Армавир (Уæрæсе)
Ацы номæй зындгонд сты æндæр бынæттæ дæр, кæс Армавир.
| Сахар | |||||
| Армавир | |||||
|---|---|---|---|---|---|
| уырыс. Армавир | |||||
| | |||||
|
|||||
| 45°00′ с. ш. 41°07′ в. д.HGЯO | |||||
| Паддзахад |
|
||||
| Федерацийы субъект | Краснодары край | ||||
| Истори æмæ географи | |||||
| Бындурæвæрд | 1839 | ||||
| Сахар кæдæй | 1914 | ||||
| Фæзуат | 280 км² | ||||
| Центры бæрзæнд | 190 м | ||||
| Сахатон таг | UTC+3:00 | ||||
| Цæрджытæ | |||||
| Цæрджытæ | ↘188 960[1] адæймаджы (2020) | ||||
| Цифрон идентификатортæ | |||||
| Телефонон код | +7 86137 | ||||
| Посты индекстæ | 352900 | ||||
| armawir.ru(уырыс.) | |||||
|
|
|||||
Армави́р (уырыс. Армавир) у сахар Уæрæсейы Краснодары крайы. Цæрынц дзы 187,8 мин адæймаджы (2010).
Æрбынат кодта Краснодары крайы скæсæны, Краснодарæй 202 километры дæрддзæф, Мæскуыйæ та — 1400 км. Æд горæтгæрон хъæууон зылдтæ кæны муниципалон сконд сахар Армавир.
Армавир у Цæгат Кавказы æфсæнвæндагыл ахсджиаг æлхынцъ, кусынц дзы дыууæ станцæйы — Армавир-Ростовский æмæ Армавир-Туапсинский.
Истори
[ивын | Бындур ивын]XVIII æнусы райдиан адыгаг адæмты хсæн фидар кæнын байдыдта пысылмон дин. Уыдоны ’хсæн цы сомих цардысты (афтæ хуынд черкес-гайтæ кæнæ хохы сомих), уыдон сæ фыдæлты дин бахъахъхъæныны охыл сфæнд кодтой цæгатырдæм ралидзын — æмæ уый тыххæй хъаст бахастой Хъобаны хаххы хицау инæлæр-майор Г. Х. фон Зассæн: куырдтой цæмæй сын ратта бар уырысимæ æрцæрын æмæ уæрæсейаг граждандзинад райсын[2].
1839 азы черкессаг сомихæгты цæрæнран фæзындис цæугæдон Урупы бакæлæны цур. Ацы аз нымад у ног сахары гуырæнбоныл. Цæрæнран хъахъхъæдта дзыхъхъ æмæ сыджыт-быру[2]. Райдиæн азты хъæуы цардысты 120 мыггаджы, фæлæ сæ нымæц рæзыдис, ног мыггæгтæ-иу æрлыгъдысты æмæ 1840-æм азмæ 400 мыггаджы уыдысты.
Кæд æмæ уыцы сомихæгты фыдæлтæ Сомихæй XIV æнусы ралыгъдысты, уæддæр хорз хъуыды кодтой чи сты æмæ кæцæй ралыгъдысты. Уый тыххæй сæ ног цæрæнран схуыдтой Армваир — рагон сомихаг сахары кадæн, нæ эрæйы агъоммæ Айрараты паддзахады сæйраг сахар чи уыдис.
1875 азы Армавирмæ бацыдис Владикавказы æфсæнвæндаг. 1908-æм азы аразын байдыдтой Туапсемæ æфсæнвæндаг дæр. 1914 азы Министрты советы уынаффæмæ гæсгæ Армавирæн радтой сахары статус.
Мидхæсты заман сахары власт æртæ хатты фæивта[2]. Бынæттон советон хицæуад уагъта йæхи валютæ — Армавиры сом.
Черкесты ’хсæн Армавир æндæр номæй дæр у зындгонд, Ермэлхьабл зæгъгæ, ома «сомихаг хъæу»[3].
Цæрджытæ
[ивын | Бындур ивын]- Национал сконд
Æппæтуæрæсейон адæмы сфыстмæ гæсгæ (2010) сахары цæрынц[4]
| Адæмыхатт | Нымæц, ад. |
Хай, % |
|---|---|---|
| уырыс | 162 596 | 86,10 % |
| сомихæгтæ | 15 860 | 8,40 % |
| украинæгтæ | 2 382 | 1,26 % |
| черкесæгтæ | 1 058 | 0,57 % |
| белорусæгтæ | 503 | 0,27 % |
| цигайнæгтæ | 449 | 0,24 % |
| тæтæр | 360 | 0,19 % |
| гуырдзы | 300 | 0,16 % |
| немыц | 280 | 0,15 % |
| æндæртæ | 2 633 | 1,38 % |
| не схъæр кодтой сæ адæмыхатт | 2 411 | 1,28 % |
| æдæппæт | 188 832 | 100,0 % |
Географи
[ивын | Бындур ивын]Армавир у Краснодары крайы æппæты скæсæйнаг сахар, лæууы Хъобаны галиу фарсыл, уыцы цæугæдонмæ Уарыпп кæм æфтауы, уыцы ран.
Экономикæ
[ивын | Бындур ивын]Армавиры кусы хъармы электростанцæ. Ис резинæйæ конд дзауматы завод, бирæ рог æмæ хæринаггæнæг индустрийы куыстуæттæ.
Йæхи аэропорт сахары нæй, фæлæ цæрджыты бон у æндæр аэропорттæй атæхын кæмфæндыдæр — Стъараполы аэропорт у 110 км дæрддзæф, Краснодары аэропорт — 200 км.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Оценка численность населения на 1 января 2020 года по муниципальным образованиям Краснодарского края. Датæ: 2020-æм азы 16 апрелы.
- 1 2 3 Сахары думайы сайт(æнæбаххæсгæ æрвитæн). Датæ: 2019-æм азы 5 ноябры. Архив 2019-æм азы 5 ноябры.
- ↑ Берсиров Б.М. Русско-адыгейский словарь(æнæбаххæсгæ æрвитæн). Министерство образования и науки Республики Адыгея. Датæ: 2017-æм азы 5 июлы. Архив 2017-æм азы 30 июлы.
- ↑ Итоги: Краснодарстат. Датæ: 2013-æм азы 13 апрелы. Архив 2013-æм азы 14 апрелы.