Перейти к содержанию

Кени

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Кенийы Республикæ
Republic of Kenya
Jamhuri ya Kenya
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Девиз: «Harambee
Баиу уæм»
Гимн: «Ee Mungu Nguvu Yetu
О, сфæлдисæг Хуыцау»
Хæдбар сси 1963-æм азы Стыр Британийæ
Æвзаг англисаг, суахили
Сæйраг сахар Найроби
Стырдæр сахартæ Найроби
Хицауиуæджы хуыз Республикæ
Президент Мваи Кибаки
Фæзуат 580.367 км²
Доны процент 2,3
Цæрджытæ
• Бахыгъд (2013)
Æнгомад

44 037 656 ад.
65,1 ад./км²
ÆМП
• Æдæппæт (2006)
• Иу адæймагмæ
дунейы 92-æм
41,36 млрд. $
1200 $
Валютæ кениаг шиллинг
Интернет-домен .ke
Телефонон код +254
Сахатон таг +3
Кенийы картæ
Кенийы провинцитæ

Кени (суахили æмæ англ. Kenya) у Скæсæн Африкæйы паддзахад Индийы океаны былыл. Колони ма куы уыдис, йæ ном хуындис Британийы Скæсæны Африкæ, Кени та у бæстæйы астæу цы дынджыр хох лæууы, уый ном (кæс Кенийы цъупп, 5199 м).

Кенийæгтæй 22 % цæрынц сахарты. Нæлгоймæгты 90 % æмæ сылгоймæгты 80 % зонынц кæсын æмæ фыссын (2003).

Сæ динмæ гæсгæ кенийæгты фылдæр хай сты чырыстон диныл хаст (протестанттæ 45 %, католиктæ 33 %), бæстæйы ис пысылмæттæ дæр (10 %) æмæ бынæттон динты уырнджытæ (10-12 %).

Урсдзарм бритайнæгтæ æрцардысты Кенийы мидæг раны, кæцы зындгонд сси куыд Урс Уæлвæз (ныры Кенийы Центрон провинци, Найроби æмæ Кенийы цъуппы ’хсæн бæстæ). Урс фермерты нымæц хæццæ кодта 30 минмæ, уыдон фæхъæздыг сты къофи æмæ цай кæнынæй. 1950-тæм азты Мау-мауы растады фæстиуæгæн уыцы фермерты бахъуыдис бæстæйæ ацæуын.

Кенийы райгуырдис АИШ-ы президент Барак Обамайы фыд, уымæй кенийæгтæ тынг сæрыстыр сты. 2008-æм азы 4 ноябры уыдис уылæфæн бон Кенийы, цæмæй кенийаг адæм Обамайы президентады фæдыл бæрæгбон æрвитой.