Ардасенты Хадзыбатыр

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Ардасенты Хадзыбатыр
Ардасенты Хадзыбатыр 1992-æм азы
Ардасенты Хадзыбатыр 1992-æм азы
Райгуырды датæ 1911-æм азы 15 сентябры(1911-09-15)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1968
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт

Ардасенты Науийы фырт Хадзыбатыр (райгуырдиc 1911-æм азы 15 сентябры, Хъæдгæроны — амардис 1968-æм азы) уыдис ирон поэт, тæлмацгæнæг, литературæзонæг.

Цардафыст æмæ сфæлдыстадон куыст[ивын | Бындур ивын]

Ардасенты Хадзыбатыр райгуырдис Цæгат Ирыстоны, Хъæдгæроны хъæуы, зæхкусджыты хæдзары. Дæс азы йыл нæма сæххæст, афтæ йæ мад æмæ йæ фыд амардысты. Цардис йæ фыдыхомæ, йæ цахъхъæн лæппутæ æмæ чызджытимæ цыдис скъоламæ, ахуыр кодта тынг хорз. Ахуырæй уæгъд рæстæг лæппуйæн æнцад бадæн нæ уыди, хæдзары — бирæ куыст, фыдыхойæн йæхи сывæллæттæ дæр æнахъом уыдысты æмæ сæ дарын хъуыди. Уæлыгæс-иу куы ацыдис, уæд-иу йемæ ахаста Къостайы «Ирон фæндыр».

Лæппуйæн йæхи зæрдæ дæр тыхсын кодта цыдæр монц, дисы йæ æфтыдта дзырды алæмæт. Уыцы рæстæджы сæ хъæумæ æрцыдис ног ахуыргæнæг — Къадзты Алыксандр. Уый хорз зыдта литературæ æмæ æвзаг. Ахуырдзаутæн дзырдта ирон фысджыты тыххæй. Ацæргæ, цардвæлтæрд ахуыргæнæг Къадзы-фырт уайтагъд бамбæрста Хадзыбатыры зæрдæ, балымæн сты. Ахуырдзау йæ зæронд ахуыргæнæгмæ бавдыста фыццаг хатт йæ поэтикон фæлтæрæнтæ. Алыксандр æххуыс кодта лæппуйæн, йæ бон цы уыдис, уымæй, амыдта йын поэтикæйы техникæ, лæвæрдта йын чингуытæ.

1927-æм азы Хадзыбатыр бацыдис Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаджы техникуммæ. Уыцы рæстæджы йæ хъус ноджы тынгдæр дарын райдыдта литературæмæ, горæты хъæздыг библиотекæты æрвыста йæ рæстæгæй дзæвгар хай, газетты рауагъта бирæ æмдзæвгæтæ, базонгæ æмæ балымæн ирон фысджытимæ: Нигеримæ, Гулуты Андреимæ, Боциты Баронимæ, Хъайтыхъты Георимæ, Мамсыраты Дæбеимæ, Плиты Грисимæ æмæ бирæ æндæртимæ.

Куыд фылдæр кодтой йæ зонындзинæдтæ, куыд арфдæр æмбæрста поэзийы нысан, уыйас бæрнондæрæй каст йæ фыстытæм. Уый тыххæй йæхæдæг фæстæдæр афтæ фыста:

«

Зæрдæйы фæндиаг дзæбæх æмдзæвгæтæ фыссын мæ къухы не ’фтыдис, æвзæртæ та æнæуи дæр бирæ уыдысты...

»

Æртæ азы фæахуыр кодта Хадзыбатыр æфсæнвæндаджы техникумы. Фæлæ йæ зæрдæ æндæр цардыуагмæ æхсайдта, æндæр бæллицтæ йæ сайдтой сæ фæдыл. 1930-æм азы бацыдис Цæгат Ирыстоны педагогон институты филологион факультеты ирон литературæ æмæ æвзаджы хайадмæ. Институт каст фæцис 1933-æм азы æмæ йæ арвыстой Алагиры районмæ ахуырады хайады сæргълæууæгæй. Бирæ рæстæг нæ фæци ацы куысты: йæ зæрдæ дзырдта дарддæр ахуырмæ. 1934-æм азы бацыдис Цæгат Ирыстоны зонад-иртасæг институты аспирантурæмæ æмæ йæ каст фæцис 1937-æм азы. Уæдæй йæ царды кæронмæ Хадзыбатыр æнтыстджынæй кодта зонадон-педагогон куыст. 1938 азæй 1940 азы онг уыдис Сталиниры Ахуыргæнджыты институты ахуыргæнæг. 1940 азы нысангонд æрцыдиc Цæгат Ирыстоны зонадон-иртасæг институты ахуыргонд секретарæй, уый фæстæ та — зонадон кусæгæй. Ардасены-фырт бирæ уацтæ ныффыста ирон литературæйы ахадгæ проблемæты тыххæй.

Ардасенты Хадзыбатыры фыццаг поэтикон чиныг «Сæуæхсид» (хæрз къаннæг æмбырдгонд) рацыдис 1931-æм азы. 1947-æм азы рауагъта йæ равзæрст æмдзæвгæтæ хицæн чиныгæй. Бæрцæй бирæ нæ ныффыста поэтикон уацмыстæ Хадзыбатыр. Йæ хуыздæр æмдзæвгæтæ æмæ поэмæтæ сты хæдбындур. Йе ’мбæлтты фыстытæй цæмæй хицæн кæнынц, уый æппæты фыццаг бафиппайдта Плиты Грис:

«

Не ’рыгон фысджыты æхсæн поэтикон уацмысты мидæг Хадзыбатыр æппæтæй раздæр æмæ рæсугъддæр райдыдта зæрдыллæууæг сюжеттæ аразын. Уыимæ йæ алы сюжетæн дæр ис авторы сæрмагонд, хицæн миниуæг — уыциу æвдыст æй нæ кæны, куыд райдайы, уымæй йæ кæронмæ, фæлæ фыццаг иу хай, стæй та —иннæ хæйттæ, æмæ дзы иу дæр нæ баззайы талынджы.

