Перейти к содержанию

Хъайтыхъты Геор

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъайтыхъты Геор
Райгуырды датæ 1911-æм азы 11 ноябры(1911-11-11)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 2002-æм азы 6 январы(2002-01-06) (90 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг, поэт
Сфæлдыстады азтæ 1927
Уацмысты æвзаг уырыссаг
Хорзæхтæ
орден Отечественной войны I степени орден Отечественной войны II степени Фæллойадон Сырх Тырысайы орден Адæмты хæлардзинады орден Сырх Стъалыйы орден орден «Кады Нысан» медаль «За боевые заслуги» юбилейная медаль «50 лет Победы в Великой Отечественной войне 1941—1945 гг.» «Кавказ хъахъхъæныны тыххæй» майдан медаль «За победу над Германией в Великой Отечественной войне 1941—1945 гг.» юбилейная медаль «Сорок лет Победы в Великой Отечественной войне 1941—1945 гг.»

Хъайтыхъты Геор (райгуырдис 1911-æм азы 11 ноябры Ходыхъæуы — амардис 2002-æм азы 6 январы) у Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Геор райгуырдис 1911-æм азы Цæгат Ирыстоны Ходыхъæуы. 1929-æм азы каст фæци Ирон педагогон техникум, 1932 азы — Хæххон педагогон институт, 1936-æм азы та — Мæскуыйы историйы, философийы æмæ литературæй институты аспирантурæ.

1941-æм азы августæй фæстæмæ Хъайтыхъты Геор уыди Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. 1943-æм азы сентябры йæ сæры уæззау цæфы фæстæ йæ æфсадæй рарвыстой. Хæсты размæ æмæ хæсты фæстæ Геор Мæскуыйы æмæ Цæгат Ирыстоны уæлдæр ахуыргæнæндæтты куыста философийы ахуыргæнæгæй. 1963-1970 азты уыд Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар.

Хъайтыхъты Геор ирон æвзагмæ раивта Пушкины, Лермонтовы, Некрасовы, Шевченкойы, Маяковскийы, Есенины, Тихоновы æмæ ’ндæрты уацмыстæ. Поэты æмдзæвгæтæ тæлмацгонд сты уырыссаг, украинаг, белоруссаг, гуырдзиаг, кæсгон, балхъайраг, цæцæйнаг, мæхъхъæлон, немыцаг, болгайраг, венгриаг æмæ æндæр æвзæгтæм.[1]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Хъайтыхъты Геор. Журнал «Мах дуг», 2002 аз, №1, 159-æм фарс