Базоркин, Идрис Муртузы фырт

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Идрис Муртузы фырт Базоркин
мæхъхъ. Байсаранаькъан Муртаза Идрис
Райгуырды датæ 15 (28) июны 1910
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1993-æм азы 31 майы(1993-05-31) (82 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг, поэт
Уацмысты æвзаг мæхъхъæлон
Хорзæхтæ
Адæмты хæлардзинады орден

Идрис Муртузы фырт Базоркин (мæхъхъ. Байсаранаькъан Муртаза Идрис; 1910 азы 15 июны, Терчы облæсты Назраны зылды Базоркинойы хъæу — 1993 азы 31 майы, Мæхъхъæлы Республикæ, Назран) уыди мæхъхъæлон советон фыссæг, поэт æмæ драматург; фыста уырыссаг æвзагыл.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Идрис райгуырдис Базоркинты мыггаджы хъæу Базоркинойы (æндæр ном — Мочко-юрт). Ацы хъæуы бындур æрæвæрдта фыссæджы фыдыфыды æфсымæр Базоркин Мочко (ныртæккæ — Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон районы Черменыхъæу).

Базоркинты мыггаг хауы, хæххон Мæхъхъæлы Эги-Калы хъæуæй чи рацыдиc, уыцы Газдиевты ахилмæ. Фыссæджы фыдыфыд Бунухо уыди, паддзахы æфсады инæлар чи сси, ахæм фыццаг мæхъхъæлæттæй иу. Йæ æхсæз фырты куы рахъомыл сты, уæд райстой уæды заманмæ гæсгæ хорз ахуыр, фæстæдæр систы мæхъхъæлон интеллегенцийы минæвæрттæ. Идрисы фыд Муртуз-Али (Бунухойы æртыккаг фырт) уыди паддзахы æфсады инæлар, æмæ революцийы фæстæ, мидхæсты рæстæг ног режимы фарс кæй нæ уыди, уый охыл афтыди Персимæ æмæ уым 1924-æм азы амарди. Фыссæджы мад Греттæ уыди, францаг уидæгтæ кæмæн уыди, уыцы швейцариаг инженер де-Гратцейы чызг. Йæ фыд куыста Дзæуджыхъæуы. Греттæ бауарзын кодта суинаг фыссæгæн уырыссаг æмæ ныгуылæн-европæйаг культурæ. Сылгоймаг амардис Дзæуджыхъæуы, 1923-æм азы. Афтæмæй Идрис баззадис зыбыты сидзæрæй.

Райдианты Идрис ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы гимназы цæттæгæнæн къласы, фæлæ фæсреволюцион змæстыты фыдæй йæ ахуыр адарддæр кодта йæ райгуырæн хъæуы медресейы.

1924-æм азы Базоркин бацыдис Мæхъхъæлон педагогон техникуммæ (Дзæуджыхъæу). Уым ахуыры рæстæг Идрис райдыдта фæлварын йæ тыхтæ литературæйы — йæ фыццаг уацмыстæ уыдысты, къухфыст журнал «Красные ростки»-йы («Сырх билцъытæ») чи рацыдис, уыцы æмдзæвгæтæ.

Идрис Базоркины ахуыргæнджытæй иу уыди профессор-лингвист Немировский. Йæ зæрды уыди, цæмæй студент равзæрстаид æвзагзонынады къабаз. Уымæн Идрисы бахъуыдаид ныууадзын йæ литературон архайд æмæ æххæстæй хи снывонд кæнын æвзæгтæ иртасынæн. Фæлæ суинаг фыссæг не сразы ис, уымæн æмæ уæдмæ йæхицæн скарста, йæ цард дзырдаивадимæ кæй сбæтдзæн. 1930-æм азы, педагогон техникум каст фæуыны фæстæ Базоркин бацыди Цæгат Кавказы педагогон институты (Дзæуджыхъæу) æхсæнадон-литературон хайадмæ. Уыцы азты Идрис фыста радзырдтæ, пьесæтæ, æмдзæвгæтæ, уацтæ.

1932-æм азы Базоркин æмæ Мухарбек Шадиевимæ иумæ рауагътой мæхъхъæлон æвзаджы ахуырычиныг хъæууон скъолаты фыццæгæм кълæстæн. Чиныджы нывтæ скодта Базоркин йæхæдæг. 1932–1934-æм азты Идрис уыциу рæстæг ахуыр кодта Орджоникидзейы (Дзæуджыхъæуы) æмæ куыста ахуыргæнæгæй Мæхъхъæлы хæххон хъæуты. 1934-æм азы Орджоникидзейы сахары Мæхъхъæлы национ рауагъдад «Сердало»-йы («Рухс») рацыдис фыссæджы радзырдтæ æмæ æмдзæвгæты æмбырдгонд «Назманч» («Зарæггæнæг»). Уыцы аз Базоркин ссис ССРЦ-ы фысджыты цæдисы уæнг.

