Перейти к содержанию

Медресе

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Медресе ШердорСамарканды æртæ зындгонддæр медресейæ иу, арæзт æрцыдис 1619—1636 азты

Медресе (арабб. مدرسة‎‎ — дзырдæй-дзырдмæ «ахуыргæнæндон») у скъолайы ном пысылмон бæстæты.

Медресеты ахуыр кæнынц араббаг æвзаг, Хъуыран æмæ йæ æмбарынгæнæнтæ, хадистæ, калам (динон ныхас), шариат, дины истори, стæй иуæй-иу æндæр иумæйаг ахуырады предметтæ.

Октябры революцийы агъоммæ Уæрæсейы дæр куыстой медресетæ, цæрджытæй сæ фылдæр пысылмон диныл хаст кæм уыдысты, уыцы регионты.