»

Хадзыбатыр бирæ уацмыстæ ратæлмац кодта уырыссаг æмæ дунеон поэзийæ. Йæ поэтикон курдиат уæлдай тынгдæр разынд йæ ’мдзæвгæтæ «Амонд», «Нана», «Тæхджытæ», «Денджызы маст» æмæ æндæрты. Хорз фыст у поэмæ «Мад» дæр. Æмдзæвгæ «Денджызы маст» банымайæн ис нæ поэзийы хуыздæр уацмыстæй иуыл. Алыхуызон нывтæ, алыхуызон интонацитæ, сагъæстæ, хъуыдытæ денджызы уылæнтау фæйлауынц ацы æмдзæвгæйы. Уацмыс фыст æрцыди 1937 азы Сочийы, автор дзы ары, фашистон пираттæ кæй фæдæлдон кодтой, уыцы теплоход «Тимирязев»-ы æмæ нау «Благоев»-ы командæты ном.

Уацмыстæ[ивын | Бындур ивын]

  • Сæуæхсид (Заря). Æмдзæвгæтæ. Дзæуджыхъæу, 1931;
  • Равзæрст уацмыстæ (Избранные произведения). Дзæуджыхъæу, 1947;
  • Ирон критикæйы уавæр æмæ йæ хæстæ. «Мах дуг», 1949, № 5;
  • Бæрзонддæр сисæм аив литературæйы дæсныйад. «Мах дуг», 1952, № 8;
  • Нартский эпос и осетинская литература. В кн.: Нартский эпос. Материалы совещания. Орджоникидзе, 1957;
  • Осетинская советская литература. Краткий очерк. Альманах «Советская Осетия», 1957, № 11;
  • Развитие осетинской художественной литературы за годы Советской власти. Изв. СОНИИ, т. 20, 1957;
  • Осетинская литература периода Великой Отечественной войны. Изв. СОНИИ, Т. 22, вып. 2, 1960;
  • Очерк развития осетинской литературы. Дооктябрьский период. Орджоникидзе, 1959;
  • Нæ прозæйы тыххæй. «Мах дуг», 1960. № 8–9;
  • Ирон советон литературæ йæ рæзты фæндагыл. «Мах дуг», 1960, № 3;
  • Цард æмæ поэзи (Жизнь и поэзия). Критикой уацмыстæ Къостайы, Секъайы, Кочысаты Розæйы, Нигеры, Барахъты Гинойы æмæ Хъамбердиаты Мысосты тыххæй. Орджоникидзе, 1962;
  • Идеи и образы. Альманах «Советская Осетия», 1962, № 21–22;
  • Хуыздæр кæны нæ фысджыты дæсныйад. «Мах дуг», 1962, № 11–12;
  • Разговор о наших современниках. Альманах «Советская Осетия», 1964, № 25;
  • О некоторых произведениях осетинской прозы последних лет. Альманах «Советская Осетия», 1965, № 26–27;
  • Мæт æмæ цины зæлтæ. «Мах дуг» 1965, № 5;
  • Нæ прозæйы сæйраг темæ ссис абоны цард. Изв. СОНИИ, т. 26, 1966;
  • Ирон роман æмæ йæ проблемæтæ. «Мах дуг», 1966, № 5;
  • Октябры хурмæ рæзы ирон литературæ. «Мах дуг», 1967, № 10–11;
  • Поэзия, вдохновленная идеями Октября. Альманах «Советская Осетия», 1967, № 31;
  • Максим Горький æмæ ирон литературæ. «Мах дуг», 1968, № 3;
  • Осетинская литература. В кн.: История советской многонациональной литературы в шести томах. Т. 2, кн. 2. М., 1972;
  • Равзæрст уацмыстæ (Избранные произведения). Орджоникидзе, 1977;
  • Рæстæджы улæфт (Веление времени). Критикон уацты æмбырдгонд. Орджоникидзе, 1984.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Шариф А. Ценное исследование. «Дружба народов», 1960, № 8;
  • Дзасохты М. Поэт, литературовед. «Рæстдзинад», 1960, 3 авг.;
  • Гагиев Г. Поэт, литературовед, переводчик. «Социалистическая Осетия», 1961, 20 дек.;
  • Яшин А. Певец народа. «Литература и жизнь», 1962, 1 апр.;
  • Гаджиты Г. Рæсугъд æмæ арф фæд. «Рæстдзинад», 1971, 22 сент.;
  • Хъороты С. Æнусмæ мысинаг. «Советон Ирыстон», 1971, 15 сент.;
  • Суменова 3. Его любовь — литература. «Социалистическая Осетия», 1971, 22 сент.;
  • Ардасенов Хадзыбатыр.В кн.:Писатели Северной Осетии. Орджоникидзе, 1973;
  • Хадарцева А. Хадзыбатыр Навиевич Ардасенов. Альманах «Литературная Осетия», 1978, № 39;
  • Хæдарцаты А. Ардасенты Хадзыбатыр. «Мах дуг», 1981, № 9;
  • Зынгæ ирон поэт æмæ литературæзонæг. «Фидиуæг», 1981.

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]