Брытъиаты Елбыздыхъо
Брытъиаты Елбыздыхъо | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1881-æм азы 22 мартъийы[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1923-æм азы 25 сентябры[2] (42 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Ахуырад | |
Архайды хуыз | фыссæг, драматург, газетты редактор |
Брытъиаты Цопаны фырт Елбыздыхъо (райгуырдис 1881-æм азы Дæллагхъæуы, амардис 1923-æм азы) уыдис ирон фыссæг æмæ драматург, ирон театры бындурæвæрæг.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]«Ир сæ историон рæзты XIX æнусы кæрон схызтысты бæрзонд къæпхæнмæ, стыхджын сты сæ хъуыды æмæ сæ царды домæнтæ, æмæ сын фæзынд разагъды лæгтæ — Къоста, Секъа, Арсен. Хъуыди сæ театр, æмæ адæмæй рантыст ног курдиат — Брытъиаты Елбыздыхъо» (Джыккайты Шамил. Фарнхæссаг аивад. // Брытъиаты Елбыздыхъо. Уацмыстæ. Дз.: «Ир», 2002.).
Елбыздыхъо 1906-æм азы (Къоста куы амардис, уыцы аз) бацыдис Уæрæсейы кусджыты социал-демократон партийы рæнхъытæм. Уыцы аз ныффыста йæ тохмæсидæг трагеди «Хазби».
Йæ уацмысты ’хсæн:
- «Маймули — рухсаг, æгас цæуæд Ирон Тиатр»
- «Уæрæседзау»
- «Худинаджы бæсты — мæлæт»
- «Хазби»
- «Дыууæ хойы»
- «Амыран»
æмæ æндæртæ.
Елбыздыхъо цыдæриддæр фыста, ууыл кæддæриддæр бæрæг дардтой йæ политикон зондахаст, йæ революцион архайд, йæ цард. Йæ фыццаг пьесæ «Уæрæседзау» йæ рæстæджы цаутæм цыма ницы бар дары йæ мидисмæ гæсгæ, афтæ зыны. Уый бынтон афтæ нæу. Ныхас цæуы, магусайæ цæлуарзаг, фæсдзæуины «диныл» чи бафтыд, ахæм ницæйагыл. Муссæ йæ фыдæлты фарныл йæ къух систа, йе ’дылы митæй йæ хъæуккæгтæн смаст кодта, æмæ йæ сæнттæ цæгъдгæ ныууагътой. Йæ мадæлон æвзагæй хъазæнхъул кæй сарæзта, тынгдæр та сæ уый бафхæрдта, уый сын байдзаг кодта сæ масты дзæкъултæ.
Ссæдзæм æнусы райдианы Елбыздыхъойы æмдугонтæ фыстой комедитæ — Гуырдзыбеты Блашка, Кочысаты Розæ, Хъороты Дауыт. Цæсты ахадыдтой, фæлæ цард хицæн худæг хабæрттæй вазыгджындæр хæссы, кæд сын арф социалон уидæгтæ разыны, уæддæр.
Елбыздыхъо рахызт драматургийы зындæр, ахсджиагдæр жанртæм — драмæ æмæ трагедимæ. Æрмæстдæр уыцы жанрты ис равдисæн æххæстæй, бирæвæрсыгæй цардыуаджы, удварны хæрзтæ æмæ карз быцæутæ, мæлæтдзаг тох сæрибары сæрвæлтау, историйы æмæ мифологийы хъайтарты утæхсæн æмæ бæллицтæ. Ахæм цæстæнгас, ахæм æмбарынад сси Елбыздыхъойы эстетикæйы æрдзон миниуджыты сæйрагдæр.
Драматургæн йæ дыккаг пьесæ «Худинаджы бæсты — мæлæт» социалон мотивтæй бирæ хъæздыгдæр разынд. Цæвиттон, бæллæхтæ расайдтой пъырыстыфы æгæнон митæ, æмæ Хъырымы цард ныссуйтæ, фыдгæнæг дзы сарæзтой йæ æфхæрд царды æууæлтæ. Фыдæлты фарнæй цыдæртæ ныддардта дымгæмæ, куырыхон зондыл хæст Ахмæты мæрдтæм барвыста. Кад æмæ номыл мæлынц сæ дыууæ дæр, фæлæ ныхасы фæтк, æфсармы уæз æмæ домæнтæ фæйнæхуызон æмбарынц.
