Че Гевара, Эрнесто
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
| Эрнесто Че Гевара исп. Ernesto Guevara de la Serna Linch |
|||
|
|||
|---|---|---|---|
| 23 февралы 1961 азæй — 1 апрелы 1965 | |||
| Фæстæдæр: | Артуро Гусман | ||
|
|||
| 26 ноябры 1959 азæй — 23 февралы 1961 | |||
| Парти: | Кубæйы коммунистон парти | ||
| Ахуырад: | Буэнос-Айресы университет | ||
| Дæсниад: | Хосгæнæг-хирург æмæ дерматолог | ||
| Адæмыхатт: | Аргентинаг | ||
| Дин: | Атеист | ||
| Райгуырд: | 14.6.1928 Росарио |
||
| Амард: | 9.10.1967 Ла-Игерæ |
||
| Фыд: | Эрнесто Гевара Линч | ||
| Мад: | Селия де ла Серна | ||
| Бинойнаг: | 1) Ильда Гадеа (1955—1959) 2) Алейда Марч (1959 азæй) |
||
| Сывæллæттæ: | фырттæ: Камило æмæ Эрнесто чызджытæ: Ильдæ, Алейдæ æмæ Селия |
||
|
Эрнесто Че Гевара ВикиКъæбицы
|
|||
Эрнесто Че Гевара (исп. Ernesto Che Guevara, æххæст ном Эрнесто Гевара де ла Серна Линч, исп. Ernesto Guevara de la Serna Linch; 14 июны 1928, Росарио, Аргентинæ — 9 октябыры 1967, Ла Игэра, Боливи) уыди Латинаг Америкæйы революционер, команданте, 1959-æм азы Кубæйы революцийы архайæг. Латинаг Америкæйы йедтæмæ ма архайдта Республикæ Конгойы. Фæсномыг Че йын радтой кубæйаг растджытæ, уымæн æмæ аргентинæгты ’хсæн, индейæгты гуараниаг æвзагæй сæм чи æрбахауди, уыцы æвастхъæр, йæ интонаци æмæ контекстмæ гæсгæ, фæбæрæг кæны куы иу, куы иннæ зæгъинаг. Арæхдæр уый амоны æмбал, æрдхорд.
|
Куы фæхæрд уон æз, уæд уый ууыл нæ дзурдзæн æмæ фæуæлахиз уæвæн нæй. Бирæтæ фембылд сты, Эвересты цъупмæ тырнгæйæ, æмæ уæддæр Эверестыл уæлахиз æрцыд. |
Сæргæндтæ |
[баив æй] Биографи
[баив æй] Сабибонтæ, лæппуйы азтæ
Эрнесто Геварæ райгуырди 1928-æм азы 14 июны Аргентинæйы сахар Росариойы, ирландиаг уидæгтæ кæмæн уыди, уыцы архитектор Эрнесто Гевара Линчы (1900—1987) бинонты ’хсæн. Йæ мад доньйæ Селийæ де ла Серна ла Льосайы (1908—1965) æрдыгæй Че Геварæмæ уыди испайнаг уидæгтæ. Йæ мадæн дард бавæйгæ уыд генерал Хосе де ла Серна-э-Инохоса. Уый уыди, Испанийæн Латинаг Америкæйы цы цыппар вице-къаролæдтæ уыди, уыдонæй тæккæ гыццылдæр — Перуйы вице-къарол. Селийæ хæстæджытæй бын райста провинци Мисьонесы мате-йы («парагвайаг цай») плантаци. Кусджыты уавæр фæхуыздæргæнгæйæ — уыимæ сын æхцайæ райдыдта фидын, Чейы фыд смæстджын кодта сыхаг плантаторты, æмæ сæ бинонтæн æндæр гæнæн нал уыд æмæ Росариомæ алыгъдысты, уыцы рæстæг Аргентинæйы дыккаг дынджырдæр сахармæ. Уым байгом кодтой йерба-мате цай амал кæныны фабрикæ. Уыцы сахары цын райгуырд фырт Эрнесто. Дунеон экономикон кризисы тыххæй сæ бинонтæ цасдæр рæстæджы фæстæ раздæхтысты Мисьонесмæ, сæ плантацимæ.
Эрнестойы йедтæмæ, кæцыйы гыццылæй хуыдтой Тэтэ (тæлмацæй «хъыбыл»), хæдзары ма уыд цыппар сывæллоны: Селийæ (сси архитектор), Роберто (адвокат), Анна Марийæ (архитектор), Хуан Мартин (проектгæнæг). Æппæт сывæллæттæ фесты уæлдæр скъолатæ.