19341935-æм азты, куыддæр Цæцæн æмæ Мæхъхъæл баиу чындис, афтæ Базоркин раивта йæ цæрæнбынат Грознайы сахармæ.

Грознайы уыцы заман райдыдта кусын Цæцæн-Мæхъхъæлы театралон студи. Йæ кусджытæ (уыдонимæ Базоркин дæр) æрвыст æрцыдысты стажировкæмæ Шота Руставелийы номыл Тбилисы паддзахадон театрмæ. 19351938-æм азты литератор куыста Орджоникидзейы, педагогон рабфачы завучæй (ахуырады хайады хицау).

1937-æм азы Базоркин ныффыста мæхъхъæлон литературæйы фыццыг пьесæ «На заре». Уацмысы ныхас цæуы 1919-æм азы Цæгат Кавказы урсгвардионты ныхмæ тох чи кодта, уыдоны тыххæй. 1938-æм азы пьесæ æвæрд æрцыд иронау Цæгат Ирыстоны паддзахадон театры сценæйыл (тæлмацгæнæг — Токаты Асæх).

1938-æм азы (уæдмæ Мæхъхъæл æмæ Цæцæн иугонд уыдысты) Базоркин, иннæ мæхъхъæлон интеллегенттау ацыди Орджоникидзейæ (Цæгат Ирыстоны æмæ Мæхъхъæлы раздæры иумæйаг центр) Грознамæ. Уым фыссæг куыста Цæцæн-Мæхъхъæлы паддзахадон драмон театры литературон хайады сæргълæууæгæй. 1943-æм азы фыссæг сфæнд кодта литературон къабазы дæр архайын.

1944-æм азы 23 февралы мæхъхъæлæттæ хаст æрцыдысты Астæуккаг Азимæ (Цæгат Хъазахстанмæ, стæй æндæр рæттæм). Афтæмæй фыссæг бахауди Хъиргъизмæ. Уым кусын райдыдта Фрунзейы (Бишкечы сахары раздæры ном) оперæ æмæ балеты театры. Хаст литератортæм нæ уыди фыссыны æмæ сæ уацмыстæ мыхуыр кæныны бар, æмæ уымæн Базоркин, фæстæдæры реабелитацийыл зæрдæ даргæйæ, архайдта йæ фидæны уацмыстæн æмбырд кæнын æрмæг.

1956-æм азы цæцæны æмæ мæхъхъæлы интеллигенцийы минæвæртты къордимæ фыссæг æрцыди Мæскуымæ, паддзахады сæргълæуджытимæ фембæлынмæ — ныхас дзы цыди репрессигонд адæмты среабелитаци кæныныл.

1958-æм азы Базоркин ныффыста, мæхъхъæлон литературæйы фыццаг ахæм чи уыди, уыцы авантюрон (уырыс. приключенческий) уацау «Призыв». Йæ бындурæн литератор райста æцæг цаутæ — Дзæуджыхъæуы 1918-æм азы райдианы мидхæсты хабæрттæ.

Фрунзейы оперæ æмæ балеты театры ма куы куыста, уæд Идрис цæст дарын райдыдта фидæны зындгонд хореограф Махмуд Эсамбаевы фыццаг къахдзæфтæм. Фæстæдæр Базоркин ныффыста, кафæджы цардвæндаг йæ бындурæн кæмæн райста, ахæм очерк «Труд и розы». Ацы уацмысмæ гæсгæ сарæзтæуыд, «Я буду танцевать!», зæгъгæ, уыцы кинонывы сценари. Фильм систæуыд 1963-æм азы студи «Азербайджанфильм»-ы. Махмуд Эсамбаев дзы ахъазыди йæхæдæг йæхи; уымæй уæлдай дзы ахъазыдысты зындгонд артисттæ Тæбæхсæуты Владимир, Лейлæ Абашидзе æмæ æндæртæ.

1960-æм азы мыхуыры рацыди Идрис Базоркины уацмысты дыууæтомон æмбырдгонд мæхъхъæлон æвзагыл (уырыссагау кæй ныффыста, йæ уыцы уацмыстæ мæхъхъæлонмæ автор раивта йæхæдæг). 1963-æм азы рухс федта йæ уырыссаг уацмысты иутомон чиныг.