Пьесæ арæзт у патриархалон царды нывтæй, æрмæст сæйрагдæр уый у, æмæ фыдбылызты амидингæнæг паддзахы хицауады минæвар кæй у. Уый аххосæй ауадысты мæгуыр хохæгтæ æддæг-мидæг. Иу туг, иу стæг сты, фæлæ сын бафидауæн нæй, алчидæр сæ йæхирдыгонау æмбары рæстад, ныхасы фарн, æгъдауы домæнтæ, æмæ худинаджы бæсты мæлæт саккаг кодтой сæхицæн.
Уыцы трагеди дæр драматург нымайы æлгъыстаг цагъайраджы царды фæстиуæгыл, æмæ йæ ныхмæ сыстад, Уæрæсейы революцион тымыгъ куы сабухта, уый хæдразмæ. Куырмæлхынцъ сты рæстæг æмæ фыссæджы сфæлдыстад.
Ирон драматургийы сæрæвæрæн трагеди «Хазби» Елбыздыхъойы сфæлдыстады дæр, стæй нæ литературæйы историйы дæр ахсы сæрмагонд бынат. Фыццаг ирон историон драмæ сси æмæ рагæй нырмæ ацы уацмыс нымад у нæ литературæйы бæрзонддæр æнтыстытæй иуыл.
Фыссæг йе ’мдугонтимæ йæ рæстæджы дудаг сагъæстæ æмæ цаутыл дзуры историкы æвзагæй. Бантыст ын истори æмæ нырыккон цард, ома йæ заманы хъуыддæгтимæ сбæттын, быцæуты цыргъаг ног дуджы тохмæ саразын. Историйы факттæ, цаутæ, хъуыддæгтæ фыссæг æвдисы, иртасы аивадон фæлгонцты, йæ зондахаст, революцион змæлды активон архайæджы дунеæмбарынад куыд домы, куыд амоны, афтæ.
Елбыздыхъойы бынтæ чи иртæста, уыдон се ’ппæт дæр иу хъуыдымæ æрцыдысты: ницæмæн, дам, хъæуы пьесæйы мидисы бæлвырд-бæрæг историон цаутæ агурын, чи зоны, æмæ, дам, сае фæд дæр нæй, драматурджы ахæм сфæлдыстадон хæс нæ бадомдта, йæ размæ дæр æй не ’вæрдта.
Драматургæн йе сфæлдыстадон нысан æндæр хъуыдытæ æмæ сагъæстæй сбæрæг вæййы. Тохгæнæг хъайтары хъысмæт, йæ миддуне æмæ йе ’мтохгæнæг сæрибар хохæгты фæлгонцтæ сты сæйрагдæр. Уыдон сыстадысты тыхгæнджыты ныхмæ, сæ бартæм сын чи ныхилы, уыцы лæбурджытæн нæ ныббарстой, се сæфт уынынц уæйгæнджытæй, сæ ном æмæ сын кад чи ницæмæ дары, цæхгæр ныхасæй сæ коммæгæс уæвын, дæлбарæй цæрын чи домы, уыцы æрдонджы ныхмæ рацыдысты хъамалвæстæй.
Бæрзонд нысантæ, æнæкъæм хъуыдытæ, рæсугъд æнкъарæнтæ... Се знæгтæ ирвæзынц мæнг фæдфæливæнтæй. Йæ удыхъæд сæ алкæмæн дæр зыны йæ ныхасы, сæхи куыд дарынц, сæ зæрдæтæ цæуыл лæууынц, се ’хсæн цы быцæутæ рауайы, уыдæттæй.