Дыууæаздзыдæй, 1930 азы 2 майы Тэтэйыл сæмбæлд фыццаг бронхæты астмæйы фæтынг — ацы низ йæ хъыгдардта æнæхъæн царды дæргъы. Сывæллоны æнæниздзинад цæмæй фæхуыздæр уа, уый тыххæй бинонтæ афтыдысты провинци Кордовæмæ, уымæн æмæ дзы низты ныхмæ уыд хуыздæр хæххон уæлдæф. Сæ плантаци ауæйгæнгæйæ бинонтæ балхæдтой «Виллæ Нидийæ» Альта-Гарсияйы, кæцы уыди денджызы æмвæзадæй дыууæ мин метрæй уæлдæр. Фыд райдыдта кусын арæзтады подрядисæгæй, мад та йæ цæст дардта рынчын сывæллонмæ. Фыццаг дыууæ азы Чейæн йæ бон нæ уыд низы тыххæй скъоламæ цæуын æмæ ахуыр кодта хæдзары, алы бон дæр-иу æм уыди низы ныббырстытæ. Уый фæстæ каст фæци фæурæдтимæ (низы тыххæй) астæуккаг скъола Альтæ-Гарсияйы. Æртындæсаздзыдæй Эрнесто бацыд Деан-Фунесы номыл паддзахадон колледжмæ, æмæ йæ каст фæци 1945 азы. Уый фæстæ бацыд Буэнос-Айресы университеты медицинон факультетмæ. Йæ фыд дон Эрнесто Гевара Линч 1969 азы февралы дзырдта:
|
Мæ цотæн мæ фæндыди раттын уæрæх, алывæрсыг ахуырад. Стæй нæ хæдзар кæддæриддæр гом уыди се ’мгæрттæн, кæдоны астæу уыдысты бонджын адæмы сывæллæттæ дæр, хуымæтæг кусджыты сывæллæттæ дæр, уыди дзы комунистты сывæллæттæ. Зæгъæм Тэтэ лымæн уыди Негритæимæ, поэт Каэтано Кордоба Итурбуруйы чызгимæ, кæцы уæд коммунистон идейæтыл уыд æнувыд. |
[баив æй] Зæрдæрардтæ
1964-æм азы кубæйаг газет «Эль Мундо»-йы уацхæссæгимæ ныхасгæнгæйæ Геварæ радзырдта, Кубæмæ лæмбынæгдæр æркаст, 11 азы йыл куы цыд, уæд. Шахмæттæ уæд йæ зæрдæмæ тынг цыдысты, æмæ раст уыцы афон Буэнос-Айресмæ æрцыдис зындгонд шахматист Хосе Рауль Капабланкæ.
Чейы мад æмæ фыды хæдзары уыдис, цалдæр мин чиныджы кæм уыди, ахæм библиотекæ. Цыппараздзыдæй Геварæ йæ мад æмæ фыды хуызæн тынг фæцахуыр ис кæсыныл, æмæ йæ царды фæстаг бонтæм ацы ахуыр нæ ныууагъта. Лæппуйæ касти алыхуызон чингуытæ: Сальгари, Жюль Верн, Дюма, Гюго, Джек Лондон, фæстæдæр — Сервантес, Анатоль Франс, Лев Толстой, Достоевский, Горький, Энгельс, Ленин, Кропоткин, Бакунин, Карл Маркс, Фрейд. Бакасти уыцы рæстæджы Латинаг Америкæйы популярон чи уыди, уыцы социалон романты авторты — Сирио Аллегри Перуйæ, Хорхе Икаса Эквадорæй, Хосе Эустасио Ривера Колумбийæ, кæдоны æвдыст æрцыдис индейæгты æмæ кусджыты цард плантациты; аргентинаг авторты уацмыстæ - Хосе Эрнандесы, Сармьенто æмæ æндæрты.
Æрыгон Эрнесто кастис францаг æвзагыл (йæ гыццылæй æй зыдта) æмæ Сартры философон куыстытæ рахатын кодта. Уарзта поэзи, йæхæдæг дæр фыста æмдзæвгæтæ. Уарзта Бодлеры, Верлены, Гарсиа Лоркæйы, Антонио Мачадойы, Пабло Нерудайы æмдзæвгæтæ, йæ рæстæджы цæрæг поэт-республиконы Леон Фелипейы фыстытæ. Йæ мæлæты фæстæ йæ хызыны ссардæуыд «Боливиаг боныджы» йедтæмæ къухфыст йæ уарзон æмдзæвгæтимæ. Фæстæдæр Кубæйы мыхуыры рацыд дыууæтомон æмбырдгонд Че Геварæйы фыстæджытæй. Тэтэ тыхджын уыди дырыс зонæдты, фæлæ равзæрста дохтыры фæндаг. Хъазыди къахпортийæ бынæттон спортивон клуб «Аталайя»-йы, уыди дыккаг командæйы хъазæг (фыццаджы йæ бон нæ уыд, уый тыххæй æмæ йын астмæйы тыххæй рæстæгæй-рæстæгмæ хъуыди ингалятор). Ноджы æнувыд уыди регбийыл, бæхылбадыны спортыл, уарзта гольф æмæ планеризм, тынг æнувыд уыд велосипедыл цæуыныл (йæ мойаг Чиниинæйæн цы къамтæ балæвар кодта уыдоней иуы бын фыст: «педалы паддзах»).
