Биазырты Алыксандр

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Биазырты Харитоны фырт Алыксандр (райгуырдис 1907-æм азы Цæгат Ирыстоны, Æрыдоны — амардис 2003-æм азы 20 июлы) у адæмон сфæлдыстад иртасæг æмæ æмбырдгæнæг, ахуыргæнæг, ирон æвзаджы ахуыргæнæн æмæ методикон чингуыты автор, ирон литературæ æмæ Нарты кадджытæ иртасæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны зонады сгуыхт архайæг.

1914 азы бацыд Æрыдоны семинары райдиан скъоламæ. Астæуккаг скъола каст фæци 1923 азы. Уый фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы педагогон институтмæ, фæлæ йæ хъуыддæгтæ нæ фæрастæ сты – рæуджыты низ æй ахуыр кæнын нæ бауагъта, æмæ хуыздæр бæстыхъæд агурæг ацыд Хуссар Ирыстонмæ. Райдыдта кусын Громы хъæуы скъолайы. Афæдзы фæстæ, йе ’нæниздзинад куы фæхуыздæр, уæд фæстæмæ æрыздæхт Дзæуджыхъæумæ æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта педагогон институты.

1929 азы Алыксандры фæсырдтой институтæй куыд «кулачъы фырт». Æрыдоны йын тæссаг уыди цæрынæн æмæ уый тыххæй алыгъди Мызурмæ, райдыдта скъолайы кусын, фæлæ ам дæр афæдзæй фылдæр «кулачъы фырты» кусын нæ баугътой. Мызурæй ацыд æмæ райдыдта кусын Назраны консервгæнæн заводы. 1933 азы цæрынмæ ацыд Хуссар Ирыстонмæ. Райдыдта кусын Ленингоры районы Цъолды хъæуы райдайæн скъолайы ахуыргæнæгæй. 1934 азы Алыксандр кусын райдыдта Ленингоры районы Захъхъоры скъолайы, 1936 азæй 1944 азы онг та уыди Цхинвалы районы Цъунары астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг. 1947 азы каст фæци Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институт. Уый фæстæ куыста ахуыргæнæгæй педтехникумы æмæ пединституты. 1957 азы сси Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæг институты кæстæр зонадон кусæг, стæй та хистæр зонадон кусæг. Уым фæкуыста 1983 азы онг. 1968 азы Биазыры-фырт бахъахъхъæдта кандидатон диссертации.

Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæг институты кусгæйæ Алыксандрæн бирæ бантысти.

Æрнывыл кодта æмæ мыхуыры рауагъта «Ирон адæмон аргъæуттæ» æртæ чиныгæй (1-аг том — 1959 азы, 2-аг том — 1960 азы, 3-аг том — 1962 азы). Чингуыты æдæппæт ис 500 аргъауы.

Æниу, кæуылты у Нарты кадджыты историон сусæгтæ раиртасыныл цы куыст бакодта Алыксандр, уый дæр мыхуыргонд æрцыдысты «Фидиуæджы», «Мах дуджы», «Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæг институты хабæртты», стæй хицæн чиныгæй.

Алыксандр у «Ирон æвзаджы грамматикæ»-йы автор, рауагътой йæ цыппар хатты — 1967, 1969, 1973 æмæ 1976 азты. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ Биазыры-фырт бирæ фарстатæн радта дзуапп, Темырболаты, Къостайы, Секъайы, Елбыздыхъойы, Цомахъы, Арсены сфæлдыстадон бынтæ куы иртæста, уæд.

Биазырты Алыксандр амардис 2003-æм азы 20 июлы.