Рагсомихаг æвзаг
Внешний вид
Грабар (сом. Գրաբար; дзырдæй-дзырдмæ тæлмац: фæсгæ, фыссыны), кæнæ классикон сомихаг æвзаг — сомихаг æвзаджы тæккæ рагондæр фысгæ формæ.
Грабары фыццаг æвдисæйнæгтæ ахæссæн ис нæ эрæйы V æнусмæ, сомихаг рухстауæг Месроп Маштоц сомихаг алфивит куы скодта, уæдмæ.
Литературон æвзаджы нысаниуæг йын уыдис суанг XIX æнусы райдианмæ, цалынмæ Хачатур Абовян йæ уацмыстæ нæ райдыдта фыссын уæдыккон адæмон æвзагыл.
Бирæ антикон æмæ астæузаманон авторты уацмыстæ махмæ æрхæццæ сты æрмæст грабармæ тæлмацгондæй.