1950-æм азы, студент уæвгæйæ, Эрнесто баххуырста йæхи нефтласæн наумæ Аргентинæйæ, кæцыйимæ балæууыд сакъадах Тринидады æмæ Британийы Гвианæйы. Уый фæстæ ацыд балцы мопедыл, кæцы йын лæвæрд æрцыд фирмæ «Микронæй» рæкламæйы тыххæй, йæ фæндаггон хæрдзты хай дæр ма йын сæхгæдтой. Аргентинаг журналы «Эль-Графикойы» цы фыстæг рацыд 1950-æм азы 5 майы, Че фыста:
|
23 февралы 1950 азы. Сеньйортæ, мопедты фирмæ «Микроны» минæвæрттæ. Æрвитын уæм бæрæг кæнынмæ мопед «Микрон». Ауыл æз ацыдтæн цыппар мин километры Аргентинæйы дыууадæс провинцийыл. Мопед æнæхъæн фæндаджы дæргъы иттæг хорз куыста, æмæ дзы фæндаджы кæрон не ссардтон ницы цалцæггæнинагæй. Æнхъæлмæ кæсын йæ фæстæмæ райсынмæ — цы хуызы уæм æй æрвитын, афтæмæй. «Эрнесто Гевара Серна» |
Йæ лæппуйы рæстæджы уарзон Чейæн уыди Чинчинæ (тæлмацгондæй — «дзæнгæда»), Кордовæйы æппæты хъæздыгдæр зæхдарджыты чызг. Чинчинæйы хойы ныхæстæм гæсгæ æмæ ма æндæр адæмы мысинæгтæм гæсгæ, Че йæ тынг уарзта æмæ йæ хъавыди ракурын. Хонгæ изæртæм-иу ’рбацыд зæронд, æвзæр конд дзаумæтты, æмæ æнæфастæй, мæ уымæй тынг дих кодта хъæздыг мыггæгты байзæддæгтимæ, кæдон дæр йæ уарзоны къух æмæ зæрдæмæ тырныдтой, стæй хицæн кодта уæды рæстæджæ æрыгон аргентинаг лæппутæ цы фæткмæ гæсгæ дардтой уæлдарæс, уыимæ дæр. Сæ æмахастдзинæдты бахъыгдардта Чейы фæндон йæ цард раттын хъотырæй рынчын хуссарамерикæгты дзæбæх кæнынæн, ацы хъуыддаджы хъуамæ ацыдаид Альберт Швейцеры фæндагыл, кæцыйы ном тынг бæрзонд æвæрд æрцыд Эрнестомæ.
[баив æй] Зын азты
Испанийы мидхæст расайдта стыр æхсæнадон резонанс Аргентинæйы. Чейы ныййарджытæ лæггад кодтой Æххуысы комитæт республикон Испанийæн, сæ сыхаг æмæ æмбал та уыди премьер-министыр Негринайы (уыди ацы бынаты Республикæйы басасты бонмæ) хæдивæг Хуан Гонсалес Агильяр, кæцы ралыгъд Аргентинæмæ æмæ æрцард Альта-Гарсияйы. Сывæллæтæ ахуыр кодтой иу скъолайы, стæй колледжы Кордовайы. Чейы мад Селия алы бон сæ хæдтулгæйыл ласта сахармæ. Зындгонд республикон инæлар Хурадо, уазæгуаты уыд Гонсалестæм, арæх-иу уыди Чейы ныййарджыты хæдзары æмæ-иу дзырдта хæсты хабæртты тыххæй, франкистты æмæ немыцаг нацистты архайды тыххæй. Чейы фыдмæ афтæ касти, æмæ уыдон иууылдæр Эрнестойы хъуыдытыл тынг бандæвтой.
Дыккаг дунеон хæсты рæстæг, Аргентинæйы президент Хуан Перон дипломатон æмахастытæ дардта «Сæмæны бæстæтимæ». Чейы ныййарджытæ Перроны режимы ныхмæ арæзт уыдысты. Афтæ Селийæйы æрцахстой Пероны ныхмæ демонстрацийы куы рацыд Кордовейы. Уый йедтæмæ ма йæ лæг дæр уыди уыцы къорды; сæ хæдзары арæзтой демонстрацитæн сайæн сармадзантæ. Дзæвгар фæныфсхастдæр сты республиконтæ, Советон Цæдис Сталинграды тохы фæуæлахиз, зæгъгæ, уый куы фехъуыстой, уæд.
