгтæ 10 505 8,14 %
ногъайæгтæ 1 872 1,45 %
сомихæгтæ 1 694 1,31 %
æндæр 5 898 4,57 %
сæ адæмыхатт на бацамыдтой 1 525 1,18 %
æдæппæтæй 129 069 100,0 %

Сахары мидæг цæрынц 70 адæмыхаттæй фылдæр.

Бынæттон хиуынаффæйад

[ивын | Бындур ивын]

Сахар Черкесскæн йæ муниципалон скондæн ис сахары зылды статус, уый мидæг ис æрмæстдæр иу цæрæнран[7][8][9], сахар Черкесск.

Бынæттон хиуынаффæйады структурæмæ хауынц:[8]

  1. Муниципалон сконды думæ — æвзæрст оргæн, йæ сæргъы — муниципалон сконды сæргълæууæг;
  2. Муниципалон сконд Черкессчы сæргълæууæг („сахары сæргълæууæг“) — муниципалон сконды уæлдæр хæсадон бынат;
  3. Муниципалон сконды мэри — æххæстгæнæг оргæн, кæй сæргъы лæууы муниципалон сконды мэр;
  4. Контролон-хынцæн палатæ.
Черкессчы сахары мэр у
  • Тамбиев Руслан Алийы фырт[10][11]
Муниципалон сконды сæргълæууæг (сахары думæйы сæрдар) у
  • Беланов Евгений Михаилы фырт[12]
Сахары думæйы депутаттæ [13]

2019-æм азы Черкессчы фæзындис ног профессионалон футболон клуб, йæ ном у «Интер». Уый хъазы Уæрæсейы æртыккаг дивизионы. Хæдзарон хъæзтытæ клуб хъазы Лермонтовы сахары стадион «Бештау»-ы[14]. Командæйы сконды хъазынц дыууæ ирон спортсмены дæр — Кучиты Георги æмæ Æлборты Алан[15].

Клубы уæззаудæр æмбылд уыдис Дзæуджыхъæуы «Алани»-имæ хъазт 2019-æм азы 21 сентябры — 0:5[15].

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Численность постоянного населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2023 года (с учётом итогов Всероссийской переписи населения 2020 г.). Федеральная служба государственной статистики (18 августы 2023). Датæ: 2023-æм азы 23 августы.
  2. [Кубанские Войсковые Ведомости, 1868 г, № 30, стр. 4]
  3. Филиппов Е. В. Город Баталпашинск: проекты и реалии.
  4. Н. Князева. В такой войне не бывает героев // День республики, № 177 от 25.09.2008.
  5. Города России. Энциклопедия — М.: Большая Российская Энциклопедия. И. Кондратьева, 1994.
  6. Том 3. Национальный состав и владение языками, гражданство(недоступная ссылка). Датæ: 2015-æм азы 9 июлы. Архив 2016-æм азы 6 мартъийы.
  7. Закон КЧР «ОБ УСТАНОВЛЕНИИ ГРАНИЦ МУНИЦИПАЛЬНОГО ОБРАЗОВАНИЯ ГОРОДА ЧЕРКЕССКА И НАДЕЛЕНИИ ЕГО СТАТУСОМ ГОРОДСКОГО ОКРУГА»
  8. 8,0 8,1 Устав муниципального образования города Черкесска
  9. Согласно Уставу муниципального образования города Черкесска, его равнозначными наименованиями являются: «Муниципальное образование города Черкесска», «Черкесский городской округ» и «Город Черкесск».
  10. Новый мэр Черкесска намерен сделать столицу КЧР привлекательной для жителей и инвесторов
  11. Мэр г. Черкесска
  12. Глава муниципального образования г. Черкесск
  13. Депутаты муниципального образования город Черкесск.
  14. http://footballfacts.ru/stadiums/41663-stadion-beshtau
  15. 15,0 15,1 Лигæйы официалон сайт