Перейти к содержанию

Касатæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Касатæ[1] (уырыс. Касаевы, Касашвили, Касошвили) сты ирон мыггаг.

Касатæ Мнамæ Уæлладжыры комæй алыгъдысты, уым кæй фæтуджджын сты, уый адыл. Чи ралыгъди, уыдон æрлæууыдысты Четырсы. Иутæ дзы уым æрбынат кодтой, иннæтæ та Мынайы коммæ ацыдысты, æртыккæгтæ та — Хиумæ. Хиуы сæ хуыдтой Чкареулитæ. Четырсы ма Одитæ дæр цардысты.[1]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.