Аргъау

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Аргъау, бирæон нымæц: аргъæуттæ у ирон фольклоры цæджындзтæй иу. Аргъæуттæ февдисынц сæ æрхъуыдыгæнæг адæмы кълассон ахастдзинæдтæ, сæ цардыуаг, сæ цæстæнгас, сæ æнусон бæллицтæ сæрибар æмæ æдыхст цардмæ.

Цæрæгойты тыххæй аргъæутты дæр фæсномыгхуызы æвдыст цæуынц адæм, адæмы цард.

Адæмы знæгтæ аргъæутты æмбæлынц уæйыг, кæфхъуындар, залиаг калм, къулбадæг ус æмæ æндæрты хуызы. Мæгуыр лæг кæнæ мæгуыр лæджы фырт семæ тохы бацæуы æмæ сыл фæуæлахиз вæййы.