Перейти к содержанию

Барахъты Гино

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Барахъты Гино
Фæсномыгтæ Г., Г.Б., Г. Б.-ты, Хадон, Фæсмæг, Гино, Удхæссæг, æз., Фæдысмуд, Бумбули, Куыцыкк, Гыбылты Мысост, Царциаты Мысырби[1]
Райгуырды датæ 19 февралы (3 мартъийы) 1890
Райгуырæны бынат Салыгæрдæн
Мæлæты бон 1937-æм азы 23 октябры(1937-10-23) (47 азы)
Архайды хуыз поэт
Уацмысты æвзаг ирон

Барахъты Теккойы фырт Гино (райгуырдис 1890-æм азы 19 февралы Салыгæрдæны — амардис 1937-æм азы 23 октябры) у ирон фыссæг, поэт æмæ публицист.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Гино райгуырди Салыгæрдæны. Бакасти сæ хъæуы дыууæазон скъолайы, стæй та Æрыдоны семинары æмæ куыста ахуыргæнæгæй.

1915-æм азы йæ акодтой æфсадмæ. Хæцыди Турчы фронты. Февралы революцийы фæстæ æрбаздæхт Ирыстонмæ æмæ удуæлдайæ тох кæнын райдыдта большевикты хъуыддагыл, йæ риуы ’мбæрц цыди революцийы æмæ мидхæсты тымыгъты. Советон дуджы куыста бæрнон бынæтты: Алагиры райкомы секретарæй, зылды милицæйы хицауæй, газеттæ «Кермен» æмæ «Рæстдзинад»-ы редакторæй, Цæгат Ирыстоны æмæ Ростовы пединститутты ахуыргæнæгæй, зонадон-иртасæг институты директорæй.

Барахъты Гинойы дæр басыгъта сырх терроры азар: æрцахстой йæ æмæ йæ амардтой 1937-æм азы 23-æм октябры.[2]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Национальная научная библиотека РСО-Алания // Псевдонимы писателей Осетии
  2. Ирон поэзийы антологи. Журнал «Мах дуг», 2003 аз, №11, 134-æм фарс