Эстойнаг æвзаг
Эстойнаг æвзаг | ||
---|---|---|
Хином: | eesti keel | |
Бæстæтæ: | Эстони, Финлянди, Швеци, Уæрæсе, Латви | |
Официалон статус: | ![]() | |
Æдæппæт дзурджыты нымæц: | 1,1 милуан ад. | |
Рейтинг: | 37—48 | |
Классификаци | ||
Категори: | Евразийы æвзæгтæ | |
Урайлаг мыггаг | ||
Фыссынад: | латинаг алфавит | |
ISO 639-1: | et | |
ISO 639-2: | est | |
ISO 639-3: | est | |
Æвзæгты тыххæй æппæт статьятæ |
Эстойнаг æвзаг (eesti keel) у эстойнаг адæмы мадæлон æвзаг, Эстонийы иунæг паддзахадон æвзаг. Дзурынц ыл 1,1 милуан адæймаджы. Эстойнаг æвзаг у угораг-финнаг æвзæгты балты-финнаг къорды уæнг.
Эстойнаг æвзаджы цæгат диалекттæ сты финнаг æвзаджы хуссар диалекттæм тынг хæстæг, кæддæр уыдысты иу æвзаг[1].
Эстойнаг алфавит у финнаг алфавиты хуызæн латинаг бындурыл арæзт. Дамгъæтæ C, Q, W, X, Y æрмæст фæсарæйнаг нæмттæ ссарæн и, дамгъæтæ F, Š æмæ Ž æрмæст æрбайсгæ дзырдты фыссынц.
A a | B b | C c | D d | E e | F f | G g | H h |
I i | J j | K k | L l | M m | N n | O o | P p |
Q q | R r | S s | Š š | Z z | Ž ž | T t | U u |
V v | W w | Õ õ | Ä ä | Ö ö | Ü ü | X x | Y y |
Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]
- Эстойнаг æвзаджы тыххæй ахуыры чингуытæ æмæ дзырдуæттæ скангондæй Архивгонд æрцыдис 11 февралы 2009 азы. (уырыс.)
- Eesti keel ja meel. Эстойнаг æвзаджы курс, уырыссагау чи дзуры, уыдонæн (уырыс.)
Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]
- ↑ Чем отличаются финский и эстонский? (уырыс.)