Перейти к содержанию

Абайтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Абайтæ
Рагон мыггаг Æгъуызатæ
Æрвадæлтæ Зоратæ, Икъатæ, Осиатæ
Кæм цардысты Къоб, Тырсыгом, Цъæйы ком, Сыбагом

Абайтæ[1][2] (уырыс. Абаевы, гуырдз. აბაშვილი) сты ирон мыггаг.

Абайæн рацыд бирæ фырттæ, уыдысты лæгджын æмæ тыхджын хæдзарвæндаг. Уымæ гæсгæ фæстагмæ Зоратæ дæр сæхи ныффыстой Абайтыл. Уæддæр ма сын абоны онг дæр сæ сылгоймæгты мыггаджы номæй Зориантæ хонынц. Абайтæ иууылдæр цардысты Сыбайы. Сыба дих кодта æртæ хъæуыл: Уæллаг Сыба (Хъугом), Астæуккаг Сыба æмæ Дæллаг Сыба. Уæллаг Сыба æмæ Астæуккаг Сыбайы цардысты Абайтæ. Абайтæй дарддæр ма царди уыцы хъæуты: Гулитæ, Приатæ, Коцатæ, Дзадтиатæ. Уæллаг Сыбайы Абайтæй цард ахæм хæдзарвæндæгтæ — фыдыфырттæ: Гæуыстæ, Цоцатæ. Астæуккаг Сыбайы хæдзарвæндæгтæ уыдысты: Гæбутæ, Бæдтутæ, Бæгуыстæ, Генотæ, Бæлатæ, Дзанаспитæ æмæ Бахтатæ. Ирон ахуыргонд Абайты Васо Бæлаты хæдзарвæндагæй уыд, йæ фыд Уанкъа (Иван) алыгъд Къобмæ кусынмæ, уым ус ракуырдта æмæ Къобы цæргæйæ баззад. Бахтатæ Зораты фыдæлтæ уыдысты. Абайтæн сæ фыдæлты уæлмæрдтæ дæр æмæ зæппæдзтæ дæр Сыбайы сты. Абайтæ Сыбайæ фæлыгъдысты цардагур куыд Хуссар Ирыстоны æндæр æмæ æндæр хъæутæм, афтæ Гуырдзыстоны районтæм дæр æмæ Цæгат Ирыстонмæ дæр. Сыбагомы нырма ис ахæм хъæууæттæ: Дыууæдоныастæу — уыгæрдæнты нæмттæм гæсгæ, уым, æвæццæгæн, цардысты Гæгойтæ, Осиатæ, Кутитæ. Сæ хæдзæртты хæлдтытæ абон дæр сты. Ис ма дзы Годжиты æмæ Габуты хæдзаруæттæ.

Сыбайы цы Приатæ цард, уыдон сæхи хуыдтой Абайты æрвадæлтæ, кæцæйдæр, дам, сæм хæцæнгарз бафтыд, фараст æфсымæры цæуæт уыдысты. Кацатæ æмæ Бахъатæ Приаты комкоммæ цардысты, цъус мыггæгтæ уыдысты. Приатæ сæ хæцæнгарзæй æхстой, сæ зæххытæ сын истой. Сфæлмæцыдысты æмæ Сыбайæ алыгъдысты. Уæд Приатæ сфæнд кодтой Абайты зæххытæ дæр сæхи бакæнын, фæлæ сын нæ рауад. Абайтæ сæ ныццагътой. Приатæй ма иу лæппу аирвæзт. Йæ мад æй сусæгæй æфцæгыл ахизын кодта Цæгат Ирмæ. Тарстис ын, Абайтæ йæ куы амарой, æмæ йæ Абайты мыггагыл ныффыста.

Сыбайы цы Гулитæ цард, уыдон дæр, Абайтæ тыхджын æмæ уæздан мыггаг кæй уыдысты, уымæ гæсгæ сæхи ныффыстой Абайтыл. Гулиты фыды номæй Бахтатæ хуыдтой. Æрдзæй зæнджын лæгтæ сæм уыд, ахуыргæндтæ дæр сæм бирæ уыд.

Абайтæн се ’рвадæлтыл нымадтой Зораты, Гулиты, Осиаты, Икъаты, Бахъаты.[1]

Хистæр фæлтæры ныхасмæ гæсгæ, Арвыкомы, Захъхъайы æмæ Хуссар Ирыстоны цæрæг Абайтæ сты Цъæйы комæй алидзæг.[3]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
  2. Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд
  3. Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. Дзæуджыхъæу: Ир, 1999