Перейти к содержанию

Цæгат Кипр

35°15′ с. ш. 33°45′ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Цæгат Кипры Туркаг Республикæ
Kuzey Kıbrıs Türk Cumhuriyeti
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Гимн: «İstiklâl Marşı»
Хæдбар сси 15 ноябры 1983 азы Кипрæй
Æвзаг туркаг
Сæйраг сахар Никоси (цæгатаг хай)
Стырдæр сахартæ Кирини, Фамагустæ, Никоси
Хицауиуæджы хуыз Президентон республикæ
Президент
Премьер-министр
Мустафа Акынджы
Йомер Калынжи
Фæзуат 3355 км²
Доны процент 2,7
Цæрджытæ
• Бахыгъд (2006)
Æнгомад

265 100 ад.
78 ад./км²
ÆМП
• Æдæппæт (2004)
• Иу адæймагмæ
дунейы -æм
1776 млн. $
8095 $
Валютæ Ног туркаг лирæ
Интернет-домен nc.tr
Телефонон код +90 392
Сахатон таг +2

Цæгат Кипр (тур. Kuzey Kıbrıs; официалон ном — Цæгат Кипры туркæгты (туркаг) Республикæ, тур. Kuzey Kıbrıs Türk Cumhuriyeti) у, йæхи 1983-æм азы чи расидти æмæ Кипры сакъадахы æртыццаг (цæгатаг) хай чи ахсы, уыцы æнæбанымад паддзахад. 1975–1983-æм азты йын уыди ном Цæгат Кипры туркæгты Федеративон Паддзахад (тур. Kıbrıs Türk Federe Devleti).

Цæгат Кипры хæдбардзинад банымадта, ИНО-йы къорд резолюцимæ гæсгæ уыцы территори æнæзакъонæй оккупаци чи кæны, айдагъд уыцы Турк. Æхсæнадæмон барадмæ гæсгæ Кипры Республикæ у, 1974-æм азы онг йе скондмæ чи хауди, æгас уыцы территорийы сувереннон хицау.

Цæгат Кипры цæрджыты нымæц у 200 мин адæймагмæ æввахс. Фæзуат — 3355 кв. км. (къаннæг эксклав Коккинæ нымайгæйæ).

Цæгаткипрæгты фылдæр хай сты туркæгтæ. Уыдон дихгонд сты дыууæ коммунæйыл: бынæттон кипраг туркæгтæ æмæ, Туркæй чи æрлыгъди, уыцы чысылазиаг (анатолиаг) туркæгтæ. Цæгат Кипры ма ис бынæттон грекъæгтæ æмæ марониттæ кæм цæрынц, ахæм анклав.

Цæгат Кипры сæйраг сахар у Никосийы (тур. Lefkoşa, гр. Λευκωσία) сахары цæгатаг хай. Цæгат Кипры туркæгты Республикæ Кипры иннæ хайæ хицæнгонд у буферон зонæйæ. Дыууæ хайы чи хицæн кæны, уыцы хахх («Кæрдæгцъæх хахх» — англ. Green Line) хъахъхъæны ИНО-йы сæрмагонд гæрзифтонг тыхтæ.