Перейти к содержанию

Мамсыраты Дæбе

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Мамсыраты Дæбе
Гуырæн ном Мамсыраты Хабийы фырт Дæбе
Райгуырды датæ 27 июлы (9 августы) 1909
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1966-æм азы 21 августы(1966-08-21) (57 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт, драматург
Сфæлдыстады азтæ 1931
Жанр прозæ[d]
Уацмысты æвзаг уырыссаг[1] æмæ ирон[1]
Хорзæхтæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Мамсыраты Хабийы фырт Дæбе (райгуырдис 1909-æм азы 9 августы, Быдыры Дæргъæвсы — амардис 1966-æм азы 21 августы) уыдис ирон фыссæг, поэт, драматург.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Мамсыраты Дæбе райгуырдис Цæгат Ирыстоны, Быдыры Дæргъæвсы. 1919-æм азы йын бынат æркодтой Æрыдоны семинары цур пансионаты. Уым уый ахуыр кодта йæ сæхгæныны онг (1921). 1924-æм Дæбе адарддæр кодта йæ ахуыр хъæууон скъолайы. 1926-æм азы та бацыдис Ирыстоны педагогон техникуммæ. Ам Мамсыры-фырт уыдис, зындгонд педагог Гуыриаты Гагуыдз йæ сæргъы кæмæн уыдис, уыцы литературон къорды уæнг. Техникум каст куы фæцис, уæд 1930-æм азы райдыдта кусын ахуыргæнæгæй Заманхъулы хъæуы скъолайы. Уыциу рæстæг ма фæсаууонæ ахуыр кодта Ростовы педагогон институты литературон факультеты. 1933-æм азы Мамсыраты Д. бацыдис Ленинграды истори, философи æмæ литературæйы институтмæ, фæлæ æртыккаг курсы фæстæ йе ’нæниздзинады уавæры фыдæй ныууагъта йæ ахуыр æмæ раздæхтис Ирыстонмæ. Ам Дæбе куыста газеттæ æмæ журналты редакциты, уыдис Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы сæрдар, иу рæстæг ма уый равзæрстæуыд ЦИ АССР-ы Уæлдæр Советы депутатæй.

Ирон литературæмæ стыр хайбавæрды тыххæй Мамсыраты Дæбе хорзæхджын æрцыдис Ленины орденæй, Хетæгкаты Къостайы номыл литературон премийæ. Мамсыраты дæбе амардис 1966-æм азы 21 августы.

Мамсыраты Дæбе (фыццаг рæнхъы галиуырдыгæй æртыккаг)

Сфæлдыстад

[ивын | Бындур ивын]

Мамсыраты Дæбейы курдиат уыдис бирæвæрсыг æмæ рæдау. Ирон фысджытæй уыйбæрц чингуытæ ничи рауагъта. Куыста алы жанрты: поэзи, прозæ, драмæ. Кодта тæлмац. Фыста нывæджытæ, критикон уацтæ.

Мамсыры-фырты сфæлдыстадон архайд райдыдта æмдзæвгæтæй. Ирон газетты фыццаг хатт фæзындысты 1927-æм азы, 1931-æм азы та уыдон мыхуыры рацыдысты хицæн æмбырдгондæй («Фыццаг къахдзæфтæ»). Дæбейы поэзи сæйраджыдæр æвзæрдис партион политикон домæнтæй æмæ у рифмæгонд газетон публицистикæ, нæ ахады ирон поэзийы историйы.

Драмон уацмыстæ

[ивын | Бындур ивын]

Сценæйы дзы цардхъом разындис æрмæст «Æфхæрдты Хæсанæ» — уæлмонц романтикон драмæ, уый цæры йæ сюжеты хъаруйæ. Дæбе йæ пьесæ «Зорттаты Майрæм»-ы тыххæй 1949 азы фыста:

« Пьесæйы ис химидбыцæутæ æмæ, æмткæй дзургæйæ, пьесæйы цы фæхъæуы, уыдон се ’ппæт дæр. Фæлæ дзы цы нæ ис, цæуылнæ бахаудта пьесæ сценæмæ? Уымæн æмæ дзы нæй ныртæккæйы царды æцæгдзинад. Пьесæйы цы быцæудзинæдтæ ис, уыдон уыдысты раджы кæддæр, колхозтæ ма сæ тæккæ аразгæйæ куы уыдысты, уæд, фæлæ дзы ахæм быцæутæ ныр нал ис. »

Ахæм карз тæрхон Дæбе йæхицæн хæссы æнæконфликты теоримæ гæсгæ. Пьесæйы æвдыст цæуы колхозы сæрдар — «йæхи расай-басай чи кодта хæстæй фервæзыны тыххæй, уыцы Додти, расыггæнаг æмæ тынг хæлд адæймаг». Соцреализмы домæнтæм гæсгæ уацмысы архайæг у типикон, Додти у æппæт сæрдарты иугонд фæлгонц. Ахæм персонажæн бынат нæ уыдис советон сценæйы 40-æм азты. Пьесæйы «нæй нырыккон царды æцæгдзинад» — уый уыдис хицауады хатдзæг, æмæ йæ тыхбар ныббаста Дæбейæн дæр. Ахæм уавæрты рæзæн нæ уыдис æцæг драмон аивадæн.

