Гæдиаты Цомахъ
Гæдиаты Цомахъ | |
---|---|
Райгуырды датæ | 14 (26) январы 1882 |
Райгуырæны бынат | Æддаг Ганис, Гуырдзыстон |
Мæлæты бон | 1931-æм азы 24 октябры (49 азы) |
Архайды хуыз | фыссæг |
Уацмысты æвзаг | ирон |
Гæдиаты Секъайы фырт Цомахъ (райгуырдис 1882-æм азы Хъуды комы, Дæллаг Ганисы — амардис 1931-æм азы 24 октябры) уыд литературон критик, революционер, æхсæнадон архайæг, поэт, драматург, прозаик, тæлмацгæнæг.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Райдиан ахуырад райста Джызæлы. Уый фæстæ фондз азы дæргъы (1892-1897) ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы дины училищæйы. Каст æй куы фæци, уæд ма ноджы æхсæз азы (1897-1903) ахуыр кодта Стъараполы дины семинары.
1903 азы Цомахъ ахуыр кæнынмæ бацыд Юрьевы университеты историон-филологон факультетмæ. Ам æй æрыййæфта тызмæг 1905 аз. Уый уыдис студентон змæлдтыты архайæг æмæ йын йæ ахуыр æнæ ныууадзгæ нал уыд æмæ фæстæмæ æрыздæхт Ирыстонмæ. Куыста ахуыргæнæгæй Джызæлы райдиан скъолайы.
Гæдиаты Цомахъ 1906 азы 23 июлы уадзын райдыдта ирон æвзагыл фыццаг газет — «Ирон газет». Фæстæдæр æй хицауад уадзын нал бауагъта. Цомахъ дзы мыхуыр кодта уацтæ æхсæнадон-политикон темæтыл. Ацы ран рабæрæг фыссæджы революцион хъуыды. 1906 азы фæстæмæ аздæхт Юрьевмæ æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта. Уæд бацыдис эсерты партийы эстойнаг организацимæ. Йæ политикон архайды æмæ уыцы партийы кæй уыд, уый тыххæй Цомахъы 1908 азы 7 мартъийы æрцахстой. Æртæ азы ахæстоны фæбадт, стæй йæ Сыбырмæ ахастой. Ахæстоны дæр Цомахъ йæ тох, йе сфæлдыстадон куыст нæ уагъта. Йæ «Ахæстоны фыстытæ», зæгъгæ, уыдоны ’хсæн зынгæ бынат ахсынц авд æмдзæвгæйы: «Хуры тын», «Бæлон», «Хæлæг», «Дæ чиныг», «Фын», «Ме ’фсымæрмæ», «Æрæхсæв».
1923-æм азы фыццаг куыста Хæххон республикæйы профессион ахуырады хайады хицауæй, стæй та рухсады адæмон комиссары хæдивæгæй. Уыцы иу рæстæджы уыдис Хæххон педагогон институты доцент, Дзæуджыхъæуы сæудæджерадон-экономикон техникумы лæвæрдта диалектикон æмæ историон материализм, уыдис газет «Рæстдзинад»-ы редактор.
1930-æм азы кæрон Цомахъ уæззау рынчын фæцис æмæ йæхи фæндонмæ гæсгæ ивд æрцыд Цæгат Ирыстоны зонад-иртасæн институтмæ. Йæ царды фæстаг бонты онг уыд йæ директор. 1931 азы 24 октябры Цомахъæн йæ зæрдæ йæ кусынæй банцад.