Зынджы стъæлфæнæй сирвæзт пиллон арт. Хазби фæмард, басыгъд уыцы арты. Адæмон зарæг сси йæ цырт. Адæмы зæрдæты баззад æнæбасæттон хъайтарæй, паддзахы æфсæдты ныхмæ тохы дзыллæты сæрхъуызойæ.
Нудæсæм æнусы райдайæны цауты сæдæ азы фæстæ ахъардта революцион тохы улæфт, уымæн æмæ трагеди ныффыстæуыд революционеры къухæй. Уыдис ахæм рæстæг, æмæ-иу трагедийы театры репертуарæй систой, фыссæджы та-иу буржуазон националист схуыдтой. Нациолизмæн уацмысты йæ кой, йæ хъæр дæр нæй. Сæрибары сæраппонд тох æндæр цыдæр хуыйны. Трагедийы æвдыст цæуы феодалон æхсæнад. Хазби дæр уæдæ Хъобаны дзырддзæугæ лæгтæн сæ цауддæртæй нæ уыд.
Уый иу. Иннæмæй та драматург снывæста паддзахы æфсæдты ныхмæ тохы архайæджы. Йæ цæсгомыл цыма ног дуджы революцион тохы пиллон хъазы. Æмулæфт кæнынц истори æмæ ссæдзæм æнусы райдайæны цаутæ. Театрдзаутæ æмæ чиныгкæсджытæ бауарзтой Хазбийы. Стырдæр амондмæ нæ бæллыд Елбыздыхъо. Æмæ йæ йæ рыст удæй бавзæрста.
Назраны фидары талынг къуымы йæ драмæ «Дыууæ хойы» куы фыста, уæд дæр ахæм амондмæ тæхуды кодта. Фыссæгæн зынаргъ цы уыд æмæ кæй сомбоны хорзæхыл уагъта цъæх арт, уыдон иудзинадæй райрæзынц йæ эстетикæйы бындурон принциптæ. Кæнæ ис, кæнæ нæй, æртыккаг истæмæн хъуамæ бынат ма уа царды мидæг. Уый уыд максималисты цæхгæр домæн, æмæ йыл йæ зæрдæ никуы сивта. Ахæм уаг зыны йæ уацмысты сæргæндты дæр: «Худинаджы бæсты — мæлæт», «Маймули — рухсаг, æгас цæуæд ирон тиатр!» Афтæ зæгъæн ис Хазбийы удыхъæд æмæ Хансиаты монологтæй дæр.
Драмæ амад у тыхджын быцæуы бындурыл. Мулкдзаст Тæтæрхъан æмæ йæ хуызæттæ, Хансиат æмæ йæ табугæнджытæн бафидауæн нæй. Патриархалон цардыуаджы гуыппырсартæ фидар хæцынц, чи ныссæфтæг, ахæм мæлинаг æгъдæуттыл, сæ къæхты бын ссæндынц сидзæр чызджыты, рухсмæ кæй тырнынц, æрмæстдæр уый тыххæй. Уыдоныл дæр ис фæхæцæг, æмæ сцырын карз тох. Бæллæхтæн æнæрцæугæ нæ уыд æмæ æрцыдысты. Цардыуаджы бындуртæ æнцонæй нæ фехалдзынæ.
Худинаджы бæсты — мæлæт. Ахæм тæрхон рахастой сæхицæн Хъырым æмæ Ахмæт. Худинагæй стъæлфынц. Хазби æмæ Хансиат та загътаиккой: цагъайраджы царды бæсты — мæлæт. Удварны бæрзонддæр æмвæзадмæ схызтысты драмæ æмæ трагедийы хъайтартæ. Цин цард цъуттавæрдæй? Циу амонд рæхысбастæй? Хазби дæр æмæ Хансиат дæр сæ сæрмæ нæ хæссынц ахæм хъысмæт. Фæлтау — мæлæт. Сæ цæхæркалгæ ныхæсты æмæ монологты ахъардта революцион цауты комулæфт. Кæрæф, мæнгард удхорты æхсæн ферттывтой хуры тынтау, æрфæны фæд ныууагътой се ’мзæххонты æмæ се ’мдугонты зæрдæты сæ цардбæллон удты тæмæнæй.