[баив æй] Балц Хуссар Америкæйыл
Биохимийы дохтыр Альберто Гранадосимæ (æмбæлттæ йæ фæсномыгæй хуыдтой Миал), аст мæйы дæргъы 1952-æм азы февралæй августмæ Эрнесто Геварæ балцы æрзылди Латинаг Америкæйы бæстæтыл: Чили, Перу, Колумби æмæ Венесуэлæйыл. Гранадос дзы æхсæз азы хистæр уыд. Рацæугæ уыди провинци Кордовæйы хуссары цы бынат Эрнандо и, уымæй. Фæци фармацевтон факультет, архайдта хъотыр дзæбæх кæныны проблемæйыл. Университеты ма фæци æртæ азы, уый фæстæ йын лæвæрд æрцыд биохимийы докторы ном. 1945-æм азæй райдыдта кусын лепрозорийы, кæцыйæ Кордовæмæ хъуыди 180 километры. 1941-æм азы базонгæ ис Эрнесто Геварæимæ, кæцыйыл цыдис уæд æртындæс азы, йæ ’фсымæр Томасы уылты — Эрнестойы æмкъласонимæ колледжы Деан-Фуанс. Арæх райдыдта цæуын Чейы ныййарджыты хæдзармæ мæ сын сæ хъæздыг библиотекæйæ пайда кодта. Дыууæйæ дæр тынг уарзтой кæсын стæй, цы бакастысты, ууыл ныхас кæнын æмæ слымæн сты. Гранадос йе ’фсымæрттимæ арæх тезгъо кодтой хæхбæсты, Кордовæйы алфамбылай цы быннæттæ и, уым. Мусонгтæ-иу арæзтой уæлдæфы æмæ Чейы ныййарджытæ, хæххон уæлдæф йын феххуыс уыдзæн йæ тохы астмæимæ зæгъгæ, арæх æй уагътой семæ.
Эрнесто медикон факультеты куы ахуыр кодта, уæд йæ бинонтæ дæр Буэнос-Айресы цард. Аллергийы иртасæн институты стажировкæ куы кодта, уæд æм йæ цæст дардта аргентинаг ахуыргонд дохтыр Писани. Уыцы рæстæг йæ бинонтæм æхца нæ фаг кодта æмæ Эрнесто ахуыр йедтæмæ ма куыста библиотекæйы. Улæфыны рæстæг Кордовамæ ’рцæугæйæ-иу бабæрæг кодта Альберто Гранадойы лепрозорийы, æххуыс ын кодта фæлварæнтæ æвæрын, хъотыры ныхмæ ног методтæ рабæрæг кæныныл. Иу ахæмы куы ’рцыд 1951-æм азы сентябры, уæд йын Гранадос йæ хъуыды схъæр кодта, цæмæй иумæ Хуссар Амеркæйыл балцы ацæуой. Гранадосы фæндыди алыхуызон бæстæты лепрозорийтæ сбæрæг кæнын, сæ куыстимæ лæмбынæгдæр базонгæ уæвын æмæ, гæнæн ис, чиныг ныффыссын. Эрнесто тынг цымыдисагæй сразы ис, фæлæ ракуырдта, цæмæй фæлæууой цалынмæ йæ радон экзаментæ фæуой, уæдмæ. Уыцы рæстæг фæстаг курсыл ахуыр кодта. Эрнестойы ныййарджытæ цæхгæрмæ не слæууыдысты, фæлæ домæн сæвæрдтой — цæмæй азæй фылдæр ма бафæстиат уа æмæ рауагъды экзаментæм æрыздæха.
1951-æм азы 29 декабры, тынг байдзаг кодтой Альберто Гранадойы дæрдджын мотоцикл хъæугæ дзаумæттæй, æвæргæ мусонгæй, хъæццултæй æмæ æндæртæй. Уыдонимæ ма райстой къамисæн æмæ дамбаца дæр, æмæ араст сты балцы. Фæндагыл бацыдысты абæрæг кæнынмæ Чинчинæйы — уый сын радта 15 доллæры мæ бафæдзæхста хызгонд къаба йын æрласын. Эрнесто йын балæвар кодта къæбыла æмæ йæ схуыдта «Камбэк» ома дам «раздæх». Хæрзбон загътой Эрнæстойы ныййарджытæн дæр. Гранадос мысыди:
| Ницыуал нæ уырæдта Аргентинæйы æмæ араст стæм Чилимæ — фыццаг фæсарæйнаг бæстæм нæ фæндагыл. Провинци Мендосæйы, (ам раздæр Чейы фыдæлтæ цардысты) базылдыстæм иу цалдæр гасиендæмæ, кастыстæм куыд цæрынц æмæ кусынц нæ гаучотæ. Уыцы провинци куы аивгъуыдта, уæд азылдыстæм хуссарырдæм дарддæр Андты цъуппытæй. Уыцы рæтты нæ хæррæгъ дыууæцалхон Росинант нæ бафæрæзтаид. Дзæвгар тухитæ кæнын нæ бахъуыд. Мотоцикл фæд-фæдыл саст мæ йæ хъуыди цалцæг кæнын. Уый бæрц йыл нæ цыдыстæм, нæхиуыл æй цас фæластам. |
Æхсæвиуат-иу бакодтой хъæды кæнæ быдыры, хæринагæн æхца куыстой æнæбары куыстытæй: æхсадтой хæрæндæтты къустæ æмæ мигæнæнтæ, дзæбæх кодтой зæхкусджыты, кæнæ фосы дохтыртæй дæр-иу акуыстой, цалцæг кодтой радиоисæнтæ, куыстой уаргъæвæрджытæй, уаргъхæсджытæй кæнæ матростæй. Лепрозориты-иу куы уыдысты, уæд-иу уым сæ коллегæты фæхайджын кодтой сæ фæлтæрддзинадæй; уым-иу фæндагæй дæр бауылæфыдысты. Геварæ æмæ Альберто Гранадо нæ тарстысты низы бахæцынæй, æмæ тигъ нæ кодтой сæхи хъотырæй рынчынтыл.
