Сихъотæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Сихъотæ[1] кæнæ Сехъотæ[1] (уырыс. Сикоевы, тур. Pırıl, Şengez, Haspolat[2]) сты ирон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Сихъоты мыггаджы фыдæл, дам, Биазæр «Зæрæмæджы Сихъо» кæй хуыдтой, уый цæуæтæй уыд. Сихъоты Биазæр цардис Уæллаг Зæрæмæджы. Зæрæмæджы цæрджытæн зæхх нæ фаг кодта æмæ се ’хсæн зæххы тыххæй стыр хылтæ цыд. Иу ахæм хылы рæстæджы Сихъоты Биазæрæн йæ къухæй мард фæци йæ сыхаг лæг, æмæ алыгъд Дыгургоммæ, йæ хо Гуассæйы дæр йемæ акодта. Æрцардысты Доныфарсы. Ам сæ бауазæг кодтой Хъаиртæ. Биазæр сæм бацыд хъомгæсæй. Фæстæдæр бинонты хицау ссис. Хъайыртæ йын чызг радтой. Алыгъд Къумбулты хъæумæ. Биазæрæн Хъаирты чызгæй рацыд цæуæт. Йæ фырттæ: Дзамболат, Дабел, Габо æмæ Буцу. Адонæн дæр сæ цæуæт æмæ цæуæты цæуæт Къумбулты цардысты. Сæ фылдæр фæлыгъдысты Хæзныдоны хъæумæ, чи та сæ Туркмæ алыгъд, Францмæ сæ чи алыгъд, ахæмтæ дæр ис.[3]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
  2. Ныхас Фыдыбæстæимæ / сост. Р.С. Кантемирова; наукон ред. Джусойты Нафи — Дзæуджыхъæу: Ир, 2016 — 263 ф.
  3. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.