Куыннæ уыд нæ литературæйы уарзæгой, фæразон, æфсармджын хæххон сылгоймæгты сурæттæ! Секъа æмæ Арсены прозæ уымæн æвдисæн. Арæх-иу баззадысты сæ састбазыр сагъæстæ æмæ мидхъынцъым, мидхъуырдухæнты æвджид. Уыцы уавæрыл никуы сразы уыдаиккой Хансиат æмæ йæ хæрзгæнджытæ. Æргомæй сдзырдта йæ бартыл. Цард, амонд, бæллиц — арф хъуыдыты аныгъуылы, æмæ ссары аккаг дзуаппытæ йæ фарстытæн: адæймаг хъуамæ сæрибар уа, фосау æй ма уæй кæной, йæ зæрдæйы фæндиæгтæм ын цыргъ хъама ма дарой тыхгæнджытæ. «Æдзух мæт, сагъæс, фыдæбон... Уæлдай дзырд, уæлдай къахдзæф ма акæн, ма фæхуд. Дæ фæндон баххæст кæнын нæ, фæлæ йæ æрмæст радзурын дæр ма суæнд. Уый цард у? Уымæн равзæрдтæн дунемæ? Уый цард нæу», — ахæм зондыл хæст у Хансиат. Цæрæццаг чызг басыгъди сафинаг æгъдæутты азарæй. Талынг æгъдæутты амæддагæй райгуырд, фæлæ сси тæрхонгæнæг хæрам, тыхми, мæнгарддзинадæн.
Тæрхонгæнæг æмæ тохгæнæг — ирон сылгоймаг йæ мæлæты бон царды бæрзæндтæй акаст, федта рухс фидæн, фæстагæттыл бафтыдта йе ’ууæнк, йæ ныфсæй сæ сбазырджын кодта.
Йæ арф зондахаст, йе стыр курдиат æмæ дæсныйадæй Елбыздыхъо сарæзта æппæт фадæттæ дæр ирон драматурги æмæ театралон аивады рæзтæн. Йæ кой айхъуыст æнæхъæн Ирыстоныл. Йæ пьесæтæ йын æвæрдтой Ольгинскæ æмæ Æрыдоны, Алагир æмæ Чырыстонхъæуы, Баку æмæ Тифлисы (Калачы), стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, Дзæуджыхъæу æмæ Цхинвалы.
Зындгонд цитатæтæ
[ивын | Бындур ивын]...ном лæгæн йæ кад у, йæ царды сæр.
Мæгуыр ироны йæ зынтæ дæр айрох вæййынц ныхасы бадгæйæ.
Уарзондзинад зонды коммæ нал фæкæсы.
Зæрдæ фæсæттынæн дæс цæфæй иу лæгъз ныхас хуыздæр у.
Адæмы фарн бирæ у, бирæ у адæмы тых, æрмæст се ’хсæн иудзинад куы уа, уæд. Зæрдиагæй цæуыл ныллæууой, уый баххæст кæндзысты, æрмæст кæрæдзийы ныхас куы 'мбарой, уæд.
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- В. Уарзиати. Диалог культур в творчестве Елбасдуко Бритаева Архивгонд æрцыдис 23 июны 2012 азы. (уырыс.)
Уацмыстæ
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ http://feb-web.ru/feb/kle/kle-abc/ke1/ke1-7392.htm
- ↑ 2,0 2,1 Бритаев Елбыздыко Цопанович // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
- 22 мартъийы чи райгуырдис, уыдон
- 1881-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- Куырттаты комы Дæллагхъæуы чи райгуырдис, уыдон
- 25 сентябры чи амардис, уыдон
- 1923-æм азы чи амардис, уыдон
- Дзæуджыхъæуы чи амардис, уыдон
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- Фысджытæ алфавитмæ гæсгæ
- Ирон фысджытæ
- Ирон драматургтæ
- Цæгат Ирыстоны фысджытæ
- Брытъиатæ