1952-æм азы 18 февралы æрбахæццæ сты Чилимæ, сахар Темукомæ. Бынæттон газет «Диарио Аустраль» ныммыхуыр кодта уац, кæцыйы сæргонд уыд: «Дыууæ аргентинаг эксперты-лепролоджы цæуынц Хуссар Америкæйыл мотоциклыл». Гранадойы мотоцикл бынтон асасти Сантьягомæ хæстæг, уый фæстæ сæ фæндаг сарæзтой порт Вальпараисомæ — уырдыгæй сæ фæндыди бахауын Куадзæны сакъадахы лепрозоритæм. Фæлæ бынаты куы базыдтой, наумæ азы ’рдæг æнхъæлмæ кæсын хъæуы, уæд хорзау нал фесты æмæ сæ фæндтæ аивтой. Дарддæр кæм фистæгæй кæм æмвæндаггонтимæ, кæм поездтыл æмæ наутыл бахæццæ сты зды æрзæткъахæнмæ Чукикаматы, кæцыйы хицау уыди АИШ-ы компани «Браден коппер майнинг компани», æмæ уым бауат кодтой æхсæв халагъурты къазармæйы. Перуйы базонгæ сты индейаг кечуайæгты æмæ аймарайæгты цардимæ, уыцы рæстæджы зæххыты хицæутты эксплуатацийы бын уыдысты æмæ сæ хормаг гуыбынтæ коккæйысыфтæй сайдтой. Сахар Кускойы Эрнесто сахатгай касти бынæттон библиотекæйы чингуытæ Инкты империйы тыххæй. Цалдæр боны арвыстой рагон сахар Мачу-Пикчуйы хæлддзæгты. Рагон кувæндоны кусартгæнæн бынаты сбадгæйæ, райдыдтой мате нуазын æмæ дзымандытæ кæнын. Альберто Гранадо мысыди Эрнестоимæ куыд ныхас кодтой:
|
«Афтæ ма бакæнæм, ме ’мбал, æмæ ам баззайæм. Æз ракурдзынæн индейаг чызг инкты уæздан бинонтæй, мæхæдæг мæхи император рахондзынæн, æмæ Перуйы сæргълæууæг суыдзынæн, дæу та скæндзынæн премьер-министр, æмæ иумæ социалон революци сараздзыстæм». Че загъта: «Ды æрра дæ, Миал, революци æнæ гæрæхтæй нæ фæкæнынц!» |
Мачу-Пикчуйæ араст сты хохаг хъæу Уамбомæ, фæндагыл бабæрæг кодтой перуйаг дохтыр-коммунист Уго Песчейы лепрозорий. Уый сæм хорз фæкасти, базонгæ сæ кодта хъотыр дзæбæх кæнынæн ног методтимæ, æмæ сын ныффыста рекомендателон фыстæг стыр лепрозориймæ сахар Сан-Паблойы цур, Перуйы провинци Лоретойы. Хъæу Пукальпæйæ цæугæдон Укайалийыл сбадтысты науыл, æмæ бæлцæттæ араст сты порт Икитосмæ Амазонкæйы былтыл. Икитосы бафæстиат сты Эрнестойы астмæйы ныббырст кæй æрцахста, æмæ йæ госпитæлы цасдæр рæстæг кæй бахуыссын кодта, уымæ гæсгæ. Сан-Паблойы лепрозориймæ куы бахæццæ сты уæд Гранадос æмæ Геварæйыл тынг бацин кодтой, æмæ сæ бахуыдтой рынчынты дзæбæх кæнынмæ лепрозорийы лабораторимæ. Рынчынтæ, цæмæй бæлццæты лæггад истæмæй бафидой, уый тыххæй сын сарæзтой тъиуи (хъæдбаст), æмæ йæ схуыдтой «Мамбо-Танго» цæмæй йыл сæ фæндаджы радон бынатмæ, Амазонкæйыл колумбиаг порт Летисимæ ныххауой.
