Зæххастæуденджызон бæстыхъæд

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Зæххастæуденджызон бæстыхъæд

Зæххастæуденджызон бæстыхъæд (кæнæ Зæххастæуы денджызы регионы бæстыхъæд) у Зæххастæуы денджызы алфмабылай территориты типикон чи у, ахæм бæстыхъæд (климæт). Арæх æмбæлы континентты ныгуылæйнаг былгæрæттыл, экваторæй цæгатырдыгæй æмæ хуссарырдыгæй, йæ уæрхад 30° æмæ 45° кæмæн у, уыцы рæтты. У субтропикон бæстыхъæды хуыз.

Географи[ивын | Бындур ивын]

Зæххастæуы денджызы бассейны уæлдай, зæххастæуденджызон бæстыхъæд ма ис ахæм рæтты: Калифорнийы дзæвгар хайы, Хуссар Африкæйы Республикæйы провинци Ныгуылæн Кейпы, Чилийы ныгуылæйнаг хайы, Ныгуылæн Австралийы былгæрон районты æмæ Хуссар Австралийы æрдæгсакъадах Эйры.

Амынд зонæты æдде иуæй-иу ран æмбæлы ма, зæххастæуы бæстыхъæдмæ хæстæг чи у, ахæм микроклимат. Сурзæххыл заххæастæуденджызон бæстыхъæд, уæрхад куыд уæлдæр кæны, афтæ рахизы фурдон (уырыс. океанический) æмæ денджызгæроны (уырыс. приморский) бæстыхъæдтæм.

Перты (Австрали) сæрд вæййы æнтæф æмæ хус (суткæйы иууыл бæрзонддæр температурæ у 30 °C, баддзæгты (уырыс. осадки) бæрц декабрь-февралы у 34 мм), зымæг та уымæл æмæ уазалгомау (суткæйы иуыл бæрзонддæр температурæ у 8 °C, баддзæгты бæрц июнь-августы у 450 мм). Уый у зæххастæуденджызон бæстыхъæды типикон дæнцæг.