Габон
| |||||
Девиз: «Union, Travail, Justice (Иудзинад, Фæллой, Рæстдзинад)» | |||||
Гимн: «La Concorde» | |||||
Хæдбар сси | 1960 азы 17 августы Францæй | ||||
Æвзаг | францусаг | ||||
Сæйраг сахар | Либревиль | ||||
Стырдæр сахартæ | Либревиль | ||||
Хицауиуæджы хуыз | республикæ | ||||
Президент Премьер-министр |
Али Бонго Ондимба Поль Бийоге Мба | ||||
Фæзуат | 267 667 км² | ||||
Доны процент | - | ||||
Цæрджытæ • Бахыгъд (2009) • Æнгомад |
1 475 000 ад. 5,5 ад./км² | ||||
Валютæ | КФА-йы франк | ||||
Интернет-домен | .ga | ||||
Телефонон код | +241 | ||||
Сахатон таг | +1 |
Габон (фр. Gabon), Габоны Республикæ дæр (фр. République Gabonaise) у Африкæйы ныгуылæны паддзахад Атлантикон фурды былгæрон (былы дæргъ 885 км).
Габон хæдбар паддзахад сси 1960 азы. Уыцы рæстæгæй нырмæ æрмæст дыууæ адæймаджы уыдысты йæ президенттæ: Леон Мба (1961—1967) æмæ Альбер-Бернар Бонго (1973 азы райста пысылмон дин æмæ уæдæй нырмæ хуыйны эль-Хадж Омар Бонго).
Экономикæ
[ивын | Бындур ивын]Габон у Сау Африкæйы хъæздыгдæр æмæ стабилондæр паддзахæдтæй иу. Ис дзы æрдзон газ æмæ нефты гуырæнтæ, уран, марганец. Уæй кæны нефт (экспорты 80%), хъæд, марганец, уран, æфсæйнаг — экспорт у 7 млрд доллæры аргъ (2007 азы). Ахсджиагдæр æлхæнджытæ сты АИШ (33%), Китай (16%) æмæ Франц (9%)[1].
Импорты аргъ 2007 азы уыд 2,1 млрд доллæры. Габон æлхæны индустрион товартæ æмæ хойрæгтæ Франц (28%), АИШ (19%) æмæ Бельгийæ (6%).
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Archive copy(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 25 январы. Архив 2008-æм азы 10 декабры.