21 июны 1952 азы, сæ дзаумæттæ тъиуийыл сæвæргæйæ. Геварæ йе ’мбалимæ араст сты дæлæмæ Амазонкæйыл Летисийы æрдæм. Къамтæ исгæйæ æмæ боныджы фысгæйæ æнæнхъæлæджы Летицийы рæзты аивгъуыдтой æмæ сæ бахъуыди бæлæгъ æлхæнын ’мæ фæстæмæ здæхын Бразилийы зæххытыл. Фæллад æмæ гуырысхойаг хуыз кæй уыдысты уый тыхæй дыууæйæ дæр бахаудтой ахæстонмæ. Гранадосы ныхæстæм гæсгæ пъæлицæйы хицау, къахпорти уарзта, æмæ зыдта Аргентинæйы уыцы хъазты сгуыхтыты тыххæй. Уымæ гæсгæ сæ куы базыдта, аргентинæгтæ сты, уæд сæ суагъта фæлæ ахæм домæнимæ: цæмæй бынæттон футболон клубы сæргълæууæг суой. Клуб районы ерысты фæуæлахиз — æмæ сын адæм дыууæ билеты райстой цæмæй хæдтæхæгыл Колумбийы сæйраг сахар Боготамæ атæхой. Колумбийы уыцы рæстæг архайдта «Виоленси» президент Лауреано Гомесы кæцыйы мидис уыд тыхæй сæттын зæхкусджыты змæстытæ. Геварæ æмæ Гранандос та уайтагъд ахæстоны балæууыдысты, фæлæ, дзырд раттой — уайтагъд Колумбийæ ацæуын — æмæ ссæрибар сты. Зонгæ студенттæй фæндаггаг райсгæйæ автобусыл араст сты сахар Куктумæ, Венесуэлæйы арæнты цур. Уым æмбæстон хиды уылты ахызтысты арæны сæрты æмæ бахæццæ сты сахар Сан-Кристобалмæ Венесуэлæйы. 1952 азы 14 июлы бахæццæ сты Каракасмæ.
Гранандос баззади кусын Венесуэлæйы Каракасы лепрозорийы (кæцы йын мызд ныффидар кодта АИШ-ы доллæртæй 800), æмæ уым базонгæ йæ мойаг — Хулияимæ. Чейы иунæгæй хъуыди æрæздæхын Буэнос-Айресмæ. Æнæнхъæлæджы фембæлгæйæ йæ дард бавæййаг хæстæгимæ — бæхты уæйгæнæгимæ, Эрнесто хæдтæхæгыл атахт бæхты къордимæ Каракæсæй Майамимæ, уырдыгæй та хъуамæ Маракаибойы уылты æрыздæхтаид Буэнос-Айресмæ. Фæлæ Майамийы Че бафæстиат мæйы бæрц. Балхæдта Чинчинæйæн хызгонд къаба дæр, фæлæ йæхæдæг Майамийы цард æнæ ’хцайæ, йæ рæстæг æрвитгæйæ бынæттон библиотекæйы. 1952 азы августы Эрнесто аст мæйы фæстæ æрыздæхт Буэнос—Айресмæ. Ам йæхи райдыдта цæттæ кæнын фæлвæрæнтæм, стæй фыссын дипломон куыст аллергийы проблемæтыл. 1953-æм азы Геварæ райста дохтыр-хирургы диплом дерматологийы. Æфсадмæ йæ нæ фæндыди æмæ ихон доны ныббыргæйæ йæхимæ астмæйы ныббырст расайдта, æмæ æфсадмæ нæбæзгæ адæймагыл нымад æрцыди. Медикон ахуырады диплом йæ къухты, афтæмæй хъавыди Каракасы венесуэлаг лепрозориймæ йе ’мбал Гранандосмæ ацæуын, фæлæ цард куыд равдыста, афтæ фембæлдзысты афтиддæр 1960 азы Кубæйы.
[баив æй] Дыккаг балц Латинаг Америкæйы бæстæтыл
Эрнесто Венесуэлæмæ араст ис Боливийы сæйраг сахар Ла-Пасы уылты. Цы поездыл рацыд, уый хуынди «æхсыры конвой» (поезд уырæдта аллы ран æмæ-иу дзы фермертæ сывгæдтой се ’хсыры битæдтæ). 9 апрелы 1952 азы Боливийы æрцыд нымадæй 179-æм революци, йæ архайджытæ уыдысты æрзæткъахджытæ æмæ зæххкусджытæ. Цы парти фæуæлахиз ис, уый хуынд «Националон революционон змæлд», йæ сæргълæууæг та уыд президент Пас Эстенсоро. Уыдон снационализаци кодтой къалайы æрзæткъахæнтæ (бафыстой сæ раздæры хицæуттæн фæсарæйнаг компанитæн компенсацитæ), сарæзтой милицæ зæххкусджытæй æмæ æрзæткъахджытæй, бацархайдтой аграрон реформæйыл. Боливийы Че уыди индейæгты хæххон хъæуты, арзæткъхджыты цæрæнрæтты, æмбæлыди хицауады архайджытимæ. Куыста информаци æмæ культурæйы феткъдаруаты, æмæ аграрон реформæйы аразæн ведомствæйы. Бабæрæг кодта индейаг кувæндæтты хæлддзæгтæ Тиауанаку йы, фурд Титикакæйы былтыл, систа дуне къамтæ кувæндон «Хуры дуар»ы, кæцыйы рагон цивилизацийы индейагтæ куывтой хуры бардуаг Виракочемæ.
