Перейти к содержанию

Хъамбердиаты Мысост

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъамбердиаты Мысост
Райгуырды датæ 10 (23) июны 1909
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1931-æм азы 5 декабры(1931-12-05) (22 азы)
Архайды хуыз поэт
Жанр поэзи
Уацмысты æвзаг ирон

Хъамбердиаты Бимболаты фырт Мысост (райгуырдис 1909-æм азы Кæрдзыны хъæуы — амардис 1931-æм азы 5 декабры) у ирон поэт.

Ирон литературæйы Хъамбердиаты Мысосты ном цыбыр рæстæгмæ ферттывта. Хуыцауæй йын лæвæрд уыд цыбыр цардвæндаг — 22 азы.

Мысост райгуырд Ирыстоны Кæрдзыны хъæуы 1909-æм азы мæгуыр зæхкусæг лæджы хæдзары. Хуыздæр цардагур йæ бинонтæ фæцыдысты Донбассмæ, фæлæ фæстæмæ ноджы зындæр уавæры сыздæхтысты. Мысост зæрдæргъæвд лæппу уыд, æмæ Октябры революцийы фæстæ йын ахуыры фадæттæ фæци: Мæздæджы реалон скъола, Æрыдоны скъола-коммунæ, Мæскуыйы аивæдты рабфак. Мысост дæсны уыд иронау дæр æмæ уырыссагау дæр. Йæ фыццаг æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта сывæллонæй, æмæ йын 18 азы карæй джиппы уагъд æрцыд уацмысты æмбырдгонд «Цин». Хетæгкаты Къостайау, Мысосты æмдзæвгæтæ дыууæ æвзагыл дæр уыдысты æнæаипп.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]