Индийы фурд
Внешний вид
(Индийы океан-æй æрвыст)
| Индийы фурд | |
|---|---|
| Характеристикæ | |
| Фæзуат | 76,174 млн[1] км² |
| Гуырахст | 282,65 млн[2] км³ |
| Стырдæр арф | 7729 м |
| Астæуккаг арф | 3711 м |
| Ран | |
| 14°05′34″ ю. ш. 76°18′38″ в. д.HGЯO | |
Индийы фурд (океан) у Зæххы къорийы фурдты æртыккаг стырдæр. Зæххæн æмбæрзы йæ донцъары 20%.
Цæгатырдыгæй арæнгонд у Азийы континентæй, ныгуылæнырдыгæй — Аравийы æрдæгсакъадах æмæ Африкæйæ, скæсæнырдыгæй — Индокитай, Зонды сакъадæхтæй, хуссарырдыгæй — Хуссар фурдæй. Индийы æмæ Атлантикон фурдты ’хсæн арæн цæуы скæсæн дæргъады 20 градусыл, Индийы æмæ Сабыр фурдты арæн — скæсæн дæргъады 147 градусыл.
Индийы фурды тæккæ цæгатагдæр стъæлф ис Персы бакæлæны, цæгат уæрхады 30 градусмæ æввахс. Индийы фурд у 10000 км уæрхæн. Йæ фæзуат у 73 556 000 км² (Сырх денджыз æмæ Персы бакæлæн нымайгæйæ), бæрцут — 292 131 000 км³.
Индийы фурды æрбынат кодтой сакъадахон бæстæтæ — Мадагаскар, Коморы сакъадæхтæ, Сейшелтæ, Мальдивтæ, Маврикий, Шри-Ланка.