Дзырд

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Дзырд (дыгур. дзурд) у æвзаджы сæйрагдæр иуæг, уый хъæуы предметтæ, миниуджытæ, процесстæ æмæ ахастытæ хонын æмæ æмбарынæн, уыдоны тыххæй хъусын кæнынæн. Дзырд у æвзаджы дывæрсыг иуæг — уымæн ис разæгъæны фарс æмæ нысаниуæджы фарс.

Дзырдæн хорз барæггæнæн иумæйаг æвзагзонынады нæма æрбæстон. Цы у дзырд, ууыл филологтæ арæх дызæрдыг кæнынц — уый орфографийы дæр зыны[1]. Зæгъæм, ирон мивдисæг хъыгдарын иу дзырд у æви дыууæ дзырды (æндæр вазыгджын мивдисджыты хуызæн, ома хъыг дарын) — уымæн объективон дзуапп нæй. Традицимæ гæсгæ уыцы мивдисæг фыссынц куыд иу дзырд.

Кæс ноджы[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]