Гуырдзыстоны Советон Социалистон Республикæ
Внешний вид
Гуырдзыстоны Советон Социалистон Республикæ (гуырдз. საქართველოს საბჭოთა სოციალისტური რესპუბლიკა) Советон Цæдисы республикæтæй иу, Цæдисы сконды уыд 1936-æм азы 5 декабрæй 1991-æм азы 9 апрелы (де-факто) кæнæ 26 декабры (де-юре) онг.
1921—1936 азты йæ ном хуындис Социалистон Советон Республикæ Гуырдзыстон æмæ уыд Фæскавказы Социалистон Федеративон Советон Республикæйы ныгуылæн хай.
ГССР-йы хицауиуæг кодта йæ иунæг парти — Гуырдзыстоны коммунистон парти.
1991-æм азæй у хæдбар паддзахад — Гуырдзыстон.