Новороссийск
Сахар | |||||
Новороссийск | |||||
---|---|---|---|---|---|
уырыс. Новороссийск | |||||
|
|||||
44°43′ с. ш. 37°46′ в. д.HGЯO | |||||
Паддзахад | Уæрæсе | ||||
Федерацийы субъект | Краснодары край | ||||
Муниципалон сырæзт | Новороссийск | ||||
Истори æмæ географи | |||||
Бындурæвæрд | 1838 | ||||
Сахар кæдæй | 1866 | ||||
Фæзуат | 835 км² | ||||
Сахатон таг | UTC+3:00 | ||||
Цæрджытæ | |||||
Цæрджытæ | ↘274 956[1] адæймаджы (2020) | ||||
Цифрон идентификатортæ | |||||
Телефонон код | +7 8617 | ||||
Посты индекстæ | 353900—353925 | ||||
admnvrsk.ru(уырыс.) | |||||
|
|||||
Викикъæбицы медиа |
Новороссийск (уырыс. Новороссийск) у Уæрæсейы сахар, Сау денджызы Цемесы наулæууæны былыл порт æмæ æфсæддон флоты базæ.
Сахары ис æртæ фæсарæйнаг бæстæйы консулæдтæ: Болгари, Грекъ æмæ Турчы.
Новороссийск у муниципалон сконд сахар Новороссийсчы центр.
У ахсджиаг транспортон æлхынцъ. Ис дзы хæстон денджызон базæ æмæ товарон порт (нефтласæн наутæн лæууæн дæр). Сахармæ цæуынц поездтæ Краснодары ’рдыгæй æфсæнвæндагыл.
1973-æм азы 14 сентябрæй Новороссийск хæссы хъæбатыр сахары кадджын ном.
Физикон-географион характеристикæ
[ивын | Бындур ивын]Бæстыхъæд
[ивын | Бындур ивын]Новороссийск кæм æрбынат кодта, уыцы ран бæстыхъæд у субтропикон сух, зæххастæуденджызонмæ хæстæг. Ноябрæй мартъийы онг ис норд-осты тас, уый у тыхджын дымгæ цæгат-скæсæнæй, кæцы æрбахæссы уазал уæлдæф. 2002 азы норд-осты аххосæй Новороссийсчы наулæууæны фæдæлдон сты дыууæ науы, температурæ йæхи æруагъта −15 °C онг, скъолатæ нал куыстой[2].
Рельеф
[ивын | Бындур ивын]Сахар йæхи адаргъ кодта амфитеатры хуызы Цемесы наулæууæны алфамбылай 25 км дæргъæн, скæсæн æмæ хуссарырдыгæй лæууынц Стыр Кавказы хæхтæ, цæгатырдыгæй та — Навагиры рæгъ (йæ бæрзонддæр хох у 447 м). Хæхтæ сахары хъахъхъæнынц уазал уæлдæфæй, кæцы æрбацæуы континентырдыгæй.
Новороссийсчы мидæг кæлы Цемесы тæнæг цæугæдон. Сахары цур ис Краснодары крайы стырдæр æдзæхх цад Абрау.
Сейсмикон уавæр
[ивын | Бындур ивын]Новороссийск лæууы зæххæнкъуыстытæй тæссаг ран. 1799 азæй 1981 азы онг уым æрцыдысты 17 зæххæнкъуысты[3].
1966 12 июлы 6 баллы онг зæххæнкъуыст Новороссийск æмæ Геленджичы ’хсæн. Хæдзæрттæ халд не ’рцыдысты. Фæстæг зæххæнкъуыст уыдис 2013 азы 11 мартъийы, йæ магнитудæ 3,2 баллы онг.[4]
Сахатон таг
[ивын | Бындур ивын]Новороссийск, куыд æппæт Краснодары край, цæры Мæскуыйы рæстæгмæ гæсгæ (MSK).
История
[ивын | Бындур ивын]Нæ эрæйы агъоммæ V æнусы ацы ран уыдис грекъаг уæйгæнджыты сахар Бата. Авд æнусы фæстæдæр (II æнусы) халд æрцыдис алайнæгты къухæй. XIII æнусы Генуйæ æрбацæуджытæ сарæзтой фидар Батарио. XV æнусы, османтæ Стамбул куы байстой, Тамань æмæ Цемесы наулæууæн дæр сæхи бакодтой. XVIII æнусы суинаг Новороссийсчы бынаты уыдис туркæгты фидар Суджук-Кале.
1829-æм азы Адрианополы бадзырдмæ гæсгæ Цемесы наулæууæн бацыдис Уæрæсейы скондмæ. Фæлæ бынæттон черкесаг цæрджытæ уæрæсейаг æдæриуæгыл не сразы сты. 1838 азы 12 сентябры наулæууæнмæ бацыдысты уырыссаг наутæ æмæ æрбаластой 5816 адæймаджы туркаг фидары хæлддзæгмæ. Ацы бон нымад у сахары бындурæвæрыны боныл.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг сахары стыр хай байстой вермахты хотыхджынтæ. 1943-æм азы февралы 274 советон денджыздзæуæджы байстой чысыл плацдарм (фæстæдæр зындгонд куыд Чысыл Зæхх) æмæ йæ хъахъхъæдтой 225 боны, сахар бынтон куы не ссæрибар кодтой, уæдмæ. Фашисттæ ратардæуыдысты 1943 азы 16 сентябры.
1973 азы сахарæн радтой хъæбатыр сахары кадджын ном æд Ленины орден æмæ Сызгъæрин Стъалы.
2018-æм азы Новороссийсчы цæрджытæ сбæрæг кодтой сахары бындурæвæрдæй 175 азы.
Бынæттон хиуынаффæйаг
[ивын | Бындур ивын]- Сахары сæргълæууджытæ
- 1896—1898 — Михаил Федоры фырт Пенчул
- 1898—1901 — Поликарп Константины фырт Броверман
- 1901—1905 — Алексей Андрейы фырт Никулин
- 1906—1916 — Петр Корнилийы фырт Калинин
- 1916—1917 — Михаил Елисейы фырт Певунов
- 1917 — Сергей Михаилы фырт Афиногенов
- Администрацийы сæргълæууджытæ
- 1986—1991 — Николай Фёдоры фырт Хворостянский
- 1992 — Георгий Василийы фырт Хоботов
- 1992—2002 — Валерий Георгийы Прохоренко
- 2003—2016 — Владимир Ильяйы фырт Синяговский
- 2016 азæй — Игорь Алексейы фырт Дяченко
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Оценка численность населения на 1 января 2020 года по муниципальным образованиям Краснодарского края . Датæ: 2020-æм азы 16 апрелы.
- ↑ Норд-ост в Краснодарском крае — это действительно страшно(недоступная ссылка). Датæ: 2008-æм азы 4 ноябры. Архив 2008-æм азы 8 декабры.
- ↑ Сейсмическая деятельность в Новороссийском районе
- ↑ Близ Новороссийска произошло землетрясение магнитудой 3,2
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Сахары администраци Архивгонд æрцыдис 9 февралы 2005 азы.
- Интернеты газет «Новороссийские ведомости»