Ла-Пасы Эрнесто базонгæ ис адвокат Рикардо Рохойымæ, уый йæ хуыдта иумæ ацæуын Гватемалæмæ, фæлæ Че сразы и цæуын афтиддæр Колумбийы онг, уымæн æмæ йæ зæрдæйы нырма уыди Каракæсы лепрозориймæ бахауын. Рохо хæдтæхæгыл атахт Перуйы сейраг сахар Лимæмæ, Эрнесто та автобусыл йе 'мцæуæг - аргентинаг студент Карлос Ферерайымæ æрзылдысты Титикакæйы былтыл, æмæ æрхæццæ сты Перуйы сахар Кускомæ, ам Эрнесто йæ фыццаг балцы рæстæг нырид уыди. Арæнгæсты бауырæды фæстæ (байстой сын сæ чингуытæ Боливийы революцийы тыххæй) æрхæццæ сты Лимæмæ, кæм баиу сты Рохоимæ. Лимæйы фестиат кæнын уыди тæссаг политикон уавæрты тыххæй инæлар Одриайы сæргълæууды азты. Балцгæнджытæ - Рохо, Феррер æмæ Эрнесто автобуцыл ацыдысты Сабыр фурды былтыл Эквадормæ, æмæ йæ арæнтæм бахæццæ сты 26 сентябыры 1953 азы. Гуаякилы визæтæм бацыдысты Колумбийы минæвардонмæ, фæлæ сæ консул бацагуырдта хæдтæхæгмæ билеттæ сæм куыд уа Боготайы онг. Консулмæ тæссаг касти, æртæ фесарæйнаджы автобуцыл æнæхъæн бæстæйы уылты цыд, уымæн æмæ Колумбийы гыццыл раздæр æрцыд хæстон змæст, инæлар Рохас Пинилья баивта сæргълеууæг Лауреано Гомесы. Æмбæлттæм æхца нæ уыд хæдтæхæгыл тæхынмæ, æмæ бацыдысты бынæттон социалистон партийы архайæгмæ æмæ йын бавдыстой Сальвадор Альендейы рекомендацион фыстæг. Уый уылты самал кодтой лæвар билеттæ «Юнайтед фрут компани»-йы пароходмæ Гуаякилæй Панамæмæ.
[баив æй] Гватемалæ
Рохойы ныхæстæм хъусгæйæ, стæй прессæйы цы уацтæ фæзынд АИШы ныббырсты тыххæй Арбенсы ныхмæ, уыдон фенгæйæ, Эрнесто араст ис Гватемалæмæ. Арбенсы хицауад парламенты уылты закъон сфидар кодта, æмæ уыцы закъонмæ гæсгæ «Юнайтед фрут компани»-йыл чи куыста уыдонæн сæ мызд æрцыд дыууæ хатты уæлдæргонд. Зæххы хицæуттæй экспроприацигонд æрцыд 554 мин гектары зæххытæ уыдонæй «Юнайтед фрут компани»-йы зæххытæ 160 мин гектары. Гуякилæй Эрнесто арвыста фыстæг Гранадомæ фыстæг: «Саби! Цæуын Гватемалæмæ. Уыйфæстæ дæм ныффысдзынæн.» Панамæйы Геварæ æмæ Феррер ныффæстиат сты се ’хца фæуды тыххæй, Рохо дарддæр араст Гватемалæмæ. Геварæ та ауæй кодта йæ чингуытæ æмæ бынæттон журналы ныффыста цалдæр уацы Мачу-Пикчуйы тыххæй æмæ Перуйы æндæр историон диссæгты тыххæй. Сан-Хосемæ (Коста-Рикæ) ацыд æмцæуæг уæзласæн хæдтулгæйыл, кæцы фæндагыл тропикон уарыны тыххæй сфæлдæхт, уый фæстæ Эрнесто иу цасдæр зынтæй архайдта йæ галиу къухæй. Сан-Хосемæ бахæццæ сты декабыры райдианты. Уым Эрнесто базонгæ йы Венесуэлæйы парти «Демократон архайд» æмæ уыцы паддзахады фидæны сæргълæууæг Ромуло Бетанкуримæ, æмæ сæ хъуыдытæ разындысты бынтон фæйнæхуызон, æмæ ма базонгæ фыссæг Хуан Бошимæ Доминикæйы республикæйæ уый дæр фæстæдæр сси бæстæйы сæргълæууæг. Базонгæ ма ис уыцы ран кубæгтимæ - Батисты ныхмæлæууджытимæ.
