1960-æм аз
Внешний вид
(1960-æй æрвыст)
Азтæ |
Дæсгай азтæ |
Æнустæ |
Цаутæ
[ивын | Бындур ивын]- Раздæры Францы колонитæ Мадагаскар, Нигер æмæ Чад систы хæдбар паддзахæдтæ.
- Мыхуырæй рацыдис ирон поэт Дзаболаты Хазбийы уацмысты фыццаг æмбырдгонд «Хæс».
- Райдыдта Асуаны донмарæны арæзтад Мысыры.
- Пакистан райдыдта йæ ног сæйраг сахар аразын — Исламабад.
- Советон Цæдисы сæвæрдтой сахар Талнахы бындур Таймыры.
- 10 мартъийы — Канадæйы индейæгтæ райстой хъæлæс кæныны бар.
Райгуырдысты
[ивын | Бындур ивын]- 22 августы — Сергей Меняйло, Сауденджызон флоты командæгæнæджы хæдивæг, вице-адмирал. Райгуырдис Алагиры. 2010-æм азы Меняйлойы кандидатурæ иннæты ’хсæн æвæрд æрцыдис Уæрæсейы президенты раз Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы бынатмæ.
- 30 августы — Бако Саакян, Уæлхох Карабахы нырыккон президент.
- 27 ноябры — Гæззаты Юри, футболон тренер.
Амардысты
[ивын | Бындур ивын]- 4 январы — Альбер Камю, францаг фыссæг æмæ философ.