Джиоты Аллæ
Джиоты Аллæ | |
---|---|
Райгуырдис |
1949-æм азы 23 августы (75 азы) |
Ахуырад | |
Хорзæхтæ | |
Викикъæбицы медиа |
Джиоты Аллæ Алексейы чызг[1] (Алыксандры чызг дæр фыссынц[2]; райгуырдис 1949-æм азы Цхинвалы[2]) у раздæры Хуссар Ирыстоны ахуырады министр, президенты бынатмæ кандидат. Советон Цæдисы ахуырады отличник, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт ахуыргæнæг[2].
Одессæйы паддзахадон университет 1974-æм азы каст фæуыны фæстæ кусын райдыдта Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъолайы, сси уыцы скъолайы директор æмæ уыцы бынаты куыста 2002-æм азы онг[2]. 2002—2006 азты уыдис Хуссар Ирыстоны ахуырады министр.
Йæ архайды тыххæй 2007-æм азы 5 февралы байгом чындæуыд уголовон хъуыддаг, Уæрæсейы Федерацийы Уголовон Кодексы 285-æм статьйы цы фыдракæнд сфыст у, уый ракæныны фæдыл[3][4]. Тæрхондоны йын рахастой 2 азы æмæ 2 мæйы дзырдæй тæрхон æмæ 120 мин сомы ивæр[2].
Президенты бынатмæ æвзæрстытæ 2011-æм азы
[ивын | Бындур ивын]Джиоты Аллæ уыдис 2011-æм азы президенты бынатмæ æвзæрстыты 17 сфидаргонд кандидаттæй иу[5], æвзæрстытæм куы цыдис, йæ фарс хæцыдысты Тедеты Дзамболат æмæ Анатолий Баранкевич[6]. Фыццаг туры 11 кандидаты ’хсæн уый рацыдис дыккаг турмæ Бибылты Анатолийимæ æмæ та дыккаг туры райста 56,74% хъæлæстæ[7]. Хуссар Ирыстоны Централон Æвзарæн Къамис Джиоты Аллæйы банымадта президенты æвзæрстытæ рамбулгæ кандидатыл[8] æмæ йын радта официалон протокол, кæцыйы фыст ис, зæгъæ, уый у Хуссар Ирыстоны æвзæрст президент.[9]
Республикæ Хуссар Ирыстоны цы фæлхатгæ æвзæрстытæ æрцыдысты, уыдоны Джиоты Аллæйæн хайад исыны бар нæ уыд. Уыцы рæстæг йæ фарс чи фæлæууыд, уыдоны ’хсæн уыдис Мæскуыйы ирон æхсæнады советы сæрдар Къаболаты Валери[10].
2012-æм азы 23 майы Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид снысан кодта Джиоты Аллæйы хицауады сæрдары хæдивæгæй[11].
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Газет «Южная Осетия»: Спасибо за наших детей Архивгонд æрцыдис 12 мартъийы 2016 азы.
- ↑ 2,0 2,1 2,2 2,3 2,4 Джиоева Алла Александровна (уырыс.)
- ↑ http://osinform.ru/5137-byvshij_ministr_obrazovanija_rjuo_alla_dzhioeva_naxoditsja_pod_domashnim_arestom.html
- ↑ http://osinform.ru/4376-v_otnoshenii_byvshego_ministra_obrazovanija_rjuo_vozbuzhdeno_ugolovnoe_delo.html
- ↑ Кандидатты номхыгъд
- ↑ Алла Джиоева: "У Джамболата Тедеева в Южной Осетии очень много сторонников"
- ↑ ИА «Рес»: ЦИК РЮО: За Аллу Джиоеву проголосовало 56,74%, Анатолий Бибилов собрал 40%
- ↑ Центризбирком Южной Осетии признал победу Аллы Джиоевой(недоступная ссылка). Датæ: 2013-æм азы 9 июлы. Архив 2012-æм азы 3 февралы.
- ↑ ЦИК выдал Джиоевой протокол, где она признана президентом
- ↑ Обращение Валерия Каболова к избранному народом Республики Южная Осетия президенту Джиоевой А.А.
- ↑ Алла Джиоева назначена вице-премьером Южной Осетии