1953-æм азы кæрон Геварæ йæ зонгæтимæ Аргентинæйæ рацыдысты Сан-Хосейæ Сан-Сальвадормæ автобусыл, стæй æмцæуæг хæдтулгæтыл. 24 декабры бахæццæ сты Гватемалæмæ, денджызы æмвæзадæй 1800 метрæй уæлдæр чи уыди, ахæм сæйраг сахармæ æмном бæстæйы. Йæ къухты уыдысты рекомендацион фыстæджытæ Гватемалæйы архайджытæм, æмæ фыстæг Лимæйæ революционер Ильдæ Гадеамæ. Эрнесто райдыдта Ильдæйы агурын æмæ йæ ссардта пансионат «Сервантес»-ы æмæ уым йæхæдæг дæр æрбынат кодта. Иу цæстæнгас цын разынд æмæ иухуызон бæллицтæ кæрæдзимæ æрбахæстæг кодтой фидæны мойæгты. Фæстæдæр Ильдæ мысыди куыд æм фæкаст Геварæ:
|
Дохтыр Эрнесто Геварæ мæ дисы баппæрста куыддæр ныхæстæ кæнын райдыдтам — йæ зондæй, йæ цæстæнгасæй æмæ марксизм зонынæй. Буржуазон бинонтæй рацæуæг, йæ къухты дохтыры диплом афтæмæй, æнцонтæй скодтаид йæ райгуырæн бæстæйы карьерæ, куыд кæнынц нæ бæстæты иууылдæр специалисттæ — уæлдæр ахуырад райсджытæ. Афтæмæй та йæ фæндыд тæккæ æдзæллагдæр районты кусын, лæварæй дæр, цæмæй дзæбæх кæна хуымæтæг адæмы. Фæлæ æппæты тынгдæр мæ зæрдæмæ фæцыд цы цæстæнгасæй касти медицинæмæ. Тынг мæстыйæ дзырдта, цы уавæрты æмæ цы мæгуырæй федта адæмы цард йæ балцыты Хуссар Америчы алыхуызон бæстæтыл. Хорз æй хъуыды кæнын куыд райдыдтам уый фæдыл ныхас кæнын Арчибальд Кронины роман «Цитадель»-ы тыххæй, æмæ æндæр ахæм чингуыты кæцыты кой цыди дохтыры хæсы тыххæй æнæуый адæмы размæ. Уыцы чингуыты кой кæнгæйæ Эрнæсто ахæм хъуыдымæ æрцыд æмæ дохтыр нæ бæстæты хъуамæ ма уа привилегиджын специалист хъуамæ афтид уæздæтты ма дзæбæх кæна, хъуамæ ма хъуыды кæна æнæхъæугæ хостæ æргъуыдыгонд рынчынтæн. Дохтыр Гевара нымадта — хосгæнæг хъуамæ архайа царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл иууыл адæмæн. Уый та æнæмæнгæй æркæны ахæм дохтыры фауыны бынмæ нæ бæстыты хицауадæй, кæцы бæстыты ма æнæуый дæр олигархийы эксплуатаци тынгæй-тынгдæр кæны æмæ бæрæггкæнын райдта янкиты бацæуындзинад. |
Гватæмалæйы Эрнесто фембæлд Кубæйæ эммигранттимæ, Фидель Кастройы фарс чи лæууыди, ахæмтимæ, уым уыдысты Антонио Лопес Фернандес (Ньико), Марио Далмау, Дарио Лопас — фидæны яхтæ «Гранма»-йыл балцы архайджытæ. Геварæйы уыцы рæстæг фæндыд дохтырæй ацæуын индейæгтæм Гватемалæйы, дарддæр районтæ цы ис, уыдонæй иумæ — Петаны Джунглитæм. Фæлæ Гватæмалæйы хицауад йæ нæ ауагъта, фыццаг, дам, дæ дохтыры диплом азы дæргъы сфидар кæ. Æнæнхъæлæджы куыстытæ, уацтæ газеттæм, чингуыты уæй кæнгæ (кæдон Ильдæйы ныхæстæм гæсгæ арæхдæр уæй нæ кодта фæлæ кæсгæ) уагътой йæ цæрынæн æхца амал кæнын. Гватæмалæйыл зилгæйæ хызынимæ, зонгæ кодта рагон индейаг майяты культурæимæ. Архайдта фæсивæды организаци «Патриотон куысты фæсивæд»-имæ.
1954-æм азы 17 июны æрцыди бабырст гæрзифтонг къордты Армаса Гондурасæй Гватæмалæйы зæххытæм, байдыдтой Арбенцы хицауады фарслæууджыты фæхсттæ, сæйраг сахары æмæ иннæ сахарты бомбардировкæтæ. Эрнесто Ильдæйы ныхæстæм гæсгæ куырдта хицауадæй цæмæй йæ арвитой, хæст кæм цыд, уыцы районтæм, æмæ сидти хæдæфсад саразынмæ. Уыди уæлдæфныхмæ хахъхъæныны къорды архайæг, хæцæнгарз æххуыс кодта ласын. Марио Дальмау дзырдта: «Патриотон куысты фæсивæдимæ хъарагъул кæны арты æмæ срæмыгъдты астæу, йæхи мæлæтдзаг тасы бын æвæры». Эрнесто Гевара бахауди «Тæссаг коммунистты» номхъыгъдмæ, кæдон хъуамæ æрцыдаиккой мард Арбенсы æрхауды фæстæ. Аргентинæйы минæвар йын радзырда ацы тæссаг уавæры тыххæй пансионат «Сервантес»-ы, æмæ бахъардта цæмæй саккаг кæной минæварады æмбæхсæнæй, кæцыйæ Эрнесто спайда кодта Арбенсы фарслæуджыты къордимæ. Уый фæстæ минæвары æххуысæй Гватæмалæйæ ацыд æмæ поездыл араст ис Мехикомæ амбæлццон Патохоимæ (Хулио Роберто Касерес Валье).