Камерун
Камеруны Республикæ | |||||
---|---|---|---|---|---|
фр. République du Cameroun англ. Republic of Cameroon | |||||
| |||||
Девиз: «Paix, Travail, Patrie» «Сабырдзинад, Фæллой, Фыдыбæстæ» |
|||||
Гимн: «Ô Cameroun, Berceau de nos Ancêtres» «О, Камерун, нæ фыдæлты авдæн» |
|||||
![]() |
|||||
Официалон æвзаг | францаг, англисаг | ||||
Сæйраг сахар | Яунде | ||||
Стырдæр сахартæ | Дуалæ, Яунде | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Президентон республикæ | ||||
Территори | |||||
• Æдæппæт | 475 440 км² | ||||
• Доны уæлцъары % | 1,3 | ||||
Цæрджытæ | |||||
• Бахыгъд (2020) | 27 744 989 ад. | ||||
• Æнгомад | 58,4 ад./км² | ||||
ÆМП | |||||
• Æдæппæт (2005) | 32 350 млн. долл. | ||||
Валютæ | КФА-йы франк | ||||
Интернет-домен | .cm | ||||
Код ISO | CM | ||||
ÆОК-ы код | CMR | ||||
Телефонон код | +237 | ||||
Сахатон таг | +1 | ||||
![]() |
Камеру́н (фр. Cameroun, англ. Cameroon [ˌkæməˈruːn]), официалон ном у Камеруны Республикæ (англ. Republic of Cameroon, фр. République Camerounaise) у унитарон республикæ центрон æмæ ныгуылæн Африкæйы. Йæ сыхæгтæ сты Нигери ныгуылырдыгæй, Чад цæгат-скæсæнырдыгæй, Централон Африкæйы Республикæ скæсæнырдыгæй, хуссарырдыгæй та — Габон, Конгойы Республикæ æмæ Экваториалон Гвиней. Хуссар-скæсæны Камерунæн ис денджызмæ бацæуæн — Атлантикон фурды Гвинейы бакæлæнмæ.
Бæстæ хонынц «Африкæйы миниатюрæ», уый тыххæй æмæ тынг алыхуызон у æрдзæй, культурæйæ, ландшафтæй. Ис дзы денджызы былгæрæттæ, æдзæрæгран, саваннæ, къæвда-хъæдтæ, хæхтæ. Бæстæйы бæрзонддæр хох у Камеруны хох (4040 м).
Камеруны цæрынц дыууæ сæдæйæ фылдæр алыхуызон адæмтæ, æвзагон æмæ культурон къордтæ. Камерун зындгонд сси йæ хигъæдон музыкæйæ, уæлдайдæр макоссæ æмæ бикутси стилтæй, æмæ йæ æнтыстджын футболон командæйæ. Официалон æвзæгтæ сты англисаг æмæ францаг, уый тыххæй æмæ Камеруны зæххытæ кæддæр уыдысты Стыр Британи æмæ Францы дæлбар.
Европæйæгтæ (португайлаг денджыздзаутæ) Камеруны былгæронмæ ’рбацыдысты XV æнусы. Ссардтой дзы тынг бирæ креветкæтæ — æмæ бæстæ дæр афтæ схуыдтой, Рио-душ-Камаронш, ома «креветкæты цæугæдон». Креветкæ ахсын ныр дæр у Камеруны ахсджиагдæр куыстытæй иу.
1884-æм азы Камерун сси Германы империйы колони, фæлæ Фыццаг дунеон хæсты фæстиуæгæн колони дихгонд æрцыд Стыр Британи æмæ Францы ’хсæн. Камеруны зæххытæ хæдбардзинад куы райстой, уæд бæстæ хуынди Камеруны Федералон Республикæ, 1972-æм азæй фæстæмæ — Камеруны Иугонд Республикæ, 1984-æм азæй та хуымæтæджы Камеруны Республикæ.

Камерун, Африкæйы иннæ паддзахæдтимæ абаргæйæ, у стабилон æмæ æдас. Уый фæрцы бæстæмæ гуылф кæнынц лигъдæттæ. Ахæм цæрджыты нымæц у 97 мины бæрц, уыдонæй фылдæр ЦАР æмæ Чадæй. Камеруны мидæг ма карзгомау сты Камеруны, англисагау æмæ францагау дзурдыжыты ’хсæн, стæй чырыстæттæ æмæ пысылмæтты ’хсæн ахастдзинæдтæ[1].
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ MacDonald, Brian S. (1997). "Case Study 4: Cameroon", Military Spending in Developing Countries: How Much Is Too Much? McGill-Queen's University Press. P. 69.