Финляндийы бакæлæн
Финляндийы бакæлæн | |
---|---|
уырыс. Финский залив, фин. Suomenlahti, эст. Soome laht, швед. Finska viken | |
Характеристикæ | |
Фæзуат | 29 500 км² |
Стырдæр арф | 121 м |
Астæуккаг арф | 38 м |
Бассейн | 420 000 км² |
Ран | |
59°53′00″ с. ш. 26°06′00″ в. д.HGЯO | |
Хистæр акватори | Балты денджыз |
Бæстæтæ | |
Викикъæбицы медиа |
Финляндийы бакæлæн кæнæ Фины бакæлæн[1] (уырыс. Финский залив, фин. Suomenlahti, эст. Soome laht) у бакæлæн Балты денджызы скæсæны, йæ былтыл æрбынат кодтой æртæ паддзахады: Финлянди, Уæрæсе æмæ Эстони. Бакæлæнæн йæ ном равзæрдис, XVIII æнусы финнæгтæ кæм цæрынц, уыцы бæстæйы номæй[2].
Финляндийы бакæлæны фæзуат у 29,5 мин км², дæргъмæ у 420 км, уæрхмæ 70—130 км, рæстæмбис арфад — 38 м (максималон — 100 м).
Бакæлæны былтыл ис цалдæр сахары:
- Уæрæсейы: Бетъырбух, Кронштадт, Сестрорецк, Зеленогорск, Приморск, Ломоносов, Сосновый Бор, Выборг, Петергоф, Усть-Лугæ;
- Финляндийы: Хельсинки, Коткæ, Ханко;
- Эстонийы: Таллин, Силламяэ, Нарвæ-Йыэсуу.
1996-æм азы уавæрмæ гæсгæ Финляндийы бакæлæны Уæрæсейы хайы ис, дæлдон чи фæцис, ахæм 5000 объекты бæрц. Уыдонæй 2500 сты наутæ, 1500 — хæдтæхджытæ, æндæртæ сты сурзæххон транспортон фæрæзтæ (хæдтулгæтæ, танктæ) æмæ алыхуызон объекттæ (сармадзантæ, науæнгуыртæ)[3].
Хæдзарадон ахадындзинад
[ивын | Бындур ивын]Уæрæсейы территорийыл чи æрбынат кодта, Финляндийы бакæлæны уыцы портты сæйрагдæртæ сты:
- Бетъырбух (уæргъты æппæт хуызтæ),
- Кронштадт (товарты контейнерон лæстытæ),
- Ломоносов (генералон уæргътæ, контейнертæ, згъæртæ),
- Выборг (генералон уæргътæ),
- Приморск (нефт æмæ нефты продукттæ),
- Высоцк (нефты продукттæ æмæ æвзалы),
- Усть-Лугæ (генералон, цырхт, хъæдæрмæджы уæргътæ, æвзалы æмæ контейнертæ);
Финляндийы территорийыл —
- Хельсинки (контейнертæ),
- Коткæ (контейнертæ, хъæдæрмæг, хъæууонхæдзарадон продукци, уæрæсейаг товартæ ласынæн сæйраг траспортивæн порт),
- Ханко (контейнертæ, автомобильтæ),
- Турку (контейнертæ, æфсæнвæндагон быран);
Эстонийы территорийыл —
Ныртæккæ Финляндийы бакæлæны кусынц мæнæ ацы быранвæндæгтæ:
- «Silja Line». Маршруттæ: Хельсинки (Финлянди) — Мариехамн (Аланды сакъадæхтæ) — Стокгольм (Швеци), Хельсинки (Финлянди) — Таллин (Эстони).
- «Viking line». Маршруттæ: Хельсинки (Финлянди) — Мариехамн (Аланды сакъадæхтæ) — Стокгольм (Швеция), Хельсинки (Финлянди) — Таллин (Эстони).
- «Tallink». Маршрут Хельсинки (Финлянди) — Таллин (Эстони), Таллин (Эстони) — Мариехамн (Аланды сакъадæхтæ) — Стокгольм (Швеци), Палдиски (Эстони) — Каппельшер (Швеци).
- «Finnlines». Быранылласæг европæйаг стырдæр компанитæй иу. Ласы адæмы æмæ товартæ ахæм бæстæты ’хсæн: Бельги, Герман, Норвеги, Швеци, Финлянди æмæ Уæрæсе.
- «Superfast Ferries» «Tallink»-ы уылты. Маршрут Таллин (Эстони) — Ханко (Финлянди) — Росток (Герман).
- «Eckeroline». Маршрут Хельсинки (Финлянди) — Таллин (Эстони).
- «SuperSeaCat». Маршрут Хельсинки (Финлянди) — Таллин (Эстони).
- «Георг Отс». Маршрут Калининград (Уæрæсе) — Бетъырбух (Уæрæсе).
Бакæлæны был Комаровомæ ’ввахс | Хельсинкимæ ’ввахс сакъадæхтæ | Таллины аргъуан Олевистейы сæрæй уынд | Кæсагахсджытæ бакæлæны ихыл |
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Дзагуырты Тембол. Географийы терминон дзырдуат уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад — Орджоникидзе, 1941.
- ↑ Поспелов Е. М. Школьный топонимический словарь. — М.: Просвещение, 1988
- ↑ Каталог и атлас объектов на дне Балтийского моря и находки останков старинных кораблей на дне Финского залива(æнæбаххæсгæ æрвитæн). Датæ: 2010-æм азы 18 февралы. Архив 2011-æм азы 4 сентябры.