Йæ боныджы литератор ныффыста:

«1963-æм азы 15 февралы, мæ литературон „ивгъуыдæн“ кæрон скæнгæйæ, дыууæ томы мæхъхъæлонау рауадзгæйæ, иу — уырыссагау, æмæ фильмы хъуыддаг сæххæстгæнгæйæ, райдыдтон систематизаци кæнын романæн æмбырдгонд æрмæг».

Йæ роман-эпопей Базоркин фыста Дзæрæхы комы йын цы дачæ уыди, уым. Чиныг сси йæ царды сæйраг фæллой.

Йæ роман мыхуыры кæд рацыдис, уыцы 1968-æм азы фыссæг раивта йæ цæрæнбынат Орджоникидземæ.

Райдианы фæзынди ахæм цæстæнгас, зæгъгæ, роман «Дугты талынгæй» (уырыс. «Из тьмы веков») у мæхъхъæлон адæмы царды энциклопеди, фæлæ автор йæхæдæг ахæм хъуыдыимæ разы нæ уыди:

«А чиныг нæу мæхъхъæлон адæмы ивгъуыд сæдæ азы царды энциклопеди. Ныхас дзы цæудзæн адæймаджы райрæзтыл, историйы ахсджиаг цауты уавæры дыууæ характеры кæрæдзиимæ куыд тох кæнынц, ууыл...»

Йæ æндæр уацмыстау ацы роман дæр Базоркин ныффыста уырыссаг æвзагыл, æмæ уымæн ныронг у быцæуаг ахæм фарста, зæгъгæ, кæцы литературæмæ хауы ацы чиныг — уырыссаг æви мæхъхъæлонмæ. Романæн стыр аргъ скодтой ахæм критиктæ куыд Джусойты Нафи, Хæдæрцаты Азæ, Удзият Далгат, Григорий Ломидзе æмæ æндæртæ.

1972-æм азы кæрон Базоркины хъæппæрисæй Цæдисы Коммунистон партийы ЦК-мæ æрвыст æрцыд, Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон район Цæцæн-Мæхъхъæлæн фæстæмæ раттыны фарста кæм æрæвæрдæуыд, ахæм коллективон фыстæг.

1973-æм азы январы Грознайы сахары мæхъхъæлæттæ сарæзтой ацы курдиатæн баххуысы охыл митинг. Митинг саразджыты, уыдонимæ Идрис Базоркины дæр, фæзылын кодтой национализмæй, фыссæджы ацух кодтой партийы рæнхъытæй, йæ чингуытæ ист æрцыдысты чиныгдæттæй, йæ ном та аппæрстой ахуырычингуытæй æмæ хрестоматитæй.

Фыссæджы зæрды уыди адарддæр кæнын роман. Йæ хъуыдымæ гæсгæ эпопей хъуамæ арæзт уыдаид æртæ хайæ: фыццаг — «Из тьмы веков» — фæуд кæны 1918-æм азы хабæрттæй; дыккаг (йæ рагагъоммæйы ном — «Обитатели башен») хъуамæ фæуд кодтаид 1941-æм азы цаутыл, æртыккаджы («Тайна замка Ольгеты») ныхас цыдаид 1958-æм азы размæйы цауты тыххæй.

1992-æм азы ир æмæ мæхъхъæлы конфликты рæстæг, цæмæй искæйырдыгæй провокаци ма æруагъдæуа, уымæн Цæгат Ирыстоны хицауады минæвæрттæ раластой фыссæджы йæ цæрæнбынатæй (Дзæуджыхъæуы фатерæй), йæ мулк та (уыимæ романы дарддæры хæйтты къухфыстытæ) аластой æнæзонгæ адæм. Къухфыстыты хъысмæт ныронг бæрæг нæма у.

1992-æм азы ноябры, куыддæр конфликты æргом фазæ фæцис, афтæ Базоркины аластой Мæхъхъæлмæ. Уым фыссæг фæзиан 1993-æм азы 31 майы. Баныгæдтой йæ йæ мыггагон хъæу Эгикалы.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Патиев Я. С. Базоркинская энциклопедия. — Ростов-Д.: Южный издательский дом, 2017. — С. 259.
  • Муса Гешаев. Знаменитые ингуши. — Турин: STIG, 2003. — Т. 1. — С. 76—78. — 620 с. — 2000 экз.