Йæ радзырдтæ хицæн чиныгæй рацыдысты 1937-æм азы («Царды къæпхæнтыл»). Фæстæдæр мыхуыры рацыдысты йæ чингуытæ: роман «Фæлтæртæ» (1949), сывæлæттæн фыст радзырдты æмбырдгонд «Джерихан» (1941), пьесæ «Хъæбатыр лæппу» (1944), æмдзæвгæтæ æмæ поэмæты æмбырдгонд «Суадæттæ» (1942), радзырд «Адæмы мæт» (1943) æмæ æндæртæ.

Фыдыбæсты Стыр хæсты азты кæй ныффыста, йæ уыцы уацмысты фылдæр хай æвæрд æрцыдысты Ирон театры сценæйыл.

1946-æм азы мыхуыргонд æрцыдис драмон поэмæ «Чермен». Фыссæджы уацмысты æххæст æмбырдгонд æхсæз томæй рацыдис 1965–1971-æм азты.

Уацмыстæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Фыццаг къахдзæфтæ. Æмдзæвгæтæ. Владикавказ, 1931;
  • Царды къæпхæнтыл. Радзырдтæ. Орджоникидзе, 1937;
  • Уæззау операци. Роман. Орджоникидзе, 1939 и 1949;
  • Æхсарбег. Роман. Орджоникидзе, 1940 и 1974;
  • Хъæбатыр лæппу. Æртæактон пьесæ сывæллæттæн. Орджоникидзе, 1941;
  • Суадæттæ. Æмдзæвгæтæ æмæ поэмæ-тæ сывæллæттæн. Орджоникидзе, 1942;
  • Адæмы мæт. Радзырд Дзæуджыхъæу, 1944;
  • Чермен. Драматикон поэмæ. Дзæуджыхъæу, 1946;
  • Гимн Октябрæн. Æмдзæвгæтæ æмæ балладæтæ. Дзæуджыхъæу, 1947;
  • Хъæбатырты кадæг. Фыццаг чиныг. Роман. Орджоникидзе, 1948;
  • Рассказы. Дзауджикау, 1952;
  • Рассказы. М., «Советский писатель», 1952;
  • Æвзæрст уацмыстæ. Т. 1. Радзырдтæ. Орджоникидзе, 1954;
  • Æвзæрст уацмыстæ. Т. 2 «Уæззау операци» (Роман).
  • Избранные произведения Т. II. Роман. Орджоникидзе, 1956;
  • Хъæбатырты кадæг. Поэма о героях. Книга 2. Роман. Орджоникидзе, 1958;
  • Избранные рассказы. М., Гослитиздат, 1958;
  • Æрдхорд. Радзырдтаз. Орджоникидзе, 1959;
  • Адæм адæм сты. Роман. Орджоникидзе, 1960;
  • Додоры дидинджытæ. Радзырдтæ. Орджоникидзе, 1963;
  • Хинæйдзаг сæгъ. Радзырдтæ сывæллæттæн. Орджоникидзе, 1964;
  • Гости. Рассказы. Орджоникидзе, 1964;
  • Уацмыстæ æртæ томæй. Т. 1. Радзырдтæ. Орджоникидзе. 1965;
  • Уацмыстæ æртæ томæй. Т. II. Роман. «Хъæбатырты кадæг». 1-аг чиныг. Орджоникидзе, 1966;
  • Уацмыстæ æртæ томæй. Т. III. Роман. «Хъæбатырты кадæг». 2-аг чиныг. Орджоникидзе, 1967;
  • Уацмыстæ æхсæз томæй. IV т. «Хъæбатырты кадæг». 3-аг чиныг. Роман. Орджоникидзе, 1969;
  • Уацмыстæ æхсæз томæй. Т. V. Драмæтæ. Орджоникидзе, 1970;
  • Уацмыстæ æхсæз томæй. Т. IV. Поэзи. Орджоникидзе, 1971;
  • Æхсарбег. Роман. Орджоникидзе, 1974;
  • Рассказы. М., «Художественная литература», 1949;
  • Царды хицæуттæ. Уацау. Орджоникидзе, 1980;
  • Поэма о героях. Роман. М., «Советский писатель», 1981.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Сæгуытонты З. Мамсыраты Дæбейы радзырдтæ. «Мах дуг», 1953, № 11;
  • Гаджиты Г. Мамсыраты Дæбейы æвзæрст уацмыстæ. «Мах дуг», 1957, № 4;
  • Мамсуров Дабе. В кн.: Писатели Советской Осетии. Сталинир, 1957;
  • Марзоев С. Дабе Мамсуров. В кн.: Очерк истории осетинской советской литературы. Орджоникидзе, 1967;
  • Гафез. Нывгæнджыты стыр дуне. «Фидиуæг», 1965, № 8;
  • Хъантемыраты Р. Колхозон разамонджытæ Мамсыраты Д. роман «Уæззау операци»-йы. «Мах дуг», 1977, № 2;
  • Цырыхаты М. Йæ ном — нæ ном. «Мах дуг», 1979, № 11;
  • Цæгæраты М. Лæгау лæг.—»Мах дуг», 1979, № 11;
  • Цæрукъаты А. Стыр фыссæг, стыр адæймаг. «Мах дуг», 1979, № 11;
  • Басиев М. Счастье большого дарования. Альм. «Литературная Осетия», 1979, № 57;
  • Кантемирова Р. Две редакции романа. Д. Мамсурова «Тяжелая операция». В кн.: Осетинская филология, вып. 2, 1981;
  • Хадарцева А. Дабе Хабиевич Мамсуров. В кн.: Хадарцева А. История осетинской драмы. Часть вторая. Орджоникидзе, 1985.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]


  1. 1,0 1,1 Чешская национальная авторитетная база данных