Мæхъхъæлон педагогон техникум
Внешний вид
Мæхъхъæлон педагогон техникум (уырыс. Ингушский педагогический техникум) уыдис мæхъхъæлон хъæутæн ахуыргæнджытæ чи цæттæ кодта, ахæм сæрмагонд ахуыргæнæдон Дзæуджыхъæуы. Кусын райдыдта 1924-æм азы. Техникумы бæстыхай нывыл нæ уыдис, фæлæ йæ цалцæг 1924-æм азы баурæдтой, уый тыххæй æмæ ахсджиагдæр уыдис ног скъолатæ гом кæнын.
Педагогон техникум сси фыццаг мæхъхъæлон фысджытæ æмæ журналистты «куырдадз». Ахуыр дзы кодтой Идрис Базоркин, Хаджи-Бекир Муталиев, Хамзат Осмиев, Юсуп Чахкиев æмæ бирæ æндæртæ.
Техникум ма цалдæр азы куыста, Цæцæн æмæ Мæхъхъæл 1934-æм азы куы баиу сты, уый фæстæ дæр.
Дзæуджыхъæуы ма куыста Мæхъхъæлон индустрион техникум (уырыс. Ингушский индустриальный техникум).